Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Хуыцау арфӕ кӕны, чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн

Хуыцау арфӕ кӕны, чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн

«СТЫР БУЗНЫГ ДЫН!» Алкӕмӕн дӕр нӕ ӕхсызгон вӕййы, исчи нын нӕ лӕвары тыххӕй кӕнӕ, цавӕрдӕр куыст хорз кӕй бакодтам, уый тыххӕй бузныг куы фӕзӕгъы, уӕд. Алкӕй дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй нын иннӕтӕ, уӕлдайдӕр та кӕй уарзӕм, уыдон, нӕ фыдӕбонӕн аргъ кӕной. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕты тынгдӕр та уарзӕм Йегъовӕйы. Цымӕ нын Хуыцау нӕ лӕггадӕн аргъ кӕны? Ӕркӕсӕм-ма Авдемелехы хабармӕ. Хуыцауы пехуымпары фервӕзын кӕныны тыххӕй Авдемелех йӕ цард баппӕрста тӕссаг уавӕры. Цымӕ йын Йегъовӕ йӕ хорздзинадӕн саргъ кодта? (Бакӕс Йереми 38:7–13; 39:16–18.)

Чи уыди Авдемелех? Ӕвӕццӕгӕн, Авдемелех уыд Иудӕйы паддзах Седекийы лӕггадгӕнӕг ӕмӕ царди Йеремийы рӕстӕджы. Хуыцау Йеремийӕн бахӕс кодта, цӕмӕй мӕнгард Иудӕйы адӕмӕн фехъусын кодтаид, тагъд ыл стыр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн. Фыдзӕрдӕ кънйӕзтӕй уӕлдай, Авдемелех тарст Хуыцауӕй, стӕй Йеремийӕн дӕр тынг аргъ кодта. Уыцы кънйӕзтӕ Йеремийы фӕаххосджын кодтой, адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ныппӕрстой, дон нӕ, фӕлӕ цъыф кӕм уыд, ахӕм дзыхъхъы, цӕмӕй уым амардаид (Йереми 38:4–6). Цымӕ Авдемелех куыд бакодта?

Авдемелех уыд хъӕбатыр ӕмӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ райдыдта архайын, стӕй кънйӕзтӕй дӕр нӕ фӕтарст. Паддзах Седекимӕ бацыд ӕмӕ йын загъта, Йеремийӕн цы бакодтой, уый раст кӕй нӕу. Ӕвӕццӕгӕн, аххосджын чи уыд, уыдоны ’рдӕм къухӕй бацамыдта ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Уыцы адӕм... Йеремийӕн афтӕ кӕй бакодтой, уый раст нӕу» (Йереми 38:9). Седеки Авдемелехмӕ байхъуыста, ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йемӕ 30 лӕджы акодтаид ӕмӕ Йеремийы дзыхъхъӕй систаид.

Авдемелехмӕ ма уыд ӕндӕр хорз миниуӕг дӕр – хӕларзӕрдӕдзинад. Авдемелех райста «зӕронд хӕцъилтӕ ӕмӕ хъуымацы гӕппӕлтӕ, ӕмӕ сӕ Йеремимӕ дзыхъмӕ бӕндӕнтыл ныууагъта». Цӕмӕн? Цӕмӕй сӕ Йереми йӕ дӕлӕрмтты бакодтаид, ӕмӕ йӕ дзыхъхъӕй куы истаиккой, уӕд дзы мацы фӕрыстаид (Йереми 38:11–13).

Авдемелех цы хорздзинад ракодта, уый Йегъовӕ федта. Фӕлӕ йын цымӕ уый тыххӕй раарфӕ кодта? Йегъовӕ Йеремийы уылты Авдемелехӕн загъта, Иудӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй бабын уыдзӕн. Уый фӕстӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн. Йегъовӕ дзы ныфс бауагъта, кӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн, уый йын иу хатт нӕ, фӕлӕ фондз хатты кӕй загъта, уымӕй: «[ӕз дӕ] фервӕзын кӕндзынӕн», «кӕмӕй тӕрсыс, уыдоны къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзынӕ», «ӕз дӕ ӕнӕмӕнгӕй фервӕзын кӕндзынӕн», «ды хъамайы амӕттаг нӕ бауыдзынӕ», «удӕгасӕй баззайдзынӕ». Йегъовӕ Авдемелехӕн бамбарын кодта, афтӕ цӕмӕн бакӕндзӕн, уый: «Уымӕн ӕмӕ ды дӕ зӕрдӕ дарыс мӕныл» (Йереми 39:16–18). Йегъовӕ зыдта, Авдемелех Йеремийӕн ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй нӕ баххуыс кодта, ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ рыст, фӕлӕ ма Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй дӕр.

Авдемелехы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн тынг аргъ кӕны. Библи нын зӕрдӕ ’вӕры, Йегъовӕйыл куы ’ууӕндӕм ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд дзы суанг нӕ гыццыл хъуыддаг дӕр рохуаты кӕй нӕ баззайдзӕн (Марчы 12:41–44). Дӕ лӕггадӕн дын афтӕ тынг чи аргъ кӕны, уыцы Хуыцауы дӕ хуыздӕр базонын нӕ фӕнды? Уӕдӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйы тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл: «Зӕрдиагӕй [йӕ] чи агуры, уыдонӕн... арфӕ кӕны» (Дзуттӕгтӕм 11:6).

Майы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Йереми 32–50