БИОГРАФИ
Зондджынтимӕ цыдтӕн, ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн
БИРӔ азты размӕ иу уазал райсом цалдӕр адӕймагимӕ зыр-зыр кӕнгӕйӕ лӕууыдтӕн их скъӕты. Уый уыди Брукингсы (штат Хуссар Дакотӕ, АИШ). Ахӕм уазал уыд, ӕмӕ уӕнгты хызти, ӕмӕ бӕрӕг уыд, тагъд зымӕг кӕй ралӕудзӕн. Нӕ разы уыд фосӕн дондарӕн бӕлӕгъ, ӕмӕ йӕ мидӕг та уыд уазал дон! Фӕлӕ уал хуыздӕр уыдзӕн, мӕ царды хабӕрттӕ уын куы ракӕнин, ӕмӕ уӕд бамбардзыстут, уым цӕмӕн лӕууыдыстӕм, уый.
МӔ БИНОНТӔ
Ӕз райгуырдтӕн 1936 азы 7 мартъийы. Цыппар сывӕллонӕй ӕз уыдтӕн кӕстӕр. Мах цардыстӕм иу гыццыл фермӕйы, штат Хуссар Дакотӕйы скӕсӕнырдыгӕй. Кӕд нӕ бинонтӕ зӕххы куыст кодтой ӕмӕ фос дардтой, уӕддӕр нӕ царды ӕппӕты сӕйраг уый нӕ уыд. 1934 азы мӕ ныййарджытӕ донаргъуыд райстой ӕмӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон сӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтой, ӕмӕ сын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын уыди сӕ царды ӕппӕты сӕйраг. Уыди нын гыццыл ӕмбырд горӕт Конды (штат Хуссар Дакотӕ), ӕмӕ дзы мӕ фыд Кларенс уыди ӕмбырды лӕггадгӕнӕг (ныр хуыйны хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор). Фӕстӕдӕр та уыцы хӕстӕ ӕххӕст кодта мӕ фыдыфсымӕр Альфред.
Нӕ бинонтӕ ӕмбырдтӕ никуы цух кодтой. Стӕй ӕдзухдӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтам, Библи нын цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры ныфс, уый тыххӕй хорз хабар. Нӕ ныййарджытӕ нӕ кӕй ахуыр кодтой ӕмӕ нын сӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг кӕй уыдысты, уый фӕрцы Йегъовӕйы бауарзтам. Мӕ хо Дороти ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сси, 6 азы йыл куы цыди, уӕд. Стӕй мӕныл дӕр 6 азы куы сӕххӕст, уӕд ӕз дӕр сдӕн ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг. 1943 азы фӕзынд Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола, ӕмӕ дзы ӕз дӕр мӕхи ныффыстон.
Нӕ царды ма ахсджиаг бынат ахстой конгресстӕ дӕр. Ныр дӕр ма хъуыды кӕнын 1949 азы конгресс Су-Фолсы (штат Хуссар Дакотӕ). Ӕфсымӕр Грант Сьютерӕн дзы уыд раныхас «Ацы дунейы кӕрон, куыд ӕнхъӕл стут, уымӕй хӕстӕгдӕр у!». Уый дзырдта, йӕхи Йегъовӕйӕн чи
снывонд кодта, уыцы чырыстӕттӕ иууылдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ хъусын кӕной. Йӕ раныхас мӕ сразӕнгард кодта мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ. Донаргъуыд та райстон иннӕ конгрессы Брукингсы, 1949 азы 12 ноябры. Ӕмӕ, гыццыл раздӕр цы уазал скъӕты кой кодтон, уым дӕр уый тыххӕй лӕууыдыстӕм. Цыппарӕй лӕууыдыстӕм ӕмӕ донаргъуыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм. Стыр ӕфсӕйнаг бӕлӕгъ та нын уыд бассейны бӕсты.Уый фӕстӕ сфӕнд кодтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ 1952 азы 1 январы, 15 азы мыл куы цыд, уӕд, уый мӕ къухы бафтыд. Библийы фыст ис: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын» (Ӕмб. 13:20). Мӕ бинонты ’хсӕн ахӕм зондджын адӕм бирӕ уыд, ӕмӕ мӕ уыдон дӕр пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кодтой. Хъусын кӕнынмӕ-иу арӕх цыдтӕн мӕ фыдыфсымӕр Джулиусимӕ. Цыди йыл 60 азы, ӕмӕ кӕд мӕнӕй бирӕ хистӕр уыд, уӕддӕр иумӕ хъусын кӕнын тынг уарзтам. Уый царды бирӕ цыдӕртӕ федта, ӕмӕ дзы бирӕ хорз цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Мӕ хо Дороти дӕр фӕстӕдӕр сси пионер.
РАЙОНОН ЦӔСТДАРДЖЫТӔ МЫН ӔХХУЫС КОДТОЙ
Рӕзгӕ кары ма куы уыдтӕн, уӕд-иу мӕ ныййарджытӕ нӕхимӕ арӕх фӕхуыдтой районон цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ бинойнӕгты, цӕмӕй-иу махмӕ ӕрлӕууыдаиккой. Уыдонӕй иутӕ уыдысты Джесси ӕмӕ Линн Кантуэлл. Тынг мын ӕххуыс кодтой, мӕ ныфсыл мын ныфс ӕфтыдтой. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ мӕ уыдонмӕ гӕсгӕ дӕр бафӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын. Махмӕ хӕстӕг-иу ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтой, уӕд-иу мӕ иуӕй-иу хатт семӕ хъусын кӕнынмӕ акодтой. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди семӕ хъусын кӕнын! Ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй ӕз дӕр уыдонау Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтаин.
Кантуэллты бинонты фӕстӕ та нӕ бӕрӕг кодтой Бад ӕмӕ Джоан Миллер. Уӕдмӕ мыл сӕххӕст 18 азы, ӕмӕ мӕм хъуамӕ ӕфсадмӕ фӕсидтаиккой. Военкоматы къамис мӕ цы куыстмӕ ӕрвыста, ууыл куы сразы уыдаин, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдаид, ӕмӕ Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ политикӕйы нӕ архайын. Стӕй мӕ фӕндыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Иоан. 15:19). Ӕмӕ къамисӕн загътон, цӕмӕй мӕ дины кусӕгыл банымадтаиккой.
Ӕз тынг бацин кодтон, ӕфсымӕр Миллер мын куы загъта, мемӕ военкоматмӕ къамисимӕ фембӕлынмӕ кӕй ацӕудзӕн. Уый уыд дзырдарӕхст ӕмӕ ныфсхаст адӕймаг, стӕй Фыстад дӕр хорз зыдта. Ахӕм ӕфсымӕр мӕ фарсмӕ кӕй уыд, уый мӕ ныфс куыннӕ уагъта! Ӕмӕ мӕ уыцы фембӕлды фӕстӕ, 1954 азы сӕрды кӕрон, къамис дины кусӕгыл банымадта. Уый фӕстӕ мын фӕзынд фылдӕр фадӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн.
Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр мӕ фӕхуыдтой Вефилмӕ, ӕмӕ кӕм куыстон, уый уӕд хуынди Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы фермӕ. Уыди сакъадах Статен-Айлендыл (штат Нью-Йорк). Уым лӕггад кодтон ӕртӕ азы бӕрц, ӕмӕ дзы базонгӕ дӕн ӕмӕ куыстон бирӕ зондджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ.
ЛӔГГАД КӔНЫН ВЕФИЛЫ
Сакъадах Статен-Айлендыл нын цы фермӕ уыд, уым ма уыди Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы радиостанцӕ дӕр (WBBR). Уыцы радиостанцӕйӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кодтой 1924 азӕй 1957 азмӕ. Вефилы бинонтӕй фермӕйы куыстой ӕрмӕстдӕр 15–20 адӕймаджы. Ӕмӕ нӕ фылдӕр уыдыстӕм ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд. Фӕлӕ ма немӕ куыста сӕрст ӕфсымӕр Элдон Вудворт. Уый нын уыд фыды хуызӕн ӕмӕ нӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодта. Хатт-иу кӕрӕдзи куы нӕ бамбӕрстам, уӕд-иу нын ӕфсымӕр Вудворт загъта: «Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмы уылты цы аразы, уый стыр диссаг у».
Немӕ ма лӕггад кодта ӕфсымӕр Фредерик Френц дӕр, ӕмӕ нын уый дӕр уыд стыр арфӕдзинад. Ӕфсымӕр Френц уыд куырыхон зонды хицау ӕмӕ Библи афтӕ хорз зыдта, ӕмӕ диссаг. Стӕй-иу нӕ алкӕмӕн дӕр рӕстӕг ссардта. Хӕринаг та нын кодта Харри Петерсон, фӕлӕ уый йе ’цӕг мыггаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ нын йӕхи мыггаг, Папаргиропулос, дзурын ӕгӕр зын уыди. Уый дӕр уыд сӕрст чырыстон ӕмӕ уацамынды йӕ удӕй арт уагъта. Ӕфсымӕр Петерсон Вефилы йӕ куыст куыд кодта, уымӕй йӕм фау ӕрхӕссӕн нӕ уыд, фӕлӕ дзы хъусын кӕныны хъуыддаг рохуаты никуы баззад. Алы мӕй дӕр-иу цалдӕр сӕдӕ журналы байуӕрста. Уый дӕр Библи хорз зыдта, ӕмӕ-иу нын нӕ фарстатӕй бирӕтӕн дзуапп радта.
БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР ДӔН ЗОНДДЖЫН ХОТӔЙ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы фермӕйы ма кодтам уый куыст дӕр, ӕмӕ-иу зымӕгмӕ кодтам цӕхджынтӕ ӕмӕ вареннӕтӕ. Алы аз дӕр-иу Вефилы бинонтӕн ӕрцӕттӕ кодтам 45 000 банкӕйы бӕрц. Куыстон дзы иу хоимӕ, Эттӕ Хут, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый дӕр ӕцӕг зондджын адӕймаг уыд. Цӕхджынтӕ ӕмӕ вареннӕтӕ кӕнын куыд хъӕуы, уый нын Эттӕ амыдта. Уыцы рӕстӕг-иу нӕм ӕххуыс кӕнынмӕ ӕрбацыдысты бынӕттон хотӕ дӕр, ӕмӕ Эттӕ ӕххуыс кодта сӕ куыст пълан кӕнынӕн. Кӕд уыцы куыст тынг хорз зыдта, уӕддӕр алкӕддӕр бӕрӕг уыд, фермӕйы цӕстдарджыты кӕй нымайы. Ӕмӕ уымӕй не ’ппӕтӕн дӕр уыд фӕзминаг.
Фермӕмӕ-иу ӕххуысмӕ цы ӕрыгон хотӕ ӕрбацыд, уыдонӕй иу уыд Анджелӕ Романо. Рӕстдзинад куы базыдта, уӕд ын Эттӕ ӕххуыс кодта. Гъемӕ 1958 азы апрелы Анджиимӕ нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм ныр 58 азы бӕрц. Анджи-иу алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд, уый фӕрцы кӕрӕдзиимӕ алкӕддӕр уыдыстӕм ӕнгом. Анджи у зондджын сылгоймаг. Ӕз ӕй зонын, ӕмӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр алкӕддӕр мӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн.
ЛӔГГАД КӔНӔМ МИССИОНЕРТӔЙ ӔМӔ ӔМБЫРДТӔ БӔРӔГ КӔНӔМ
1957 азы ӕфсымӕртӕ, сакъадах Статен-Айлендыл нын чи уыд, уыцы радиостанцӕ куы ауӕй кодтой, уӕд цасдӕр рӕстӕг алӕггад кодтон Бруклины Вефилы. Стӕй Анджиимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд мӕ Вефилӕй ацӕуын бахъуыд. Ӕртӕ азы лӕггад кодтам пионертӕй сакъадах Статен-Айлендыл. Суанг ма, радиостанцӕ чи балхӕдта, уыдонмӕ дӕр иу цасдӕр акуыстон.
Анджиимӕ кодтам хуымӕтӕг цард, цӕмӕй нӕ бон уыдаид, не ’ххуыс кӕмдӕриддӕр бахъуыдаид, уырдӕм ацӕуын. Ӕмӕ нӕ 1961 азы снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй Фолс-Ситимӕ (штат Небраскӕ). Уым нырма бирӕ нӕ фестӕм, афтӕ нӕ иу мӕймӕ фӕхуыдтой Бӕрнон ӕфсымӕрты скъоламӕ Саут-Лансингмӕ (штат Нью-Йорк). Уыцы скъолайы нӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ ӕнхъӕлдтам, фӕстӕмӕ нӕ Небраскӕмӕ арвитдзысты. Фӕлӕ нӕ снысан кодтой миссионертӕй Камбоджӕмӕ! Уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм. Уыцы диссаджы бӕстӕ ис Хуссар-Скӕсӕн Азийы. Йӕ ӕрдзы рӕсугъддзинад, ӕнахуыр зӕлтӕ ӕмӕ хӕринӕгтӕ – алцыдӕр нӕ дисы ӕфтыдта. Тынг нӕ фӕндыд уымы адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнын.
Фӕлӕ стӕй Камбоджӕйы политикӕйы уавӕр фӕивта, ӕмӕ нӕ бахъуыд Хуссар Вьетнаммӕ ацӕуын. Уым дыууӕ азы куы фӕлӕггад кодтам, уӕд, хъыгагӕн, тынг фӕрынчын дӕн, ӕмӕ фӕстӕмӕ Иугонд Штаттӕм аздӕхтыстӕм. Бахъуыди иу цасдӕр рӕстӕг, цӕмӕй фӕдзӕбӕхдӕр уыдаин. Ӕмӕ та стӕй фӕстӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам.
1965 азы мартъийы райдыдтон цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. 33 азы дӕргъы уыдтӕн районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарӕг, стӕй ма Анджиимӕ ӕххуыс кодтам конгресстӕ цӕттӕ кӕнынӕн дӕр, ӕмӕ нӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ дӕр нӕ лӕггад тынг цыди. Конгресстӕ тынг уарзтон, ӕмӕ сӕ цӕттӕ кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кодтон, уый мын тынг ӕхсызгон уыд. Цалдӕр азы дӕргъы бӕрӕг кодтам, горӕт Нью-Йоркӕн
йӕхи мидӕг ӕмӕ йӕ алыварс цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдон. Ӕмӕ конгресстӕй бирӕтӕ ацыдысты Нью-Йорчы, стадион «Янки»-йы.НОГӔЙ ТА ВЕФИЛЫ, СТӔЙ НӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫ СКЪОЛАТӔ
Ӕххӕстрӕстӕг сӕрмагонд лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕн сӕ хабар куыд рауад, афтӕ-иу махӕн дӕр нӕ бар бакодтой ног ӕмӕ, ӕнцон чи нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ. 1995 азы мӕ снысан кодтой Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы ахуыргӕнӕгӕй. Ӕртӕ азы фӕстӕ та нӕ фӕхуыдтой Вефилмӕ. 40 азы размӕ ӕххӕстрӕстӕг сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг кӕм сдӕн, уырдӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхын мын ӕхсызгон куыннӕ уыди! Цасдӕр лӕггад кодтон уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады ӕмӕ скъолатӕй цалдӕры уыдтӕн ахуыргӕнӕг. 2007 азы Разамонӕг совет скодта скъолаты хайад, цӕмӕй, Вефилы цы скъолатӕ уагътой, уыдонӕн дзуапп лӕвӕрдтаид. Ӕмӕ цалдӕр азы уыдтӕн уыцы хайады цӕстдарӕг.
Хуыцауы организаци цы скъолатӕ уадзы, уыдоны фӕстаг азты бирӕ цыдӕртӕ фӕивта. 2008 азы фӕзынд Хистӕр нӕлгоймӕгты скъола, ӕмӕ дзы дыууӕ азмӕ Паттерсоны ӕмӕ Бруклины Вефилы сахуыр кодта 12 мин хистӕр нӕлгоймагӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ уыцы скъола цӕуы ӕндӕр рӕтты дӕр. 2010 азы Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола схуыдтой Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн, стӕй ма фӕзынд иу ног скъола, Скъола чырыстон бинонтӕн, зӕгъгӕ.
2014 азы сентябры уыцы дыууӕ скъолайы баиу кодтой, ӕмӕ ног скъола схуыдтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Уыцы скъоламӕ хонынц бинонты дӕр ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр. Бирӕтӕ алы бӕстӕты куы фехъуыстой, ацы скъола сӕ бӕстӕйы дӕр кӕй цӕудзӕн, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Ноджы фылдӕр адӕмӕн алыхуызон скъолаты ахуыр кӕнынӕн фадӕттӕ кӕй фӕзынд, уый ӕцӕгдӕр тынг ӕхсызгон у. Ӕмӕ ахӕм ахуыры тыххӕй бирӕтӕ сӕ цард кӕй аивынц, уый уынгӕйӕ мӕ ныфс бацӕуы.
Уазал скъӕты донаргъуыд куы райстон, уӕдӕй фӕстӕмӕ суанг абоны онг дӕр мӕ цардыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд Йегъовӕйӕн бузныг фӕзӕгъын, рӕстдзинады фӕндагыл цӕуынӕн мын чи ӕххуыс кодта, уыцы зондджын адӕмы тыххӕй. Чи дзы мӕнӕй кӕстӕр уыди, чи – хистӕр, чи та – ӕндӕр адӕмыхаттӕй. Фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ сӕ зондахастӕй бӕрӕг уыди, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзынц. Йӕ организацийы бирӕ ис, нӕ бон «цӕуын» кӕимӕ у, ахӕм зондджын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕз афтӕ кодтон, ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн.