Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ком дарын. Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы?

Ком дарын. Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы?

«Адӕймаг ком куы фӕдары, уӕд Хуыцауы хъуыддӕгтыл арфдӕр фӕхъуыды кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, хӕрд ӕмӕ дарӕс царды сӕйрагдӕр кӕй не сты». КАТОЛИКОН ДИНЫЛ ХӔСТ СЫЛГОЙМАГ

«Ком даргӕйӕ адӕймаг Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕны». ИУДЕЙАГ ДИНЫ АХУЫРГӔНӔГ

«Мӕ дины ком дарын ӕнӕмӕнг у. Уымӕй хуыздӕр фадат нӕй, цӕмӕй равдисай, Хуыцауыл куыд ӕнувыд дӕ ӕмӕ дзы куыд бузныг дӕ. Ӕз ком дарын, Хуыцауы кӕй уарзын, уый тыххӕй». БАХАИЗМЫ ДИНЫЛ ХӔСТ СЫЛГОЙМАГ

КОМ дарыны ӕгъдау бирӕ динтӕм ис, зӕгъӕм, буддизмы, джайнизмы, индуизмы, пысылмон дины ӕмӕ иудаизмы. Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, цасдӕр рӕстӕг куы нӕ бахӕрой, уӕд Хуыцауы хорзӕх ссардзысты.

Ды та цы хъуыды кӕныс? Ком дарын хъӕуы? Уый фӕдыл Хуыцауы Ныхас Библийы цы фыст ис?

Раджы заманты ком куыд дардтой?

Раджы заманты бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй дардтой ком, ӕмӕ уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цыди. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ ком дардтой, кӕй хъыг кӕнынц кӕнӕ сӕ тӕригъӕдтыл кӕй фӕсмон кӕнынц, уый равдисынӕн (1 Самуилы 7:4–6), Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй куы куывтой (Тӕрхонгӕнджыты 20:26–28; Лукайы 2:36, 37), кӕнӕ цӕуылдӕр арф куы хъуыды кодтой, уӕд (Матфейы 4:1, 2).

Фӕлӕ Библийы фыст ис, Хуыцау иуӕй-иу хатт разы кӕй нӕ уыд, чидӕртӕ-иу ком кӕй дардтой, уымӕй. Зӕгъӕм, паддзах Саул ком дардта, дӕсныфӕрсӕг сылгоймагмӕ куы бацыд, уый размӕ (Левит 20:6; 1 Самуилы 28:20). Фыдгӕнджытӕ, зӕгъӕм, Иезавел, стӕй апостол Павелы амарынмӕ чи хъавыд, уыдонмӕ дӕр ком дарын раст касти (1 Паддзӕхты 21:7–12; Хъуыддӕгтӕ 23:12–14). Фарисейтӕ дӕр арӕх дардтой ком (Марчы 2:18). Фӕлӕ сын Чырысти бауайдзӕф кодта, ӕмӕ ком кӕй дардтой, уымӕй Хуыцауы зӕрдӕ не ссардтой (Матфейы 6:16; Лукайы 18:12). Стӕй Йегъовӕ ницӕмӕ ӕрдардта, иуӕй-иу израилӕгтӕ дӕр ком кӕй дардтой, уый, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой ӕмӕ цӕстмӕмитӕ кодтой (Йереми 14:12).

Ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ӕрмӕст ком дарынӕй адӕймаг Хуыцауы зӕрдӕ не ссардзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цыди, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ком кӕй дардтой, уый. Фӕлӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты та ком дарын хъӕуы?

Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ком дарын хъӕуы?

Хуыцау дзуттӕгтӕн Моисейы уылты цы Закъон радта, уым загъд уыд, цӕмӕй-иу афӕдз иу хатт, Сыгъдӕггӕнӕн бон сӕхи «ӕрныллӕг кодтаиккой», ома ком дардтаиккой (Левит 16:29–31; Псалом 35:13). Ӕрмӕстдӕр уыцы иу бонӕй загъта Йегъовӕ, цӕмӕй йӕ адӕм ком дардтаиккой *. Дзуттӕгтӕ хъуамӕ хъуыстаиккой ацы закъонмӕ. Фӕлӕ чырыстӕтты Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы (Ромӕгтӕм 10:4; Колоссӕгтӕм 2:14).

Чырысти дӕр ком дардта Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ, фӕлӕ ӕппынӕдзух нӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, сӕхи куыд хъуамӕ дардтаиккой ком даргӕйӕ, фӕлӕ сын ком дарут, зӕгъгӕ, никуы загъта (Матфейы 6:16–18; 9:14). Ӕмӕ уӕд цӕмӕн загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ ком кӕй дардзысты? (Матфейы 9:15). Афтӕ кӕнын сӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, ууыл нӕ дзырдта. Йесо загъта, йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ афтӕ тынг кӕй маст кӕндзысты, ӕмӕ сӕм хӕрын дӕр нӕ цӕудзӕн.

Библийы ис дыууӕ хабары, рагон чырыстӕттӕ ком кӕй дардтой, уый тыххӕй. Уыдонӕй бӕрӕг у, адӕймаг сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ком куы дара, уӕд уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы (Хъуыддӕгтӕ 13:2, 3; 14:23) *. Фӕлӕ уӕддӕр чырыстӕтты ком дарын ӕнӕмӕнг нӕ хъӕуы. Фӕлӕ адӕймаджы ком дарын куы бафӕнда, уӕд хъуамӕ йӕхи цӕмӕйдӕрты хиза.

Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

Адӕймаг ком кӕй дары, уый тыххӕй йӕхицӕй хъуамӕ сӕрыстыр ма уа. Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй «нӕхи иннӕты цӕстмӕ сӕрныллӕг [ма] ӕвдисӕм» (Колоссӕгтӕм 2:20–23). Иухатт Чырысти радзырдта фӕсномыг ныхас, ӕдзух ком чи дардта ӕмӕ уый тыххӕй йӕхи иннӕтӕй хуыздӕр чи хуыдта, ахӕм сӕрбӕрзонд фарисейы тыххӕй. Уыцы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц сӕрбӕрзонд адӕм (Лукайы 18:9–14).

Раст ма нӕ уаид, ком кӕй дарӕм, уый ахъӕр кӕнын кӕнӕ нын чидӕр кӕй загъта, уый тыххӕй ком дарын. Матфейы 6:16–18 фыст ис, Чырысти кӕй загъта, адӕймаг ком кӕй дары, уый тыххӕй алкӕмӕндӕр дзурын кӕй нӕ хъӕуы, Хуыцау ӕй уыны, цы аразы, уый.

Адӕймаг хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕмӕ ком куы дара, уӕд йӕ тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг уыдзӕн. Цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй ӕрмӕст ком дарын нӕ хъӕуы, фӕлӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын дӕр (Исай 58:3–7). Хуыцау адӕймагӕн ныххатыр кӕндзӕн, зӕрдӕбынӕй куы ӕрфӕсмон кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд (Иоил 2:12, 13). Библи комкоммӕ зӕгъы, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ йе стыр хорзӕхы фӕрцы кӕй хатыр кӕны. Уыцы хорзӕх та рабӕрӕг, Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Цыфӕнды ма аразӕм, ком куы дарӕм, уӕддӕр Хуыцауы хорзӕхы аккаг никуы уыдзыстӕм (Ромӕгтӕм 3:24, 27, 28; Галатӕгтӕм 2:16; Ефесӕгтӕм 2:8, 9).

Исайы 58:3 стихы ма фыст ис, арӕх адӕм цӕмӕй рӕдийынц, ахӕм хъуыддаджы тыххӕй. Израилӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ком кӕй дардтой, уый тыххӕй сын Хуыцау дӕр цыдӕр хорздзинад кӕй хъуамӕ сарӕзтаид. Уыдон дзырдтой: «Мах ком куы дардтам, уӕд нӕ цӕуылнӕ уыдтай, нӕхи куы ныллӕг кодтам, уӕд нӕм цӕуылнӕ кастӕ?» Абон дӕр бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ком кӕй дарынц, уый тыххӕй сын Хуыцау арфӕ кӕндзӕн. Уӕдӕ нӕхи хизӕм ахӕм зондахастӕй, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн кад нӕ кӕнӕм ӕмӕ уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу!

Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ цасдӕр рӕстӕг куы нӕ хӕрой, сӕхи хъизӕмарӕй куы марой кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ куы аразой, уӕд Хуыцауы хорзӕх ссардзысты. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас ахӕм хъуыддӕгты ныхмӕ у. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, «дӕхи хъизӕмарӕй марай», уый «тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнынӕн ницы ӕххуыс» у (Колоссӕгтӕм 2:20–23).

Раст цӕстӕнгас

Куыд уынӕм, афтӕмӕй ком дарын ӕнӕмӕнг нӕу ӕмӕ ӕвзӕр дӕр нӕу. Уӕлдӕр цы хъуыддӕгтыл ныхас кодтам, уыдонӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд иуӕй-иу хатт пайда дӕр вӕййы. Фӕлӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы ком дарын сӕйраг нӕу. Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уой амондджын (1 Тимофеймӕ 1:11). Йӕ Ныхасы фыст ис: «Адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, цӕмӕй... хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уына. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Екклесиаст 3:12, 13).

Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын хъуамӕ циндзинад хӕсса, фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ та ком дарын ӕмӕ циндзинадӕн иумӕйагӕй ницы ис. Уымӕй уӕлдай, кӕй нӕ хӕрӕм, уый тыххӕй не ’нӕниздзинадӕн тӕссаг куы уа кӕнӕ, Хуыцау ӕцӕг чырыстӕттӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнынӕн, ома хорз хабар хъусын кӕнынӕн нӕм хъарутӕ куы нӕ уа, уӕд фидарӕй зӕгъӕн ис, ком дӕрын зиан йеддӕмӕ кӕй ницы хӕссы.

Ком дардзыстӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ иннӕтӕн уайдзӕф ма кӕнӕм. Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн ацы хъуыддаджы тыххӕй хъуамӕ быцӕутӕ ма уа, «уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад хӕрд ӕмӕ нозт нӕу, фӕлӕ рӕстдзинад, фарн ӕмӕ цин – сыгъдӕг уды фӕрцы» (Ромӕгтӕм 14:17).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 12 абз. Кӕд Хуыцау Есфирӕн нӕ бахӕс кодта, цӕмӕй ком дардтаид, уӕддӕр уый ныхмӕ нӕ уыд. Уый фӕстӕ дзуттӕгтӕ уыцы бон бӕрӕг кӕнын райдыдтой. Уыцы бӕрӕгбон хуыйны Пурим ӕмӕ уый размӕ дзуттӕгтӕ ком фӕдарынц.

^ 14 абз. Иуӕй-иу Библийы тӕлмацтӕм бафтыдтой, ком дарын кӕй хъӕуы, ахӕм ныхӕстӕ, афтӕмӕй та рагон Грекъаг къухфыстыты не сты (Матфейы 17:21; Марчы 9:29; Хъуыддӕгтӕ 10:30; 1 Коринфӕгтӕм 7:5, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтирь», 1994 аз).

[Хицӕнгонд текст 18 фарсыл]

Фарисейтӕ ком даргӕйӕ адӕмы цӕстмӕ сӕхи сӕрныллӕг ӕвдыстой

[Хицӕнгонд текст 19 фарсыл]

«Хуыцауы паддзахад хӕрд ӕмӕ нозт нӕу, фӕлӕ рӕстдзинад, фарн ӕмӕ цин»

[Рамкӕ 19 фарсыл]

Куадзӕны размӕ ком дарын хъӕуы?

Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ Куадзӕны размӕ 40 боны ком кӕй фӕдарынц, уый баст у, Чырысти 40 боны ком кӕй дардта, уыимӕ. Фӕлӕ Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ никуы загъта, цӕмӕй ком дардтаиккой. Стӕй ком кӕй дардтой, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр нӕй. Куадзӕны размӕ 40 боны ком дарыны тыххӕй фыццаг хатт фыст уыд н. э. 330 азы Александрийаг Афанасийы фыстӕджыты.

Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ нӕ, фӕлӕ йӕ аргъуыды фӕстӕ кӕй дардта ком, уымӕ гӕсгӕ диссаг у, иуӕй-иу динты Куадзӕны размӕ цалдӕр къуыри ком кӕй фӕдарынц, уый. Фӕлӕ афӕдзы райдианы 40 боны ком дардтой вавилойнӕгтӕ, египетӕгтӕ ӕмӕ грекъӕгтӕ. Ӕвӕццӕгӕн чырыстӕттӕ дӕр ацы ӕгъдау уыдонӕй райстой.