Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Кӕрӕдзи бамбарӕн куыд ис?

Кӕрӕдзи бамбарӕн куыд ис?

Лӕг: «Чызджытӕ кӕм сты?»

Ус: «Дзаумӕттӕ ӕлхӕнынмӕ ацыдысты».

Лӕг: [Мӕсты кӕнын райдыдта, хъӕрдӕрӕй дзуры] «Ома куыд дзаумӕттӕ ӕлхӕнынмӕ? Нырма иу бон куы балхӕдтой!»

Ус: [Тӕргайхуызӕй йӕхи раст кӕны] «О, фӕлӕ ныртӕккӕ дуканитӕ сӕ ӕргътӕ ӕрӕппӕрстой. Стӕй мӕ бафарстой ӕмӕ сӕ ауагътон».

Лӕг: [Тынг рамӕсты ӕмӕ хъӕр кӕны] «Куы йӕ зоныс, ӕз нӕ уарзын, ӕнӕ мӕ бафӕрсгӕйӕ ӕхца куы фӕхардз кӕнынц, уӕд? Куыд сӕ ауагътай, мӕнӕн куы ницы загътай, уӕд?»

КУЫД хъуыды кӕныс, ацы лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи цӕуылнӕ ӕмбарынц? Куыд зыны, афтӕмӕй лӕг йӕ маст уромын нӕ зоны. Стӕй, сывӕллӕттӕн цы бартӕ хъуамӕ уа, уыцы хъуыддаджы дӕр иу хъуыдыйыл хӕст не сты. Бӕрӕг у, сӕ ныхас кӕрӕдзийыл кӕй нӕ бады.

Ӕнӕ рӕдийгӕ ничи у. Уымӕ гӕсгӕ алы бинонты дӕр уыдзӕн зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ фӕнды стыр хъуыддаг уа, фӕнды гыццыл, уӕддӕр лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ ахуыр кӕной кӕрӕдзи ӕмбарыныл. Цӕмӕн?

Лӕг ӕмӕ ус сӕ зындзинӕдтӕ куы нӕ скъуыддзаг кӕной, уӕд, рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ кӕрӕдзиимӕ нал фидаудзысты. «Быцӕутӕ хатт вӕййынц мӕсыджы дуарӕхгӕнӕн хъӕды хуызӕн»,– загъта зондджын паддзах Соломон (Ӕмбисӕндтӕ 18:19). Уӕдӕ цы саразӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарой?

Адӕймаджы буары тугдадзинтӕ куыд сты, афтӕ у ӕргом ныхас лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн. Зӕрдӕ ӕмӕ рӕуджытӕ куыд сты, афтӕ сын сты кӕрӕдзийы уарзын дӕр ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнын дӕр (Ефесӕгтӕм 5:33). Исты зындзинад куы фӕзына, уӕд уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн сӕ раздӕры рӕдыдтытӕ сӕ цӕстмӕ нӕ дардзысты, фӕлӕ хъуыды кӕндзысты, хъуыддаг куыд сраст кӕной, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5; 1 Петры 4:8). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй фӕдзурынц ӕмӕ фӕархайынц, иннӕйы цы зӕгъын фӕндыд, уый бамбарыныл.

Кӕрӕдзи бамбарӕн куыд ис, уый фӕдыл цыппар уынаффӕйы

Ӕркӕсӕм уыцы цыппар уынаффӕмӕ ӕмӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, Библи нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзгӕйӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнгӕйӕ зындзинӕдты сӕрты хизӕм.

1. Ныхас кӕнынӕн рӕстӕг ар. «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг... рӕстӕг хъусынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Екклесиаст 3:1, 7). Статьяйы райдианы цы хабар бакастыстӕм, уымӕй бӕрӕг у, иуӕй-иу хатт ныхас хылмӕ дӕр кӕй ахизы. Афтӕ куы рауайа, уӕд-иу дӕхиуыл фӕхӕц ӕмӕ-иу уыцы рӕстӕг мацыуал дзур. Библийы уынаффӕмӕ куы байхъусат, уӕд уӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзысут: «Хылӕн йӕ райдиан у, дон куыд ратона, уый хуызӕн. Уӕдӕ хыл цалынмӕ нӕ райдыдта, уӕдмӕ ацу» (Ӕмбисӕндтӕ 17:14).

Фӕлӕ ис «рӕстӕг дзурынӕн» дӕр. Зындзинӕдтӕ хӕмпӕлӕй уӕлдай не сты – куы нӕ сӕ «рувай», уӕд фылдӕр кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ-иу зындзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсут, зӕгъгӕ, сӕхӕдӕг банывыл уыдзысты. Кӕд ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдтай, уӕд дӕ цардӕмбалӕн зӕгъ, уыцы хъуыддагыл фӕстӕдӕр кӕй аныхас кӕндзыстут – уымӕй равдисдзынӕ, кӕй йын аргъ кӕныс. Афтӕмӕй уӕ дыууӕ дӕр, Библи куыд дзуры, афтӕ бакӕндзыстут: «Хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд» (Ефесӕгтӕм 4:26). Ӕмӕ стӕй, куыд загътай, афтӕ бакӕн ӕмӕ-иу аныхас кӕнут.

Алы къуыри дӕр-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнут, цӕмӕй-иу аныхас кӕнат, цы уӕ тыхсын кӕны, ууыл. Кӕд цыдӕр афон тагъддӕр рамӕсты вӕййыс, зӕгъӕм, куыстӕй куы ’рбацӕуыс, йе та ӕххормаг куы вӕййыс, уӕд-иу ӕндӕр хатт аныхас кӕнут. Ныхас кӕнут, уӕ дыууӕ дӕр уӕ хорз зӕрдӕйыл куы вӕййут, уӕд.

2. Дӕ хъуыды ӕргом ӕмӕ уӕзданӕй дзур. «Алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый» (Ефесӕгтӕм 4:25). Кӕд иннӕтӕн, раст цы у, уый хъуамӕ дзурӕм, уӕд ноджы ахсджиагдӕр у, цӕмӕй нӕ цардӕмбалӕн дзурӕм, раст цы у, уый. Уымӕ гӕсгӕ-иу нӕ цардӕмбалӕн ӕргом ӕмӕ бӕлвырд зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. 26 азы моймӕдзыд чи у, ахӕм сылгоймаг, Маргаритӕ *, загъта: «Райдианты-иу исты хъуыддаджы кӕрӕдзи куы нӕ бамбӕрстам, уӕд афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ лӕг хъуамӕ ӕнӕ дзургӕйӕ зона, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстон, уымӕн гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ ныр фӕархайын, цӕмӕй йын мӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурон».

Дӕ зӕрдыл дар, хъуыддагыл ныхас кӕнгӕйӕ дӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй де знагыл фӕуӕлахиз уай, фӕлӕ цӕмӕй дӕ цардӕмбалӕн зӕгъай, цы хъуыды кӕныс, уый. Уый тыххӕй зӕгъ, цы дӕ тыхсын кӕны ӕмӕ кӕд, стӕй бамбарын кӕн, дӕхи куыд фӕхатыс, уый. Зӕгъӕм, дӕ лӕгмӕ смӕсты вӕййыс, йӕ фӕстӕ кӕй не ’фснайы, уый тыххӕй. Уӕд ын сабырӕй зӕгъ: «Куыстӕй куы ’рбацӕуыс ӕмӕ дӕ дзаумӕттӕ алы рӕтты куы акалыс [цы дӕ тыхсын кӕны ӕмӕ кӕд], уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма дӕм ӕппындӕр нымады дӕр нӕу, хӕдзар кӕй ӕфснайын, уый [дӕхи куыд хатыс, уый]». Стӕй уӕзданӕй зӕгъ, дӕумӕ гӕсгӕ цы саразӕн ис, уый.

Дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕныны размӕ уал ахъуыды кӕн, цы зӕгъинаг ын дӕ, ууыл. Дӕ бон у гӕххӕттыл ныффыссын, цы дӕ тыхсын кӕны ӕмӕ дӕумӕ гӕсгӕ цы саразӕн ис, уый.

3. Дӕ цардӕмбалмӕ хъус ӕмӕ архай, цӕмӕй йӕ бамбарай. Библийы фысджытӕй иу, Иаков, загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг хъуамӕ «рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна» (Иаковы 1:19). Дӕ цардӕмбал дӕ куы не ’мбара, уӕд уымӕй зындӕр ницы вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ архай, цӕмӕй дӕ цардӕмбал афтӕ макуы зӕгъа, нӕ мӕ ’мбарыс, зӕгъгӕ (Матфейы 7:12).

Вольфганг йӕ бинойнагимӕ цӕры 35 азы ӕмӕ зӕгъы: «Мӕ бинойнагимӕ цыдӕр хъуыддагыл куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд мӕхимидӕг фӕтыхсын, уӕлдайдӕр мӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ мӕ не ’мбары, уӕд». 20 азы моймӕдзыд чи у, иу ахӕм сылгоймаг, Дианӕ, зӕгъы: «Мӕ лӕгӕн арӕх фӕдзурын, ныхас кӕнгӕйӕ мӕм нӕ фӕхъусыс, зӕгъгӕ». Цы саразӕн ис ахӕм уавӕры?

Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ дӕ цардӕмбал цы хъуыды кӕны кӕнӕ йӕ цы тыхсын кӕны, уый зоныс. Библийы ахӕм ныхӕстӕ ис: «Адӕймаг йӕхиуыл куы фервӕссы, уӕд уый ӕркӕны хылмӕ, уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ та ис зонд» (Ӕмбисӕндтӕ 13:10). Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын, йӕ ныхас-иу ын ӕрдӕгыл ма аскъуын. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн, раст ӕй бамбӕрстай ӕви нӕ. Уый тыххӕй дӕхи ныхӕстӕй радзур, дӕ цардӕмбал цы загъта, уый, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ, стӕй ӕлхыскъ ныхас дӕр ма кӕн. Кӕд цыдӕр раст нӕ бамбӕрстай, уӕд ӕй бауадз ӕмӕ дӕ сраст кӕна. Уӕ хъуыдытӕ радыгай дзурут, цалынмӕ кӕрӕдзи хуыздӕр нӕ бамбарат, уӕдмӕ.

Хъуамӕ сӕрныллӕг ӕмӕ фӕразон уӕм, цӕмӕй нӕ цардӕмбалмӕ лӕмбынӕг хъусӕм ӕмӕ йын йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм. Ды йын куы аргъ кӕнай, уӕд уымӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн дӕуӕн аргъ кӕнын (Матфейы 7:2; Ромӕгтӕм 12:10).

Дӕ цардӕмбалӕн йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ куыд бамбӕрстай, уый дӕхи ныхӕстӕй зӕгъ; алы ныхас ногӕй дзурын нӕ хъӕуы (1 Петры 3:8).

4. Иу хъуыдымӕ ӕрцӕут. «Дыууӕйӕн куыд хорз у, афтӕ иуӕн нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй арфӕгонд ӕрцӕуынц. Сӕ иу куы ахауа, уӕд ыл йе ’мбал схӕцдзӕн» (Екклесиаст 4:9, 10). Лӕг ӕмӕ ус сӕ зындзинӕдты сӕрты нӕ ахиздзысты, ӕмзондӕй куы нӕ архайой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы не ’ххуыс кӕной, уӕд.

Йегъовӕ бинонты хистӕрӕй нӕлгоймаджы сӕвӕрдта (1 Коринфӕгтӕм 11:3; Ефесӕгтӕм 5:23). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ус йӕ цагъар у. Ӕмбаргӕ лӕг цалынмӕ йӕ цардӕмбалы хъуыды нӕ базона, уӕдмӕ уынаффӕ нӕ рахӕсдзӕн. 20 азӕй фылдӕр бинонтӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм лӕг, Давид, загъта: «Фӕархайын, цӕмӕй бамбарон, мӕ усимӕ разы цӕуыл дӕн, уый. Стӕй, нӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ дӕр чи цӕуы, ахӕм уынаффӕ рахӕссын». Таня та авд азы цӕры йӕ лӕгимӕ ӕмӕ зӕгъы: «Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, раст чи у ӕмӕ чи нӕу. Уымӕн ӕмӕ адӕм иу цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц, хъуыддаг куыд банывыл кӕной, уымӕ. Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый бамбӕрстон – ӕрмӕст дӕхи хъуыдыйыл ма ныллӕуу ӕмӕ ӕмбаргӕ у».

Иумӕ ныффыссут, цы уӕ фӕтыхсын кӕны ӕмӕ цы сарӕзӕн ис, уый. Стӕй уӕ фыстытӕм ӕркӕсут ӕмӕ равзарут, уӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, уыцы уынаффӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайут. Стӕй цалдӕр боны фӕстӕ аныхас кӕнут, цы уын бантыст, ууыл.

Иумӕ архайут

Йесо Чырысти бинонты царды тыххӕй загъта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матфейы 19:6). Ам дзырдтӕ, «цы баиу кодта», зӕгъгӕ, грекъаг ӕвзаджы комкоммӕ нысан кӕнынц «иумӕ цы баивтыгъта». Чырыстийы рӕстӕджы дӕр ӕфсондз хъӕдӕй арӕзтой ӕмӕ-иу ӕй дыууӕ стурыл бакодтой, цӕмӕй иумӕ куыстаиккой. Дыууӕ стуры иуырдӕм куы нӕ цыдаиккой, уӕд сын бирӕ не ’нтыстаит ӕмӕ сын ӕфсондз сӕ бӕрзӕйтӕ хафтаид. Ӕмгуыст куы кодтаиккой, уӕд сӕ бон уыдаит уӕззӕуттӕ ласын кӕнӕ хуым кӕнын.

Лӕг ӕмӕ ус дӕр иумӕ куы нӕ архайой, уӕд сын бинонты цард масты хос йеддӕмӕ ницы уыдзӕн. Фӕлӕ иумӕ куы архайой, уӕд цыфӕнды зындзинады сӕрты дӕр ахиздзысты ӕмӕ сын бирӕ бантысдзӕн. Иу лӕг, Калалӕ, зӕгъгӕ, тынг амондджын у йӕ цардӕмбалимӕ: «Кӕд нын зындзинӕдтӕ вӕййы, уӕддӕр мӕ бинойнагимӕ ӕргом ныхас кӕнӕм, кӕрӕдзийы зын бамбарыныл архайӕм, Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм ӕмӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Уый фӕрцы амондджын стӕм ныр 25 азы дӕргъы». Сымахӕн дӕр уӕ бон у афтӕ кӕнын?

АХЪУЫДЫ КӔН...

▪ Мӕ цардӕмбалимӕ мӕ тынгдӕр цавӕр хъуыддагыл фӕнды аныхас кӕнын?

▪ Мӕ цардӕмбалы цы тыхсын кӕны, уый раст ӕмбарын ӕви нӕ, уый куыд базонӕн ис?

▪ Цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзындзӕн, ӕдзух мӕхи хъуыдыйыл куы лӕууон, уӕд?

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.