Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дохтыртӕм фӕцӕуынц?
▪ Йесо Чырысти загъта, зӕгъгӕ, «дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ» (Матфейы 9:12). Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, дохтырты ӕххуыс бацагурын Библийы закъӕтты ныхмӕ кӕй нӕу. Уӕдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, куы фӕхъӕуы, уӕд хостӕ фӕнуазынц ӕмӕ дохтыртӕм фӕцӕуынц. Фӕнды сӕ, цӕмӕй ӕнӕниз уой ӕмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр фӕцӕрой. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ сӕхӕдӕг дӕр дохтыртӕ сты, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иу, Лука, зӕгъгӕ, дохтыр куыд уыд, афтӕ (Колоссӕгтӕм 4:14).
Фӕлӕ хос кӕныны мадзӕлттӕй Библийы закъӕтты ныхмӕ чи у, уыдоныл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ разы кӕнынц. Зӕгъӕм, нӕ разы кӕнынц туг уадзыныл, уымӕн ӕмӕ Библи фӕдзӕхсы, адӕймаг тугӕй йӕхи кӕй хъуамӕ хиза (Райдиан 9:4; Левит 17:1–14; Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29). Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ ма нӕй хос кӕнӕн, кӕлӕнтимӕ баст чи у, ахӕм мадзӕлтты фӕрцы кӕнӕ дӕсныты ӕххуысӕй (Исай 1:13; Галатӕгтӕм 5:19–21).
Бирӕ дохтыртӕ хос кӕнынц, Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи нӕу, ахӕм мадзӕлттӕй. Уыдон арӕх вӕййынц, Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ чи у, уыцы мадзӕлттӕй бирӕ хуыздӕр, ӕмӕ сыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ сразы вӕййынц.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг йӕхи куыд дзӕбӕх кӕна, уый фӕдыл бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис. Арӕх, иуӕн цы баххуыс кӕны, уый иннӕмӕн ницы ӕххуыс фӕвӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ низыхатт бӕлвырд сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ йӕхицӕн, растдӕр куыд у, афтӕ хос кӕнын кӕй фӕнды, уый, чи зоны, ӕрмӕст иу дохтырмӕ ма бацӕуа, фӕлӕ цалдӕрмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:15).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, сӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзысты, уый фӕдыл ӕмхуызон уынаффӕ нӕ рахӕссынц. Библи сын уый бар дӕтты, цӕмӕй, Хуыцау бӕлвырд закъон кӕй тыххӕй нӕ радта, уыцы хъуыддӕгты фӕдыл сӕ алчи йӕхи уынаффӕ хӕсса, йе ’фсарм ын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (Ромӕгтӕм 14:2–4). Уӕдӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ базона, йӕ низ дзӕбӕх кӕнынӕн цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй алкӕцыйы тыххӕй дӕр. Стӕй хъуамӕ ахъуыды кӕна, кӕй равзӕрста, уыцы мадзалӕй куы хос кӕна, уӕд Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдзӕн ӕви нӕ (Галатӕгтӕм 6:5; Дзуттӕгтӕм 5:14).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕн алы хъуыддаджы дӕр уынаффӕ куыд хӕсдзӕн, уымӕн ӕрхӕссӕн ис иу цӕвиттон. Зӕгъӕм, шофыр, машинӕтӕй фезмӕлӕн кӕм нӕй, ахӕм дыууӕ фӕндаджы астӕумӕ фӕхӕццӕ кӕны. Алырдӕм куы нӕ акӕса ӕмӕ, йӕ разӕй цы машинӕтӕ цӕуы, уыдоны фӕдыл фӕндаджы астӕумӕ уыциу тахт куы бакӕна, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ авари скӕна. Ахӕм уавӕры къӕрцхъус шофыр тагъд нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ цыд фӕсындӕгдӕр кӕндзӕн ӕмӕ уал акӕсдзӕн, иннӕ машинӕтӕй чи кӕцырдӕм цӕуы, уымӕ. Раст афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, сӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзысты, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ тагъд нӕ фӕкӕнынц, стӕй адӕмы зондыл дӕр нӕ фӕцӕуынц. Уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынц хос кӕныны мадзӕлттӕй алкӕцыйыл дӕр ӕмӕ ӕркӕсынц, Библи уый фӕдыл цы дзуры, уымӕ.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ аргъ кӕнынц дохтырты ӕнувыд куыстӕн ӕмӕ сӕ бузныг вӕййынц, сӕ низӕй сӕ кӕй сдзӕбӕх кӕнынц, уый тыххӕй.