Ӕмбисӕндтӕ 12:1—28

12  Зондамынд чи уарзы, уый уарзы зонындзинӕдтӕ дӕр+, уайдзӕфӕй йе сӕфт чи уыны, уый та у ӕнӕзонд+.  Хорз адӕймаг ссары Йегъовӕйы хорзӕх+, фыдвӕндтӕ чи кӕны, ахӕм адӕймаджы та Хуыцау схоны фыдгӕнӕг+.  Фыддзинады фӕрцы иу адӕймаг дӕр не ’рфидар уыдзӕн+, рӕстгӕнджыты уидӕгтӕ та нӕ фенкъуысдзысты+.  Хорз ус йӕ сӕрыхицауӕн у кадыхуд+, худинаджы митӕ чи кӕны, ахӕм ус та – стӕгниз+.  Рӕстгӕнджытӕн сӕ хъуыдытӕ сты раст+, фыдгӕнджыты разамынд та у мӕнг+.  Фыдгӕнджыты ныхӕстӕ искӕй размӕ бабадынц, йӕ туг ын ныккалӕм+, зӕгъгӕ, рӕстзӕрдӕ адӕмы ныхӕстӕ та сты ирвӕзындзинад+.  Фыдгӕнӕджы раппӕрстой ӕмӕ нал ис+, рӕстгӕнджыты хӕдзар та лӕудзӕн фидар+.  Ӕмбаргӕ адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ ӕрхӕсдзысты кад+, йӕ зӕрдӕ хӕлд кӕмӕн у, уый та фегад уыдзӕн+.  Фӕлтау хуымӕтӕг адӕймаг у, ӕмӕ дын лӕггадгӕнӕг уӕд, цӕйнӕфӕлтау дӕхицӕй ӕппӕлай, ӕмӕ дӕм къӕбӕр дӕр ма уа+. 10  Рӕстгӕнӕг тыхсы йӕ фосыл дӕр+, фыдгӕнджытӕн та сӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад дӕр ӕгъатыр у+. 11  Йӕ зӕхх чи бакусы, уый дзулӕй бафсӕды+, ӕнӕпайда хъуыддӕгты фӕдыл чи цӕуы, уый та у ӕнӕзонд*+. 12  Фыдгӕнӕг бӕллы, ӕвзӕр адӕмы хызы цы бахауы, уымӕ+, рӕстгӕнджытӕ та сӕхӕдӕг хӕссынц дыргъ+. 13  Ӕвзӕр адӕймаг йӕ дзыхы тыххӕй къӕппӕджы бахауы+, рӕстгӕнӕг та бӕллӕхӕй фервӕзы+. 14  Адӕймаг йӕ дзыхы дыргъы фӕрцы хорздзинадӕй бафсӕддзӕн+, ӕмӕ йӕхи къухтӕй цы сараза, уый йӕм фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн+. 15  Ӕнӕзондмӕ йӕ фӕндаг раст кӕсы+, уынаффӕмӕ чи хъусы, уый та у зондджын+. 16  Ӕнӕзонд уайтагъд рамӕсты вӕййы+, ӕмбаргӕ адӕймаг та ӕфхӕрд ницӕмӕ ӕрдары+. 17  Йӕ дзыхӕй раст ныхас кӕмӕн цӕуы, уыцы адӕймаг зӕгъдзӕн, раст цы у, уый+, мӕнгӕвдисӕн та кӕны сайгӕ+. 18  Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау+, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос+. 19  Рӕстдзинад чи дзуры, уый+ уыдзӕн ӕнустӕм+, мӕнг чи дзуры, уый та бирӕ нӕ ахӕсдзӕн+. 20  Фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы ис мӕнгдзинад+, адӕмимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон та цин кӕнынц+. 21  Рӕстгӕнӕгыл ӕвзӕрӕй ницы ӕрцӕудзӕн+, фыдгӕнджытӕ та бӕллӕхтӕй цух нӕ уыдзысты+. 22  Мӕнг ӕвзаг Йегъовӕйӕн ӕнад у+, рӕстӕй чи архайы, уыдон та адджын сты йӕ зӕрдӕйӕн+. 23  Ӕмбаргӕ адӕймаг йӕ зонындзинӕдтӕ ӕмбӕхсын зоны+, ӕнӕзонды зӕрдӕ та йе ’нӕзонддзинад рахъӕр кӕны+. 24  Куыстуарзаг адӕймаджы къухы уыдзӕн бартӕ+, зивӕггӕнаджы къухтӕ та кӕндзысты цагъары куыст+. 25  Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы+, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы+. 26  Рӕстгӕнӕг лӕмбынӕг кӕсы, кӕй ӕхсӕн уыдзӕн, уымӕ, фыдгӕнджыты фӕндаг та ахӕм у, ӕмӕ ныдздзӕгъӕлтӕ вӕййынц+. 27  Зивӕггӕнаг адӕймаг сырд не ’рцахсдзӕн+, куыстуарзаг уай, уый та у адӕймагӕн йӕ хъӕздыгдзинад. 28  Рӕстдзинады фӕндагыл ис цард+, ӕмӕ уыцы фӕндаг мӕлӕтмӕ нӕ кӕны+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уымӕн та зӕрдӕ нӕй».