Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДЕ СӔФТ МАКӔМӔЙУАЛ УЫНАЙ?

1 | Макӕй хъулон кӕн

1 | Макӕй хъулон кӕн

Библийы уагӕвӕрд:

«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (ХЪУЫДДӔГТӔ 10:34, 35).

Уый цӕуыл дзурӕг у?

Хуыцау Йегъовӕ * нӕ кӕсы, цавӕр адӕмыхаттӕй стӕм кӕнӕ, сауцъар стӕм ӕви урсцъар, уымӕ. Уымӕн ахсджиагдӕр у, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Библийы ма фыст ис: «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Самуилы 16:7).

Дӕ бон цы у аразын?

Махӕн нӕ бон нӕу, адӕмы зӕрдӕты цы ис, уый уынын. Фӕлӕ нӕ бон у Хуыцауы фӕзмын ӕмӕ архайын, цӕмӕй иннӕты ма хъулон кӕнӕм. Адӕймаг цавӕр адӕмыхаттӕй у, уымӕ-иу ма кӕс, фӕлӕ йӕхӕдӕг цавӕр адӕймаг у, уымӕ. Кӕд ӕй ӕмбарыс, ӕмӕ кӕцыдӕр адӕмыхатмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсыс, уӕд Хуыцаумӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс кур, цӕмӕй сӕм ахӕм зӕрдӕ мауал дарай (Псалом 139:23, 24). Йегъовӕ дын дӕ зӕрдиаг куывдтытӕ фехъусдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй макӕй хъулон кӕнай (1 Петры 3:12).

^ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).

«Раздӕр урсцъар адӕймаджы фарсмӕ ӕнӕхылӕй ӕрбад, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд... Бамбӕрстон ӕй, ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн кӕй дӕн» (ТАЙТУС).