Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕн!

Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕн!

«Ӕз скадджын кӕндзынӕн мӕ къӕхтӕвӕрӕн бынат» (ИС. 60:13).

ЗАРДЖЫТӔ: 102, 75

1, 2. Дзуттаг Фыстыты дзырд «къӕхтӕвӕрӕн» цӕмӕ фӕамоны?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ загъта: «Уӕларв у мӕ паддзахбадӕн, зӕхх та – мӕ къӕхтӕвӕрӕн» (Ис. 66:1). Хуыцау ма йӕ «къӕхтӕвӕрӕны» кой кӕнгӕйӕ афтӕ дӕр загъта: «Ӕз скадджын кӕндзынӕн мӕ къӕхтӕвӕрӕн бынат» (Ис. 60:13). Цымӕ Йегъовӕ уый куыд аразы? Ӕмӕ, йӕ «къӕхтӕвӕрӕныл», ома зӕххыл, чи цӕры, уыдонӕн уый цӕуыл дзурӕг у?

2 Дзуттаг Фыстыты ма дзырд «къӕхтӕвӕрӕн» фӕамоны, раджы заманты Израилы цы кувӕндон уыди, уымӕ дӕр (1 Аз. 28:2; Пс. 132:7). Уыцы кувӕндон уыди, адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кӕм куывтой, уыцы бынат, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы цӕсты тынг рӕсугъд уыди. Зӕххыл Йегъовӕйы уыцы бынаты кадджын кодтой.

3. Хуыцауы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон цы у ӕмӕ кӕд фӕзынд?

3 Абон адӕмы ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ цавӕрдӕр агъуыстмӕ, зӕгъӕм, кувӕндонмӕ, цӕуын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ис ӕнӕуынгӕ кувӕндон, ӕмӕ йын уый цыфӕнды агъуыстӕй дӕр стырдӕр кад хӕссы. Цымӕ уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон цы у? Йегъовӕ адӕмы тыххӕй цы хъуыддаг сарӕзта, цӕмӕй сӕ бон уа йемӕ фӕрнӕй цӕрын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын, уый хуыйны ӕнӕуынгӕ кувӕндон. Уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон «лӕууы» Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы. Нӕ эрӕйы 29 азы Йесо донаргъуыд райста ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста, цӕмӕй йын йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны Хистӕр сауджынӕй лӕггад кодтаид. Ӕмӕ растдӕр уӕд фӕзынд Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндон (Дзут. 9:11, 12).

4, 5. а) 99-ӕм псаломмӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр цы аразын фӕнды? б) Алчидӕр нӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?

4 Йегъовӕ нын уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон кӕй скодта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм, ӕмӕ уый хъуыддагӕй дӕр ӕвдисӕм – адӕмӕн ӕргом кӕнӕм Йегъовӕйы ном ӕмӕ сын дзурӕм, Йесо Чырыстийы нывонд адӕмӕн цы пайда хӕссы, уый тыххӕй. Ӕмӕ абон Йегъовӕйы аст милуан адӕймагӕй фылдӕр кӕй кадджын кӕны, уый нын стыр цины хос куыннӕ у! Йӕхи уырнӕг чи хоны, уыдонӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕндзысты, мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм куы ацӕуой, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм рӕдыд хъуыдыйыл хӕст не сты. Уыдон се ’ппӕт дӕр ӕмбарынц, Хуыцауы ам ӕмӕ ныр кӕй хъӕуы кадджын кӕнын.

5 Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнӕм, уымӕй мах фӕзмӕм Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, зӕгъӕм, Моисей, Аарон ӕмӕ Самуилы. (Бакӕс Псалом 99:1–3, 5–7.) Уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайдтой, Хуыцау раст динӕн цы уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон, цалынмӕ Йесоимӕ уӕлӕрвты сауджынтӕй лӕггад кӕнын нӕ райдайой, уӕдмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты. Сӕрст чырыстӕттӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц «ӕндӕр фыстӕ», ныр сты милуантӕ (Иоан. 10:16). Дыууӕ къорды дӕр Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнынц. Фӕлӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Йегъовӕ раст динӕн цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайын?»

ХУЫЦАУЫ ӔНӔУЫНГӔ КУВӔНДОНЫ ЧИ ЛӔГГАД КӔНЫ, УЫЙ КУЫД БАЗОНӔН ИС?

6, 7. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлд ӕмӕ 1919 азмӕ цы рабӕрӕг?

6 Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй иу ӕнус дӕр нӕ рацыд, афтӕ дзы фӕзынди, раст дины ныхмӕ чи сси, ахӕм адӕм (Хъуыд. 20:28–30; 2 Фес. 2:3, 4). Уӕдӕй фӕстӕмӕ, Хуыцауӕн раст чи лӕггад кӕны, уый базонын зынӕй-зындӕр кодта. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ йе ’вӕрд Паддзах Чырыстийы фӕрцы алцыдӕр раргом кодта.

7 Хуыцау райгонд кӕмӕй у ӕмӕ йын йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны чи лӕггад кӕны, уый ирдӕй рабӕрӕг 1919 азмӕ. Фӕлӕ уыцы адӕмы хъуыди «ссыгъдӕг кӕнын», цӕмӕй сӕ лӕггад Хуыцауӕн ноджы ӕхсызгондӕр уыдаид (Ис. 4:2, 3; Мал. 3:1–4). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдта ӕххӕст кӕнын, бирӕ ӕнустӕ раздӕр апостол Павел цӕстылуайӕны цы федта, уый.

8, 9. Павел цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы «дзӕнӕт» цӕмӕ амоны?

8 Павел цы цӕстылуайӕн федта, уый кой ис 2 Коринфӕгтӕм 12:1–4 стихты. (Бакӕс сӕ.) Уыцы цӕстылуайӕны Йегъовӕ Павелӕн равдыста, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый. Цымӕ Павел «ӕртыккаг арвмӕ» ист куы ’рцыд, уӕд цавӕр «дзӕнӕт» федта? Гӕнӕн ис, уыцы «дзӕнӕт» амоны, тагъд зӕххыл чи уыдзӕн, уыцы Дзӕнӕтмӕ (Лук. 23:43). Стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, амоны, Хуыцауы адӕм абон дӕр цы «дзӕнӕты» цӕрынц, ома сӕ Йегъовӕ цы фарнӕй хайджын кӕны, уый, ног дунейы цавӕр уыдзӕн, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма, гӕнӕн ис, ӕмӕ амоны, уӕлӕрвты, «Хуыцауы дзӕнӕты» чи цӕрдзӕн, уыдон цы стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, уымӕ дӕр (Рарг. 2:7).

9 Фӕлӕ цымӕ Павел йӕхицӕй афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «фехъуыстон, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, адӕймагӕн дзурын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ныхӕстӕ»? Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ уӕд нырма уыцы рӕстӕг нӕ уыд, цӕмӕй, цӕстылуайӕны цы диссаджы хабӕрттӕ федта, уыдон бӕстон бамбарын кодтаид. Фӕлӕ нын абон Йегъовӕ уый бар дӕтты, цӕмӕй, йӕ адӕм ныр дӕр цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм!

10. Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый ӕмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндон иу цӕмӕдӕр амонынц?

10 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый ӕмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндон иу не сты. Ӕнӕуынгӕ кувӕндон арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй нӕ бон уа ӕцӕг Хуыцауӕн йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнын. Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый фӕрцы та базонӕн ис, Хуыцау райгонд кӕмӕй у ӕмӕ йын йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны чи лӕггад кӕны, уыцы адӕмы (Мал. 3:18).

11. Абон нын цавӕр диссаджы фадат ис?

11 1919 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн уый фадат дӕтты, цӕмӕй, зӕххыл абон дӕр цы «дзӕнӕт» ис, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕной ӕмӕ йӕ рӕсугъддӕр кӕной. Уыцы хъуыддаг нын стыр цины хос у! Ды дӕр архайыс уыцы диссаджы куысты? Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ йын ам, зӕххыл, кад хӕссын дӕ бон кӕй у, уымӕн аргъ кӕныс?

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ОРГАНИЗАЦИ РӔСУГЪДӔЙ-РӔСУГЪДДӔР КӔНЫ

12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Исайы 60:17 фыст ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

12 Пехуымпар Исай ныффыста, Хуыцауы организацийы зӕххон хайы бирӕ диссаджы ивындзинӕдтӕ кӕй цӕудзӕн, уый тыххӕй. (Бакӕс Исайы 60:17.) Ӕрыгон чи у кӕнӕ ӕмбырдтӕм ӕрӕджы чи райдыдта цӕуын, уыдон уыцы ивындзинӕдты тыххӕй ӕрмӕстдӕр кӕсгӕ бакодтой кӕнӕ хъусгӕ фӕкодтой. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ уыцы ивындзинӕдтӕ сӕхи цӕстӕй федтой! Уыцы иузӕрдион чырыстӕтты фидарӕй уырны, Хуыцау нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы руаджы йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты. Сӕ царды хабӕрттӕм хъусгӕйӕ дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дардзынӕ.

13. 48-ӕм псаломы 12 стихӕй 14 стихмӕ цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

13 Ӕмбырды рагӕй стӕм ӕви ӕрӕджы,– не ’ппӕт дӕр хъуамӕ иннӕтӕн дзурӕм Йегъовӕйы организацийы тыххӕй. Ацы хӕлд ӕмӕ ӕгъатыр дунейы мах, фарн ӕмӕ иудзинад кӕм ис, уыцы «дзӕнӕты» кӕй цӕрӕм, уый диссаг куыннӕ у! Уӕдӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады тыххӕй ӕмӕ, абон зӕххыл цы «дзӕнӕт» ис, уый тыххӕй «фидӕны фӕлтӕрӕн» зӕрдиагӕй куыннӕ хъуамӕ дзурӕм! (Бакӕс Псалом 48:12–14.)

14, 15. Нӕ организацийы 1970-ӕм азты цавӕр ивындзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыд ӕмӕ уый цавӕр пайда хӕссы?

14 Не ’мбырдты цы ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай ноджы рӕсугъддӕр кӕй фӕрцы кодта, уыцы ивындзинӕдтӕ. Уыдон хъуыды кӕнынц, алы ӕмбырды дӕр уынаффӕтӕ хистӕр нӕлгоймӕгты совет нӕ, фӕлӕ ӕмбырды лӕггадгӕнӕг кӕй хаста. Хъуыды ма кӕнынц, алыхуызон бӕстӕты-иу филиалы комитет нӕ, фӕлӕ филиалы лӕггадгӕнӕг куы уыди, стӕй Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнадӕн та разамынд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет нӕ, фӕлӕ президент куы лӕвӕрдта, уый дӕр. Кӕд-иу уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр ӕххуысгӕнджытӕ уыди, уӕддӕр-иу, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕмбырдты, филиалты ӕмӕ сӕйраг хайады хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг иунӕгӕй хастой. Фӕлӕ 1970-ӕм азты уыцы ӕгъдау фӕивта, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ахӕм уынаффӕтӕ фӕхӕссы иу адӕймаг нӕ, фӕлӕ цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы.

15 Уыцы ивындзинӕдтӕ нӕ организацийӕн стыр ӕххуыс цӕмӕн фесты? Уымӕн ӕмӕ арӕзт ӕрцыдысты, уыцы хабӕртты фӕдыл Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. Ныр, цавӕр уынаффӕ ӕрцӕудзӕн хаст, уый иу адӕймагӕй кӕнгӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ цалдӕр хистӕр нӕлгоймагӕй. Библи Хуыцауы лӕвӕрттӕ кӕй хоны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ сӕ хорз миниуджыты фӕрцы нӕ организацийӕн ахъаз уой (Еф. 4:8; Ӕмб. 24:6).

Йегъовӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн дӕтты, царды сӕ тынг чи хъӕуы, уыцы разамынд (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

16, 17. Фӕстаг азты цы ивындзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыд, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы фӕцыд ӕмӕ цӕмӕн?

16 Ахъуыды-ма кӕнӕм, фӕстаг рӕстӕг нӕ организаци цавӕр публикацитӕ уадзы, ууыл дӕр. Ныр дзы вӕййы бирӕ рӕсугъд нывтӕ ӕмӕ къамтӕ, стӕй дзы вӕййы, адӕмӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ. Ахӕм литературӕ парахат кӕнын дын ӕхсызгон куыннӕ у! Хорз хабар цавӕр мадзӕлтты фӕрцы хъусын кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы дӕр цыдӕртӕ фӕивта. Зӕгъӕм, нӕ организацийӕн Интернеты цы сайт ис, уый фӕрцы нӕ бон у ноджы фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр ссарой, царды сӕ тынг чи хъӕуы, уыцы разамынд. Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ адӕмыл куыд тынг тыхсы ӕмӕ сӕ куыд тынг уарзы, уый.

17 Не ’мбырды фембӕлдты дӕр ивындзинӕдтӕ арӕзт кӕй ӕрцыд, уый дӕр хуымӕтӕджы нӕ уыд – уый фӕрцы нын фылдӕр рӕстӕг фӕзынд, цӕмӕй нӕ бинонтимӕ кӕнӕ нӕхӕдӕг Библи ахуыр кӕнӕм. Нӕ конгрессты программӕ кӕй фӕивта, уымӕн дӕр тынг аргъ кӕнӕм. Азӕй-азмӕ нӕ конгресстӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй кӕнынц, уыимӕ нӕ чи не сразы уыдзӕн?! Тынг бузныг ма стӕм, нӕ организацийы цы бирӕ скъолатӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр. Ӕппӕт уыцы ивындзинӕдтӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ, абон зӕххыл цы «дзӕнӕт» ис, уый рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕй кӕны!

МАХӔН ТА НӔ БОН КУЫД У, АБОН ЦЫ «ДЗӔНӔТЫ» СТӔМ, УЫЙ РӔСУГЪДДӔР КӔНЫН

18, 19. Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый рӕсугъддӕр кӕнын нӕ бон куыд у?

18 Йегъовӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у, абон цы диссаджы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый ноджы рӕсугъддӕр кӕнын. Фӕлӕ йӕ цымӕ цӕй фӕрцы рӕсугъд кӕнӕм? Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый фӕрцы. Ӕмӕ искӕмӕн рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд уыцы «дзӕнӕтӕн» йӕ арӕнтыл «ахӕцӕм» (Ис. 26:15; 54:2).

19 Нӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр кӕныныл кӕй архайӕм, уый фӕрцы дӕр, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый рӕсугъддӕр кӕнӕм. Уый руаджы уыцы «дзӕнӕт» адӕмы цӕст йӕхимӕ тынгдӕр ӕлвасы. Арӕх адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуы, Библийӕ сын цы дзурӕм, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ нӕ хорз ӕгъдау дӕр, ӕмӕ сӕ уӕд бафӕнды нӕ организацийы тыххӕй, ӕмӕ уый фӕстӕ та Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй фылдӕр базонын.

Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, Хуыцауы адӕм абон цы «дзӕнӕты» цӕрынц, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕнын (кӕс 18, 19 абзацтӕ)

20. Ӕмбисӕндты 14:35 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕрдиагӕй цӕуыл хъуамӕ архайӕм?

20 Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдӕтӕ тынг барухс вӕййынц, абон цы диссаджы рӕсугъд «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕ куы фӕкӕсынц, уӕд. Уыцы «дзӕнӕт» рӕсугъддӕр кӕнгӕйӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг фӕцин кӕнӕм. Фӕлӕ уыцы цинӕн абарӕн дӕр нӕй, фидӕны нӕм цы стыр циндзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыимӕ – уӕд зӕрдиагӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй Зӕхх ӕгасӕй дӕр дзӕнӕт суа. Мах хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм Ӕмбисӕндты 14:35 фыст ныхӕстӕ: «Паддзах райгонд вӕййы ӕмбаргӕ лӕггадгӕнӕгӕй». Цӕй уӕдӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм, цӕмӕй, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕна!