Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон

Гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон

«Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи бануаза, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн, фӕлӕ йын цы дон раттон, уый йӕ мидӕг фестдзӕн, гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон» (ИОАННЫ 4:14).

ЗӔХХ космосӕй кӕсгӕйӕ цыхуызӕн у, уый тыххӕй космонавт Эдгар Митчелл загъта: «Ӕвиппайды мӕйы аууонӕй разынд... цӕхӕртӕкалгӕ ӕрвхуыз фӕрдыг ӕмӕ йӕ алыварс бабызтау ленк кодтой мигъы къуымбилтӕ. Ӕнӕкӕрон талынг космосы нӕм фӕлмӕн рухс калгӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодта уыцы ӕмбисонды рӕсугъд фӕрдыг».

Уыцы космонавты ахӕм ныхӕстӕ зӕгъынмӕ цы сразӕнгард кодта? Цӕй фӕрцы ӕрттивы Зӕхх? Доны фӕрцы. Зӕххӕн йе ’ртыккаг хай донӕй ӕмбӕрзт у. Ӕмӕ доны фӕрцы зӕхх ӕрмӕст рӕсугъд нӕу, фӕлӕ ма йыл цыдӕриддӕр ис, уый дӕр цӕры доны руаджы. Адӕймагӕн йӕ буар 65 проценты у дон. Уымӕ гӕсгӕ доны тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Дон тынг ахсджиаг у цардӕн. Зӕххыл цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойты цард донӕй кӕнгӕ у» («Encyclopædia Britannica»).

Ӕрдзы дон кӕй зилдух кӕны, уый фӕрцы зӕхх донцух не ’ййафы. Иу чиныджы ахӕм ныхӕстӕ ис: «Цы донӕй спайда кӕнӕм, уымӕн йӕ алы ӕртах дӕр денджызмӕ бахауы. Уым дон хурмӕ байсысы, стӕй фӕстӕмӕ къӕвдайы хуызы зӕххыл ӕруары. Афтӕ дон зилдух кӕны ӕмӕ нӕ фӕуд кӕны» («The World Book Encyclopedia»). Уый тыххӕй ӕртӕ мин азы размӕ Библийы фыст ӕрцыд: «Дӕттӕ иууылдӕр кӕлынц денджызмӕ, фӕлӕ денджыз нӕ дзаг кӕны. Дӕттӕ кӕцӕй рацӕуынц, уырдӕм аздӕхынц, цӕмӕй та ногӕй кӕлой». Ацы хабар стыр диссаг у (Екклесиаст 1:7).

Ӕнӕ донӕй цӕрӕн кӕй нӕй ӕмӕ кӕй нӕ фӕуд кӕны, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, Библийы йӕ кой 700 хатты кӕй ӕмбӕлы. Донӕн йӕ бон сыгъдӕг кӕнын кӕй у ӕмӕ царды хос кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы Библи арӕх пайда кӕны ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бамбарын кӕнынӕн дӕр (Исай 58:11; Иоанны 4:14).

Библи ивы адӕймаджы

Дзуттӕгтӕ тынг сыгъдӕг адӕм уыдысты: ӕдзух сӕхи ӕмӕ сӕ дзаумӕттӕ ӕхсадтой. Уыдис сӕм ахӕм ӕгъдау: цалынмӕ-иу фынгыл не ’рбадтысты, уӕдмӕ-иу сӕ къӕхтӕ ныхсадтой (Лукайы 7:44). Уымӕй уӕлдай ма, донӕй пайда кодтой Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ. Хӕсгӕ кувӕндоны цы сауджынтӕ лӕггад кодта, уыдон арӕх ӕхсадтой сӕхи ӕмӕ сӕ дзаумӕттӕ (Рацыд 30:18–21). Фӕстӕдӕр Иерусалимы кувӕндоны паддзах Соломон сарӕзта ӕрхуыйӕ конд цуайнаг, цыди дзы 44 мин литры дон. Уыцы дон фаг уыд, цӕмӕй Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ алцыдӕр сыгъдӕг дардтаиккой (2 Азфыст 4:2, 6). Абон та Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ донӕн цы нысаниуӕг дӕттынц?

Апостол Павел ныффыста, Йесо Чырысти йе ’мбырд кӕй ссыгъдӕг кодта «дзырды донӕй». Дон буар куыд сыгъдӕг кӕны, афтӕ Хуыцауы Ныхас дӕр сыгъдӕг кӕны, ома ивы адӕймаджы уаг ӕмӕ ӕгъдау ӕмӕ йын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауӕн йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ лӕггад кӕна. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уый фӕрцы сты «сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау» (Ефесӕгтӕм 5:25–27). Уӕдӕ Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕйдӕриддӕр фӕнды, уый хъуамӕ архайа, цӕмӕй йе ’гъдау ӕмӕ йӕ лӕггад ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уой (2 Петры 3:11, 14). Уыцы хъуыддаджы сын Хуыцауы Ныхас куыд ӕххуыс кӕны?

Йегъовӕ Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдон нуазынц, цы дон сын дӕтты, уый, ома ахуыр кӕнынц Библи. Цы базонынц, уый сӕ зӕрдӕтӕм куы бахъары, уӕд сӕ бафӕнды Библийы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут. Афтӕмӕй-иу бамбардзыстут, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2).

Адӕймаг Хуыцауы фӕндон бӕлвырдӕй куы базоны, уӕд бамбары, йе ’гъдау ӕмӕ йӕ йӕ хъуыдытӕ фӕивын кӕй хъӕуы. Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдайы, уӕд Хуыцауы Ныхасы фӕрцы донау «ӕхсад ӕрцӕуынц» суанг йӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11).

Ӕркӕсӕм-ма, Испанийӕ иу ӕрыгон лӕппу, Альфонсо, йӕ цард куыд фӕивта, уымӕ: «18 азы мыл куы цыд, уӕд мӕм мӕ цард ӕппындӕр ницыуал каст». Альфонсо сси наркоман ӕмӕ фыдгӕнӕг. «Мӕхимӕ тынг чъизи кастӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодтон ӕмӕ иннӕтӕн дӕр нӕ аргъ кодтон.

Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уӕд бафиппайдтон, мӕ карӕн чызг йӕ бакаст ӕмӕ йе ’гъдауӕй иннӕтӕй кӕй хицӕн кодта. Уымӕ кӕсгӕйӕ мӕн дӕр бафӕндыд мӕ цард аивын. Уыцы чызг мӕ фӕхуыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Стӕй Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын райдыдтон. Иу азмӕ мӕ цард фӕивтон, донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Мӕ цард афтӕ кӕй фӕивтон, уымӕ гӕсгӕ мӕм нӕ сыхӕгтӕй бирӕтӕ цыдысты, цӕмӕй сын сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кодтаин наркотиктӕ ныууадзынӕн».

Ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм дон

Иухатт Йесо Чырысти «царддӕттӕг доны» тыххӕй радзырдта, Иаковы цъаймӕ донмӕ чи ’рбацыд, уыцы самариаг сылгоймагӕн. «Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи бануаза, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн, фӕлӕ йын цы дон раттон, уый йӕ мидӕг фестдзӕн, гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон» (Иоанны 4:10, 14). Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ «царддӕттӕг дон» у, Хуыцау цӕрынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уый. Уыцы «доны» фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Хуыцауы лӕвӕрттӕй ӕппӕты стырдӕр у Йесо Чырыстийы нывонд. «Уымӕн ӕмӕ Хуыцау дуне афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард»,– загъта Чырысти (Иоанны 3:16).

Альфонсо стыр аргъ кӕны, Хуыцау цы «царддӕттӕг дон» дӕтты, уымӕн. Йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи нӕ ныууагъта, уыдоны тыххӕй загъта: «Ме ’фсымӕр ӕмӕ мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ се ’ппӕт дӕр амардысты. Мӕн та бахъахъхъӕдта Хуыцауы Ныхас. Йегъовӕйы фӕрцы дӕн удӕгас». Альфонсо Хуыцауы Ныхас кӕй зоны, уый фӕрцы зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм куы цӕра, уыцы рӕстӕгмӕ (2 Петры 3:13).

Хуыцау алкӕй дӕр хоны

Библийы фӕстаг чиныджы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Царды доны цӕугӕдон [у] дзӕнхъайау сыгъдӕг. Уыцы цӕугӕдон калди Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы паддзахбадӕнӕй» (Раргомад 22:1). Цӕугӕдон нысан кӕны, Хуыцау цыдӕриддӕр дӕтты, уый, цӕмӕй та адӕм, райдианы Адам ӕмӕ Евӕ куыд ӕххӕст уыдысты, афтӕ ӕххӕст суой.

Библийы цӕугӕдоны тыххӕй цы ныхӕстӕ ис, уыдоны фӕстӕ кӕсӕм: «Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон лӕвар айсӕд» (Раргомад 22:17). Ацы ныхӕстӕ абон хъуысынц ӕгас зӕххыл дӕр. Алы аз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 235 бӕстӕйӕ фылдӕры миллиард сахаты бӕрц бахардз кӕнынц, цӕмӕй адӕмӕн баххуыс кӕной Библийы царддӕттӕг зонындзинӕдтӕ ссарынӕн.

Дӕу фӕнды царддӕттӕг дон нуазын? Уӕд не Сфӕлдисӕджы тыххӕй фылдӕр базон ӕмӕ пайда кӕн, цы нын дӕтты, уымӕй. «Афтӕмӕй дӕхицӕн ӕмбырд кӕндзынӕ, чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм хӕзна – фидӕнӕн хорз бындур, цӕмӕй фидар ныххӕцай ӕцӕг цардыл» (1 Тимофеймӕ 6:19).

[Хицӕнгонд текст 16 фарсыл]

Дон буар куыд сыгъдӕг кӕны, афтӕ Хуыцауы Ныхас дӕр «сыгъдӕг кӕны» адӕймаджы уаг ӕмӕ ӕгъдау ӕмӕ йын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауӕн йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ лӕггад кӕна

[Рамкӕ/Нывтӕ 17 фарсыл]

РАДЖЫ ЗАМАНТЫ ДОН КӔМ ДАРДТОЙ

Раджы заманты адӕмы хъуыд бирӕ фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй-иу дон ссардтаиккой. Библийы фыст ис, Вирсавимӕ ӕввахс Авраам ӕмӕ Исахъ цъайтӕ кӕй скъахтой, цӕмӕй сӕ бинонтӕ ӕмӕ сӕ фос донцух ма уыдаиккой (Райдиан 21:30, 31; 26:18).

Гыццыл цъайтӕ-иу сӕрды арӕх бахус сты. Цӕмӕй донцух ма ӕййӕфтаиккой, уый тыххӕй къахтой арф цъайтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 20:5). Лахисы ис 44 метры арфӕн цъай. Ӕндӕр цъай та ис Гаваоны, уымӕн та йӕ арф у 25 метры, йӕ уӕрх та – 11 метры. Уыцы цъай къахгӕйӕ бахъуыд 3 000 тон сыджыт ӕмӕ дур скалын. Иаковы цъаймӕ цы самариаг сылгоймаг ӕрбацыд, уый Чырыстийӕн загъта, «цъай арф у», зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы цъайы донӕн йӕ арф уыди 23 метры (Иоанны 4:11).

Раджы заманты ма скӕсӕн бӕстӕты (Ближний Восток) донӕн зӕххы бын арӕзтой стыр донӕмбырдгӕнӕнтӕ. Октябрӕй апрелмӕ сӕ дзаг кодтой къӕвдайы донӕй. Цӕмӕй сӕм къӕвдайы дон цыдаид, уый тыххӕй сӕм хӕхтӕй къанӕуттӕ арӕзтой. Израилӕгтӕ-иу донӕн скъахтой стыр донӕмбырдгӕнӕнтӕ (2 Азфыст 26:10).

Раджы заманты куыд уыд, афтӕ абон дӕр ӕнцон нӕу цъайтӕй ӕмӕ донӕмбырдгӕнӕнтӕй дон исын. Сылгоймӕгтӕ, зӕгъӕм, Ревеккӕ ӕмӕ Иофоры чызджытӕ кодтой тынг ахсджиаг куыст – алы бон дӕр-иу сӕ бинонтӕн ӕмӕ сӕ фосӕн дон истой (Райдиан 24:15–20; Рацыд 2:16).

[Ныв 17 фарсыл]

Альфонсо адӕмимӕ ныхас кӕны Библийы тыххӕй