СӔЙРАГ ТЕМӔ | УӔЛӔРВТЫ ЧИ ЦӔРЫ?
Цӕстылуайӕнтӕ ӕргом кӕнынц, уӕлӕрвты чи цӕры, уый
Библийы цы диссаджы цӕстылуайӕнтӕ ис фыст, уыдоны фӕрцы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ бон у уӕлӕрвтӕ фенын. Цӕй ӕмӕ сыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм. Ацы цӕстылуайӕнты цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ дын уӕддӕр уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, уӕлӕрвты чи цӕры, уыдоны дӕ цӕстытыл ауайын кӕнай ӕмӕ, дӕ цардыл куыд ӕндавынц, уый базонай.
ЙЕГЪОВӔ У ИУНӔГ СТЫР ХУЫЦАУ
«Уӕлӕрвты лӕууы паддзахбадӕн, ӕмӕ паддзахбадӕныл чидӕр бады. Чи йыл бадти, уымӕн йӕ хуыз уыд яшмӕйы ӕмӕ зынаргъ сырх дуры хуызӕн, паддзахбадӕны алыварс та уыди арвӕрдын, изумруды хуызӕн» (Раргомад 4:2, 3).
«Йӕ астӕуӕй дӕлӕмӕ дӕр уыди арты хуызӕн. Ӕмӕ йӕ алыварс уыд ирд рухс. Тӕрккъӕвда куы рацӕуы, уӕд мигъты ’хсӕн арвӕрдын куыд фӕзыны, афтӕ уыди, йӕ алыварс чи уыд, уыцы рухс. Уый уыди Йегъовӕйы кады хуызӕн» (Йезекил 1:27, 28).
Апостол Иоанн ӕмӕ пехуымпар Йезекил цы цӕстылуайӕнтӕ федтой, уыдоны ирдӕй ӕвдыст цӕуы Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы кад ӕмӕ намыс. Уыдон федтой цӕхӕркалгӕ зынаргъ дуртӕ, арвӕрдын ӕмӕ кадджын паддзахбадӕн, ӕмӕ сӕ махӕн дӕр нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын зын нӕу. Уыдӕттӕй зыны, Йегъовӕ кӕм ис, уым алцыдӕр куыд тынг рӕсугъд у, зӕрдӕ дзы куыд райы ӕмӕ дзы куыд ирд ӕмӕ рухс у, уый.
Ацы цӕстылуайӕнты Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, уый куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у стыр Хуыцау, уый у стыр кады аккаг. Уый адӕймагыл ӕппӕт иннӕ хуыцӕуттӕй тынгдӕр ӕфтауы тас. Адӕмты хуыцӕуттӕ иууылдӕр сты ницӕйаг хуыцӕуттӕ, Йегъовӕ та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ. Йӕ разы – кад ӕмӕ намыс, йӕ кувӕндоны – хъару ӕмӕ рӕсугъддзинад» (Псалом 96:4–6).
Кӕд Йегъовӕ Иунӕг Стыр Хуыцау у, уӕддӕр нын дзуры, цӕмӕй йӕм кувӕм ӕмӕ йӕм баввахс уӕм ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусы (Псалом 65:2). Хуыцау нӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ ныл тынг кӕй тыхсы, апостол Иоанн дӕр афтӕ уый тыххӕй загъта: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8).
ЙЕСО ИС ХУЫЦАУЫ РАХИЗ ФАРС
«[Чырыстийы ахуыргӕнинаг Стефан] Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, скаст арвмӕ ӕмӕ федта Хуыцауы кад ӕмӕ Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ, ӕмӕ загъта: „Уӕлӕ уынын арв гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ“» (Хъуыддӕгтӕ 7:55, 56).
Стефан уыцы ныхӕстӕ загъта, Чырыстийы чи амарын кодта, уыдонӕн – дзуттаг дины разамонджытӕн. Маргӕ та йӕ акодтой, Стефан уыцы цӕстылуайӕн куы федта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ. Ефесӕгтӕм 1:20, 21).
Уыцы цӕстылуайӕнӕй бӕрӕг уыди, Йесо мард кӕй нал уыд, фӕлӕ йӕ Хуыцау кӕй райгас кодта ӕмӕ йӕ кӕй скадджын кодта. Уый тыххӕй апостол Павел ныффыста: «[Йегъовӕ] Чырыстийы мӕрдтӕй... райгас кодта ӕмӕ йӕ уӕлӕрвты йӕ рахиз фарс... ӕрбадын кодта, цыдӕриддӕр хицауад, хицаудзинад, барджынтӕ, сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ ном ис, уыдонӕй йӕ се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр куы сӕвӕрдта, уӕд, ӕмӕ канд ацы цардӕвӕрды нӕ, фӕлӕ, чи ӕрцӕуа, уым дӕр». (Йесо кадджын бынаты кӕй ис, уымӕй уӕлдай ма Библийӕ базонӕн ис, уый дӕр Йегъовӕйау адӕмы тынг кӕй уарзы. Зӕххыл куы уыд, уӕд рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ мӕрдты ӕгас кодта. Йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй та бӕрӕг у, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы куыд тынг уарзы, уый (Ефесӕгтӕм 2:4, 5). Йесо ис Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ тагъд йӕ бартӕй спайда кӕндзӕн ӕмӕ коммӕгӕс адӕмы се ’ппӕты дӕр стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн.
ЗӔДТӔ ЛӔГГАД КӔНЫНЦ ХУЫЦАУӔН
«Ӕз [пехуымпар Данел] кастӕн, цалынмӕ паддзахбадӕнтӕ не ’рӕвӕрдтой ӕмӕ, раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый [Йегъовӕ] не ’рбадт, уӕдмӕ... Мин-минтӕ йын лӕггад кодтой ӕмӕ сӕдӕ милуаны лӕууыдысты йӕ разы» (Данел 7:9, 10).
Данел цӕстылуайӕны уӕлӕрвтӕ куы федта, уӕд дзы ӕрмӕст иу зӕд нӕ уыд, фӕлӕ тынг бирӕ. Уый йӕ, ӕвӕццӕгӕн, стыр дисы бафтыдта. Зӕдтӕ сты тынг зондджын ӕмӕ хъомысджын. Уыдонӕй ис серафимтӕ ӕмӕ херувимтӕ дӕр. Библийы зӕдты кой ӕмбӕлы 250 хаттӕй фылдӕр.
Зӕдтӕ раздӕр адӕм нӕ уыдысты ӕмӕ зӕххыл нӕ цардысты. Хуыцау сӕ сфӕлдыста, адӕймаджы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ раздӕр. Ӕмӕ зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд зӕдтӕ дӕр уый уыдтой ӕмӕ «фырцинӕй... хъӕр кодтой» (Иов 38:4–7).
Зӕдтӕ абон зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр куысты архайынц – ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн, ӕмӕ уый дӕр хауы сӕ лӕггадмӕ (Матфейы 24:14). Хабар афтӕ кӕй у, уый цӕстылуайӕны федта апостол Иоанн ӕмӕ ныффыста: «Федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ – уымӕ уыд ӕнусон хорз хабар цӕмӕй зӕххыл цӕрджытӕн, ома алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн, хъусын кӕна цины хабар» (Раргомад 14:6). Раджы заманты куыд уыди, афтӕ кӕд зӕдтӕ абон адӕмимӕ нал ныхас кӕнынц, уӕддӕр нын сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ссарынӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кӕнӕм.
САЙТАН МИЛУАНТЫ САЙЫ
«Уӕлӕрвты райдыдта хӕст: Михаил [Йесо Чырысти] ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ, ӕмӕ залиаг калм дӕр йӕ зӕдтимӕ семӕ хӕцыд, фӕлӕ сыл нӕ фӕтых, ӕмӕ сын уӕлӕрвты бынат нал разынд. Гъемӕ стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр» (Раргомад 12:7–9).
Абон уӕлӕрвты ис фарн, фӕлӕ алкӕд афтӕ нӕ уыд. Фыццаг адӕм куы фӕзындысты, уӕд иу зӕд тынг бабӕллыд, цӕмӕй адӕм уымӕн куывтаиккой, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд. Афтӕмӕй сси Сайтан, ома «Ныхмӕлӕууӕг». Фӕстӕдӕр йӕ зондыл ацыдысты ӕндӕр зӕдтӕ дӕр, ӕмӕ систы дӕлимонтӕ. Уыдон сты Йегъовӕйы цыфыддӕр знӕгтӕ ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй сӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы разамындмӕ ма хъусой.
Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ сты тынг хӕлд ӕмӕ ӕгъатыр. Уыдон сты адӕмы знӕгтӕ, ӕмӕ сӕ аххосӕй зӕххыл фыддзинад тынг апарахат. Зӕгъӕм, Хуыцауыл иузӕрдион нӕлгоймаг Иовӕн Хӕйрӕг йӕ фос ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты иууылдӕр амардта. Уый фӕстӕ та «тыхджын дымгӕ» сыстын кодта ӕмӕ, Иовӕн йӕ дӕс сывӕллоны цы хӕдзары уыдысты, уый ныккалд, ӕмӕ уыдон дӕр фӕмард сты. Ӕппынфӕстаг Хӕйрӕг Иовыл «сӕрӕй къӕхты бынмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ бафтыдта» (Иов 1:7–19; 2:7).
Фӕлӕ тагъд Хӕйрӕгӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Зӕхмӕ ӕппӕрст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Раргомад 12:12). Хӕйрӕгӕн мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд, ӕмӕ уый хорз хабар куыннӕ у!
ЗӔХХӔЙ ИСТ ЧИ ӔРЦЫД, УЫДОН
«Ды [Чырысти] балхӕдтай адӕймӕгтӕ алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй ӕмӕ сӕ скодтай нӕ Хуыцауы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, ӕмӕ уыдон зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 5:9, 10).
Йесо уӕларвон цардмӕ куыд райгас, афтӕ ма райгас уыдзысты ӕндӕртӕ дӕр. Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн загъта: «Ӕз цӕуын, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон. Ӕмӕ... ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй, ӕз кӕм дӕн, сымах дӕр уым уат» (Иоанны 14:2, 3).
Уӕлӕрвтӕм чи цӕуы, уыдон Чырыстиимӕ уыдзысты уӕларвон Паддзахады паддзӕхтӕ ӕмӕ зӕххӕн разамынд дӕтдзысты. Уый фӕрцы адӕм Матфейы 6:9, 10).
бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты уыцы Паддзахады тыххӕй ахуыр кодта кувын. Загъта сын, цӕмӕй куывтаиккой: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (УӔЛӔРВТЫ ЧИ ИС, УЫДОН ЦЫ САРАЗДЗЫСТЫ
«[Апостол Иоанмӕ] паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: „Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта“» (Раргомад 21:3, 4).
Ацы цӕстылуайӕн амоны, Хуыцауы Паддзахад Хӕйрӕджы фыддуне кӕд фесафдзӕн ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт кӕд сараздзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Хуыцауы Паддзахады сӕргъы сты Йесо Чырысти ӕмӕ, зӕххӕй уӕлӕрвтӕм ист чи ӕрцыд, уыдон. Уыцы Паддзахад, фӕд дӕр нал ныууадздзӕн, адӕмӕн уыйбӕрц маст ӕмӕ рыст чи ӕвзарын кӕны, уыцы хабӕрттӕй. Суанг ма мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн.
Фӕлӕ чи амард ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ чи нӕ райгас уыдзӕн, уыцы милуангай адӕмы хабар та куыд уыдзӕн? Уыдон дӕр райгас уыдзысты, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой (Лукайы 23:43).
Уыцы цӕстылуайӕнты фӕрцы нӕ уырны, Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти, стӕй Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ ӕмӕ, зӕххӕй ӕлхӕд чи ӕрцыд, уыдон нӕ тынг кӕй уарзынц ӕмӕ нӕ хорздзинадыл кӕй хъуыды кӕнынц. Цы сараздзысты, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн зӕгъ кӕнӕ нӕ сайтмӕ бацу.