СӔЙРАГ ТЕМӔ | УӔЛӔРВТЫ ЧИ ЦӔРЫ?
Уӕлӕрвты чи цӕры, уыдоны тыххӕй фарстатӕ
Уӕлӕрвтӕ цы сты ӕмӕ дзы чи цӕры, ууыл искуы хъуыды кодтай? Кӕд о, уӕд ӕрмӕст дӕу нӕ фӕнды ацы фарстайӕн дзуапп базонын. Ацы фарстайыл адӕм хъуыды кодтой мингай азты дӕргъы. Иуӕй-иуты уырны, уӕлӕрвты нӕ фыдӕлтӕ кӕй цӕрынц ӕмӕ сын кад кӕнын кӕй хъӕуы. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та уый у, адӕймаг удӕнцой кӕм ссары, ахӕм бынат, ӕмӕ дзы цӕрынц зӕдтӕ, стӕй, хорз адӕмӕй чи амард, уыдон. Ис ма, уӕлӕрвтӕ сӕдӕгай милуан хуыцӕутты цӕрӕнбынат чи хоны, ахӕмтӕ дӕр.
Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, уӕлӕрвты тыххӕй кӕй ницы ис базонӕн, уымӕн ӕмӕ, дам, уырдыгӕй никуы ничи ӕрцыд ӕмӕ, дам, ын ничи ницы зоны. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕу. Йесо Чырысти уӕлӕрвты цард, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ. Фыццаг ӕнусы дины разамонджытӕн комкоммӕ загъта: «Ӕз уӕларвӕй уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, мӕхи цы фӕнды, уый кӕнон, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый». Йӕ апостолтӕн цы загъта, уымӕй дӕр бӕрӕг у, бӕлвырд хабӕртты кой кӕй кодта: «Мӕ Фыды хӕдзары бынӕттӕ бирӕ ис» (Иоанны 6:38; 14:2).
Йесойы Фыд у, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы Хуыцау, ӕмӕ уый дӕр цӕры уӕлӕрвты (Псалом 83:18). Уӕдӕ уӕлӕрвты цы ис, уый нын Йегъовӕ Хуыцауӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр ничи бамбарын кӕндзӕн. Уыдон сӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цы ирд цӕстылуайӕнтӕ лӕвӕрдтой, уыдоны фӕрцы нын уӕлӕрвты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ раргом кодтой.
Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ иуӕй-иу скъуыддзӕгтӕм. Уыдоны дзырд цӕуы адӕм-иу цӕстылуайӕнты цы федтой, ууыл. Куы сӕ кӕсат, уӕд-иу уӕ зӕрдыл дарут, уӕлӕрвтӕ зӕххы хуызӕн кӕй не сты. Зӕххыл цы ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ис цӕстӕй фенӕн ӕмӕ сӕм ис къухӕй бавналӕн. Уӕлӕрвтӕн та сӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон у. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау хабӕрттӕ, ӕрмӕстдӕр зӕдтӕ кӕй бамбӕрстаиккой, ахӕм ныхӕстӕй нӕ ныффыссын кодта. Фӕлӕ иуӕй-иу адӕймӕгтӕн уӕлӕрвтӕ цӕстылуайӕнты ахӕм хуызы равдыста, цӕмӕй сӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй ныффыстаиккой. Уыцы цӕстылуайӕнты фӕрцы базондзыстӕм, уӕлӕрвты цы бирӕ «бынӕттӕ» ис, уыдоны чи цӕры, уый.