Армагеддон – бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ цы у?
«Ӕмӕ паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (РАРГОМАД 16:16).
ДЗЫРД «Армагеддон» куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс? Ӕвӕццӕгӕн, фӕзӕгъыс, уый у бӕстысӕфт, зӕгъгӕ. Кӕд ацы дзырд Библийы иу хатт йеддӕмӕ не ’мбӕлы, уӕддӕр ӕй арӕх фехъусӕн вӕййы ног хабӕртты, стӕй йӕ кой арӕх фӕкӕнынц дины разамонджытӕ дӕр.
Цымӕ Армагеддоны тыххӕй адӕм цы дзурынц, уый Библимӕ гӕсгӕ раст у? Ацы фарстайӕн дзуапп зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цӕмӕн? Армагеддон ӕцӕгӕй цы у, уый куы зонай, уӕд уыцы дзырд фехъусгӕйӕ ӕмризӕджы нал риздзынӕ, фидӕнӕй дын ныфс фӕзындзӕн ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй дӕ хъуыды фӕивдзынӕ.
Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, дӕлдӕр цы ӕртӕ фарстайы ис, уыдоныл ӕмӕ фенӕм, Армагеддоны тыххӕй адӕм цы дзурынц ӕмӕ Библийы та цы ис фыст, уый.
1. АРМАГЕДДОН, АДӔМ КӔЙ РАСАЙДЗЫСТЫ, АХӔМ БӔЛЛӔХ У?
Журналисттӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ дзырд «Армагеддон»-ӕй фӕпайда кӕнынц, адӕмы аххосӕй чи ’рцӕуы, ахӕм бӕллӕхты кой куы фӕкӕнынц, уӕд. Зӕгъӕм, Фыццаг ӕмӕ Дыккаг дунеон хӕстытӕ хуыдтой Армагеддон. Уыцы хӕстыты фӕстӕ адӕм тарстысты, Иугонд Штаттӕ ӕмӕ Советон Цӕдис кӕрӕдзи ядерон хӕцӕнгарзӕй куы ныццӕгъдой, уымӕй. Ӕмӕ-иу ног хабӕртты дзырдтой, зӕгъгӕ, уыцы дыууӕ бӕстӕйы кӕрӕдзимӕ куы фӕуой, уӕд райдайдзӕн «Армагеддон – ядерон хӕст». Абон та ахуыргӕндтӕ ӕндӕр Армагеддонӕй фӕдзӕхсынц. Адӕм зӕхх кӕй сафынц, уымӕ гӕсгӕ тӕрсынц, климӕт бынтондӕр куы фӕива ӕмӕ бӕстысӕфт куы ’рцӕуа.
Адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ хабар куыд у? Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр ис адӕмы къухы, ӕмӕ йыл райсом цард уыдзӕн ӕви нӕ, уый уыдонӕй кӕнгӕ у. Хицауӕдтӕ куы ницы саразой, уӕд зӕхх фесӕфдзӕн.
Библи та цы дзуры? Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй адӕм зӕхх фесафой. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ * зӕхх «дзӕгъӕлы» не сфӕлдыста. Уый йӕ скодта «цӕрынӕн» (Исай 45:18). Хуыцау не ’нхъӕлмӕ кӕсдзӕн, адӕм зӕхх бынтондӕр кӕд фесафдзысты, уымӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы, уыдоны» (Раргомад 11:18).
2. АРМАГЕДДОН СТЫР ӔРДЗОН БӔЛЛӔХ У?
Хатт стыр ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд журналисттӕ фӕзӕгъынц, Армагеддон ӕрцыд, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, 2010 азы Гаитийы зӕххӕнкъуыст куы уыд, уӕд иу газеты фыст уыди, зӕгъгӕ, «Гаитийы ӕрцыд Армагеддон». Уым дзырд цыди, уыцы стыр зӕххӕнкъуыст адӕмӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзарын кодта, дуне адӕм дзы ӕнӕ хӕдзарӕй кӕй баззад ӕмӕ дзы мингӕйттӕ та кӕй фӕмард, уый тыххӕй. Корреспонденттӕ ӕмӕ кинорежиссертӕ дзырд «Армагеддон»-ӕй фӕпайда кӕнынц, цы бӕллӕхтӕ ӕрцыд, ӕрмӕст уыдоны кой кӕнгӕйӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ноджыдӕр цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдоны кой кӕнгӕйӕ дӕр. Зӕгъӕм, ацы дзырдӕй спайда кодтой, зӕххыл астероид куы сӕмбӕла, уӕд уый цы стыр бӕллӕхтӕм ӕркӕндзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ.
Адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ хабар куыд у? Армагеддон у, ӕнӕнхъӕлӕджы чи ’рцӕудзӕн ӕмӕ ӕнаххос адӕм кӕм фӕцагъды уыдзысты, ахӕм бӕллӕх. Ӕмӕ цӕмӕй дӕхи бахъахъхъӕнай, уый тыххӕй дӕ бон ницы уыдзӕн саразын.
Библи та цы дзуры? Армагеддон, ӕнӕнхъӕлӕджы чи ’рцӕудзӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр, хорзӕй-ӕвзӕрӕй, кӕм фӕцагъды уыдзысты, ахӕм бӕллӕх нӕу. Армагеддоны фесӕфдзысты ӕрмӕстдӕр фыдгӕнджытӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, тагъд «фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис» (Псалом 37:10).
3. ХУЫЦАУ АРМАГЕДДОНЫ ЗӔХХ ФЕСАФДЗӔН?
Уырнӕг адӕмӕй бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, хорздзинад ӕмӕ фыддзинады ’хсӕн фӕстаг хатт тох бацайдагъ уыдзӕн, ӕмӕ уӕд Зӕхх фесӕфдзӕн. Иугонд Штатты горӕт Принстоны иу иртасджыты къорд алыхуызон адӕмы бафарста, ӕмӕ сӕ 40 проценты загътой, зӕгъгӕ, дам, «Армагеддоны хӕст» куы уа, уӕд уыдзӕн бӕстысӕфт.
Адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ хабар куыд у? Адӕм зӕххыл ӕнустӕм нӕ цӕрдзысты, стӕй Хуыцау зӕхх афтӕ не скодта, цӕмӕй ӕнустӕм уа. Ӕмӕ адӕймаджы дӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй ӕппынфӕстаг амӕла.
Библи та цы дзуры? Библийы бӕлвырд фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау «зӕхх сӕвӕрдта фидар бындурыл, ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн» (Псалом 104:5). Адӕмы тыххӕй та дзы фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).
Куыд федтам, афтӕмӕй адӕм Армагеддоны тыххӕй цы дзурынц, уымӕн Библиимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Уӕдӕ хабар ӕцӕгӕй куыд у?
[Фиппаинаг]
^ 9 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.