Ӕнусон цардӕй нын зӕрдӕ чи ӕвӕры, уый фӕзмӕм
«Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут» (ЕФ. 5:1).
1. Цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм, уый тыххӕй нын цавӕр курдиат ӕххуыс кӕны?
ЙЕГЪОВӔ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у иннӕ адӕмы ӕнкъарӕнтӕ ӕмбарын, кӕд, уыдон цы уавӕры сты, ахӕм уавӕры никуы уыдыстӕм, уӕддӕр. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:1, 2.) Ахӕм курдиат нӕм кӕй ис, уый фӕрцы нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын? Ӕмӕ уыцы курдиатӕй куыд пайда кӕнӕм, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
2. Йегъовӕ нын нӕ зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсы?
2 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры диссаджы фидӕнӕй – хъизӕмӕрттӕ кӕм нал уыдзӕн, ахӕм фидӕнӕй. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕнустӕм цӕрдзысты уӕлӕрвты, «ӕндӕр фыстӕ» та – зӕххыл (Иоан. 10:16; 17:3; 1 Кор. 15:53). Фӕлӕ абон зындзинӕдтӕй хызт не стӕм, ӕмӕ Йегъовӕ ӕмбары, уыцы зындзинӕдты тыххӕй цы маст ӕвзарӕм, уый. Раджы заманты йӕ адӕм Египеты куы хъизӕмар кодтой, уӕд-иу Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ рысти – «уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр» (Ис. 63:9). Ӕнустӕ фӕстӕдӕр израилӕгтӕ кувӕндон цалцӕг кӕнынмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд се знӕгтӕ сӕ ныхмӕ рацыдысты. Йегъовӕ ӕмбӕрста, йӕ адӕм сӕ кӕй тӕрсынц, ӕмӕ сын загъта: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы» (Зах. 2:8). Мад йӕ хъӕбулы куыд уарзы, раст афтӕ уарзы Йегъовӕ дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны (Ис. 49:15). Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕхи иннӕты бынаты сӕвӕрын ӕмӕ мах дӕр ахӕм курдиатӕй схайджын кодта (Пс. 103:13, 14).
ЙЕСО ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔЗМЫДТА, ӔМӔ АДӔМЫ УАРЗТА
3. Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта?
3 Йесо иннӕты рыст ӕмбӕрста, кӕд сӕ уавӕры никуы уыд, уӕддӕр. Зӕгъӕм, уыцы рӕстӕг мӕгуыр адӕм тарстысты дины разамонджытӕй. Уыцы разамонджытӕ сӕ сайдтой ӕмӕ, сӕхӕдӕг цы бирӕ ӕгъдӕуттӕ ӕрхъуыды кодтой, уыдон сын ӕххӕст кӕнын кодтой (Матф. 23:4; Мар. 7:1–5; Иоан. 7:13). Ӕмӕ кӕд Чырысти уыцы дины разамонджытӕй никуы тарст ӕмӕ сын сӕ мӕнг ныхӕстыл никуы ӕууӕндыд, уӕддӕр адӕмы ӕмбӕрста. Куы-иу сӕ федта, уӕд-иу сын «фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау» (Матф. 9:36). Йесо йӕ Фыдӕй сахуыр адӕмы уарзын ӕмӕ уыйау уыди «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг» (Пс. 103:8).
4. Йесо адӕмы зын кӕй ӕмбӕрста, уымӕ гӕсгӕ цы арӕзта?
4 Чырысти-иу куы федта, адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, уӕд-иу сын баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзта. Афтӕмӕй Йесо фӕзмыдта йӕ Фыды. Зӕгъӕм, иухатт Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ бирӕ куы фӕхъусын кодтой, уӕд бафӕлладысты ӕмӕ сӕ фӕндыд баулӕфын. Фӕлӕ Чырысти федта, бирӕ адӕм ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ бамбӕрста, йе ’ххуыс сӕ кӕй хъӕуы. Ӕмӕ кӕд фӕллад уыд, уӕддӕр сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Мар. 6:30, 31, 34).
ЙЕГЪОВӔЙАУ АДӔМЫ УАРЗ
5, 6. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйау адӕмы уарзӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
5 Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйау адӕмы уарзӕм? Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ. Ӕрыгон ӕфсымӕр Алан хъуыды кӕны ацӕргӕ ӕфсымӕрыл. Уыцы ӕфсымӕр цӕстӕй ӕвзӕр уыны, ӕмӕ йын кӕсын зын у. Стӕй ма къӕхтӕй дӕр рӕвдз нал у, ӕмӕ йын зын у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Аланы зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: «Куыд [уӕ] фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Лук. 6:31). Алан ахъуыды кодта: «Мӕн цы фӕнды? Иннӕтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын?» Ӕмӕ загъта: «Мӕн фӕндид, цӕмӕй мемӕ футболӕй ахъазой!» Фӕлӕ уыцы ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн йӕ бон нӕу футболӕй хъазын. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ Аланы хъӕуы ӕндӕрхуызон ахъуыды кӕнын: «Уыцы ӕфсымӕры бынаты куы уаин, уӕд мӕ цы фӕндид? Иннӕтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсин?»
6 Кӕд Алан ацӕргӕ нӕу, уӕддӕр йӕхи ацӕргӕ адӕймаджы бынаты сӕвӕрыныл бацархайдта: уыцы ӕфсымӕрмӕ йӕ хъус дардта ӕмӕ-иу куы ныхас кодтой, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг хъуыста. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбӕрста, ӕфсымӕрӕн зын кӕй у Библи кӕсын ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Ныр Алан зоны, йӕ бон ын куыд у баххуыс кӕнын ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны. Махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ архайын. Иннӕ адӕмы ӕнкъарӕнтӕ куы ’мбарӕм ӕмӕ нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куы ’вдисӕм, уӕд Йегъовӕйы фӕзмдзыстӕм (1 Кор. 12:26).
7. Нӕ бон куыд у иннӕты зын бамбарын?
7 Иннӕты зын бамбарын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та кӕд ахӕм уавӕры никуы уыдыстӕм, уӕд. Зӕгъӕм, бирӕтӕ тыхсынц цавӕрдӕр низтӕй кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Чидӕртӕ рынчын сты депрессийӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм низӕй. Чидӕртӕ та, кӕддӕр ӕфхӕрд кӕй баййӕфтой, уый тыххӕй сты зӕрдӕрыст. Иннӕтӕ та сӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕнынц кӕнӕ та сӕ бинонтӕй чидӕр Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны. Алы адӕймагӕн дӕр ис йӕхи зындзинӕдтӕ, ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕн Ромӕгтӕм 12:15; 1 Петры 3:8.)
сӕ фылдӕр мах никуы бавзӕрстам. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕм. Уӕдӕ нӕ бон цы у саразын? Адӕймагмӕ-иу лӕмбынӕг байхъусӕм ӕмӕ-иу, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл бацархайӕм. Уӕд зондзыстӕм, хуыздӕр ын куыд ис баххуыс кӕнӕн, уый. Адӕмы уавӕртӕ ӕмхуызон не сты, фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ сын Хуыцауы Ныхасы фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм ӕмӕ сын хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы фӕзмдзыстӕм. (БакӕсЙЕГЪОВӔЙАУ ХӔЛАРЗӔРДӔ У
8. Йесо хӕларзӕрдӕ цӕй фӕрцы уыди?
8 Йегъовӕ адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у (Лук. 6:35). Ӕмӕ Йесо уыцы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды хуызӕн у. Цымӕ йын цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй адӕммӕ хӕларзӕрдӕ уыдаид? Йесо-иу хъуыды кодта, цы зӕгъдзӕн ӕмӕ цы сараздзӕн, уый иннӕтыл куыд фӕзындзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, иухатт ӕм ӕрбацыд, тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой, иу ахӕм сылгоймаг. Уыцы сылгоймаг афтӕ тынг куыдта, ӕмӕ йӕ цӕссыгӕй Йесойы къӕхтӕ ’хсадта. Йесо уыдта, сылгоймаг йе ’взӕр хъуыддӕгтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ зыдта, тызмӕг ӕм куы сдзура, уӕд ын йӕ зӕрдӕйы рыст кӕй фӕтынгдӕр кӕндзӕн. Гъемӕ йын уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ дзы раппӕлыд ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта. Афтӕ кӕй бакодта, уый фарисейы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, фӕлӕ Йесо йемӕ дӕр хӕларзӕрдӕйӕ ныхас кодта (Лук. 7:36–48).
9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕ уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
9 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕ уӕм? Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, чырыстон хъуамӕ «хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн [кӕнӕ «уӕздан; сабыр», фип.]» (2 Тим. 2:24). Уӕздан адӕймаг цыфӕнды уавӕры ма бахауа, уӕддӕр никӕй зӕрдӕ фӕриссын кӕндзӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм, алыхуызон уавӕрты нӕ бон куыд уаид хӕларзӕрдӕйӕ архайын. Зӕгъӕм, дӕ куысты хицау йӕ хӕстӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ не ’ххӕст кӕны. Дӕхи куыд дардзынӕ? Кӕнӕ, зӕгъӕм, цалдӕр мӕйы ӕмбырдты чи нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕры Паддзахады залы федтай. Цы йын зӕгъдзынӕ? Йе та дын, зӕгъӕм, уацамынды адӕймаг загъта: «Ныртӕккӕ мӕ не ’вдӕлы». Дӕ бон куыд уаид уӕздандзинад равдисын? Кӕнӕ та дӕ, зӕгъӕм, дӕ бинойнаг бафарста: «Сабатмӕ цы спълан кодтай, уый мын цӕуылнӕ загътай?» Дзуапп ын фӕлмӕнӕй ратдзынӕ? Нӕхи-иу иннӕты бынаты куы сӕвӕрӕм ӕмӕ сыл нӕ ныхӕстӕ куыд фӕзындзысты, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕйӕ архайдзыстӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:28.)
ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔЗМ, ӔМӔ ЗОНДӔЙ АРХАЙ
10, 11. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм, ӕмӕ зондӕй архайӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
10 Йегъовӕйы зондӕн абарӕн дӕр ницӕимӕ ис. Куы йӕ бафӕнда, уӕд йӕ бон у, фидӕны цы уыдзӕн, уый базонын дӕр. Кӕд махмӕ ахӕм курдиат нӕй, уӕддӕр нӕ бон у зондӕй архайын. Куыд? Цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал нӕ бон у ахъуыды кӕнын, уыцы уынаффӕ нӕхиуыл кӕнӕ иннӕтыл куыд фӕзындзӕн. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ нӕ хъуыды кодтой, Йегъовӕйы коммӕ куы нӕ кӕсой, уӕд сыл цы ’рцӕудзӕн, ууыл. Нӕ хъуыды кодтой, цас хорздзинӕдтӕ сын сарӕзта, ууыл дӕр. Моисей уый кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕрста, ӕппынфӕстаг израилӕгтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразын кӕй райдайдзысты. Уый загъта: «Уыдон сты ахӕм адӕм, ӕмӕ хъуыды нӕ кӕнынц, ӕмбаргӕдзинад сӕм нӕй. Тӕхуды, ӕмӕ зондджын куы уаиккой! Уӕд уыдӕттыл ахъуыды кӕниккой. Ахъуыды кӕниккой, сӕ фӕстаг цӕмӕ цӕуы, ууыл» (Дык. з. 31:29, 30; 32:28, 29).
11 Цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм, ӕмӕ зондӕй Ӕмб. 22:3).
архайӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рагацау ахъуыды кӕнӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ нӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, ууыл. Зӕгъӕм, кӕд искӕимӕ ӕмбӕлыс, уӕд ма рох кӕн: кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыдонӕн сӕ буары монцтыл хӕцын зын вӕййы. Уӕдӕ макуы сараз, Йегъовӕйӕ дӕ чи адард кӕна, ахӕм хъуыддаг! Хуыцау нын цы уынаффӕ дӕтты, уымӕ хъус: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (ДӔХИ ХИЗ, ЗИАН ДЫН ЧИ ӔРХӔСДЗӔН, АХӔМ ХЪУЫДЫТӔЙ
12. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ нын нӕ хъуыдытӕ зиан ӕрхӕссой?
12 Ӕмбаргӕ адӕймаг йӕхи хизы, зиан ын чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм хъуыдытӕй. Хъуыдытӕ абарӕн ис артимӕ: йе дын пайда ӕрхӕсдзысты, йе та – зиан. Артмӕ дӕ хъус лӕмбынӕг куы дарай, уӕд ыл ис хӕринаг сфыцӕн, фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уай, уӕд дын арт, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ хӕдзар басудза ӕмӕ ма дӕхӕдӕг дӕр бабын уай. Раст афтӕ, Йегъовӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый пайда ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ ӕнӕгъдау митыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куыд аразӕм, уый нӕ цӕстытыл куы уайын кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнгӕ дӕр бакӕнӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ нал уыдзыстӕм. (Бакӕс Иаковы 1:14, 15.)
13. Хӕйрӕджы ныхӕсты фӕстӕ Евӕйӕн йӕ цӕстытыл цы ауад?
13 Ахъуыды-ма кӕнӕм, фыццаг сылгоймаг Евӕйы хабарыл. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн бафӕдзӕхста, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласы дыргътӕй ма бахӕрут, науӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ (Райд. 2:16, 17). Фӕлӕ Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый». Евӕйӕн йӕ цӕстытыл ауад, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый йӕхӕдӕг куы скъуыддзаг кӕна, уӕд куыд хорз уыдзӕн. Евӕ уыдӕттыл хъуыды кодта, ӕмӕ «федта, бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн хорз кӕй сты ӕмӕ адӕймаджы цӕст сӕхимӕ кӕй ӕлвасынц». Цымӕ уый цӕмӕ ӕркодта? Бӕласы дыргътӕй «ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Ӕмӕ уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ разы куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта» (Райд. 3:1–6). Уый «аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт» (Ром. 5:12). Цӕй стыр зиан ӕрхаста, Евӕ, раст цы нӕ уыд, ууыл кӕй хъуыды кодта, уый!
14. Библи нӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгты тыххӕй куыд фӕдзӕхсы?
14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Евӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый ӕнӕгъдаудзинадимӕ баст нӕ уыд. Фӕлӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу нӕ цӕстытыл ма уайын кӕнӕм, ӕнӕгъдау Матф. 5:28). Стӕй ма Павел дӕр фӕдзӕхста: «Тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ куыд ӕххӕст кӕнат, ууыл ма хъуыды кӕнут» (Ром. 13:14).
хъуыддӕгтӕ куыд аразӕм, уый. Чырысти загъта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (15. Цавӕр хӕзнатӕ хъуамӕ ӕмбырд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?
15 Библи ма нын дзуры, нӕ хъуыдытӕ кӕй хъуамӕ уой, куыд схъӕздыг уӕм, ууыл нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд барухс кӕнӕм, ууыл. Хъӕздыг адӕймагӕн «йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ сты йӕ фидар горӕт, афтӕ йӕм кӕсы, ӕмӕ йӕ фидар къулау хъахъхъӕнынц» (Ӕмб. 18:11). Фӕлӕ Чырысти загъта, йӕ царды Йегъовӕ фыццаг бынаты кӕмӕн нӕй ӕмӕ йӕхицӕн бирӕ хӕзнатӕ чи ӕмбырд кӕны, уыцы адӕймаг ӕнӕзонд кӕй у. Ахӕм адӕймаг Хуыцауы цӕсты хъӕздыг нӕу (Лук. 12:16–21). «Хӕзнатӕ» уӕлӕрвты куы ӕмбырд кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр амондджын уыдзыстӕм (Матф. 6:20; Ӕмб. 27:11). Ӕмӕ, Йегъовӕ не ’ввахс ӕмбал уа, уымӕй стырдӕр хӕзна нӕй!
ӔГӔР МА ТЫХС
16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къаддӕр тыхсӕм?
16 Ацы дунейы куыд схъӕздыг уӕм, ууыл куы архайӕм, уӕд нӕхи бирӕ мӕстыты хай бакӕндзыстӕм (Матф. 6:19). Чырысти загъта, зӕгъгӕ, ӕдзухдӕр ӕхцайы мӕт чи кӕны, уымӕн зын уыдзӕн Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын (Матф. 13:18, 19, 22). Иуӕй-иутӕ ӕдзухдӕр фӕтыхсынц, мыййаг сыл исты ӕвзӕр хабӕрттӕ куы ӕрцӕуа, ууыл. Фӕлӕ ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ не ’нӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ нӕ уырнындзинадыл дӕр ӕвзӕрырдӕм фӕзына. Мах хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Библийы фыст ис: «Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы» (Ӕмб. 12:25). Уӕдӕ кӕд истӕуыл тыхсыс, уӕд аныхас кӕн, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ дӕ хорз чи зоны, ахӕм адӕймагимӕ, зӕгъӕм, дӕ ныййарджытимӕ, дӕ цардӕмбалимӕ кӕнӕ дӕ хорз хӕларимӕ. Уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарай ӕмӕ къаддӕр тыхсай.
17. Куы фӕтыхсӕм, уӕд нын Йегъовӕ куыд феххуыс кӕны?
17 Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны, цӕуыл тыхсӕм, уый ӕмӕ нӕ уымӕй хуыздӕр ничи ӕмбары. Павел ныффыста: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). Уӕдӕ истӕуыл куы тыхсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнынӕн дын чи ’ххуыс кӕны, уыдоныл – дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртыл, хистӕр нӕлгоймӕгтыл, ӕууӕнкджын цагъарыл, зӕдтыл, Йесойыл ӕмӕ сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйыл.
18. Цы курдиатӕй хайджын стӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?
18 Куыд федтам, афтӕмӕй нӕ Йегъовӕ схайджын кодта диссаджы курдиатӕй – нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, цы нӕ федтам ӕмӕ цы нӕ бавзӕрстам, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕйы миниуджытӕ фӕзмын, зӕгъӕм, йӕ уарзондзинад (1 Тим. 1:11; 1 Иоан. 4:8). Иннӕты куы уарзӕм ӕмӕ сӕм хӕлар зӕрдӕ куы дарӕм, стӕй нӕ нӕ хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ӕгӕр куы нӕ тыхсӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм. Цӕй уӕдӕ уыцы курдиатӕй раст пайда кӕнӕм: нӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куыд цӕрдзыстӕм, уый ӕмӕ-иу нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм (Ром. 12:12).