Библийы фыст диссӕгтыл ӕууӕндӕн ис?
ЗӔГЪӔМ, чидӕр дын цавӕрдӕр диссаджы хабар радзырдта. Цымӕ йын йӕ ныхӕстыл баууӕнддзынӕ? Ӕвӕццӕгӕн, уый кӕнгӕ уыдзӕн, чи дын ӕй радзырдта, уымӕн адӕмы ’хсӕн цавӕр ном ис, уымӕй. Сӕйрагдӕр уый нӕ уыдзӕн, уыцы хабар дын куыд радзырдта, фӕлӕ йын йӕхиуыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ, уый. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд дӕ адӕймаг уымӕй размӕ никуы асайдта, уӕд ыл ацы хатт дӕр баууӕнддзынӕ.
Уый зӕгъӕн ис, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдонӕй дӕр. Уыцы диссӕгтӕ куы ӕрцыдысты, уыцы рӕстӕг махӕй иу дӕр нӕ цард, фӕлӕ сыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын нӕ бон у. Куыд? Цӕй, ӕмӕ сыл лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕнӕм.
Диссӕгтӕй бирӕтӕ адӕм сӕхи цӕстӕй федтой. Хатт-иу диссӕгтӕ федтой мингай, суанг милуангай адӕм дӕр (Рацыд 14:21–31; 19:16–19). Сусӕгӕй, адӕм-иу сӕ куыд нӕ федтаиккой, афтӕ арӕзт-иу не ’рцыдысты.
Цы диссӕгтӕ ’рцыд, уыдон фокустӕ нӕ уыдысты. Фокустӕй уӕлдай, Библи цы диссӕгты кой кӕны, уыдон равдысты хуызӕн нӕ уыдысты. Чи сӕ арӕзта, уый-иу цавӕрдӕр сӕрмагонд дзауматӕй ӕмӕ-иу адӕймаджы асайӕн кӕмӕй уыдаид, ӕндӕр ахӕм цымӕйдӕрты нӕ пайда кодта. Уыдон-иу ӕрцыдысты ӕнӕнхъӕлӕджы кӕнӕ-иу исчи диссаг саразыны тыххӕй куы балӕгъстӕ кодта, уӕд (Марчы 5:25–29; Лукайы 7:11–16). Ахӕм уавӕртӕм та рагацау бацӕттӕ кӕнӕн нӕ уыд.
Диссӕгтӕ-иу чи арӕзта, уыдон кадмӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ нӕ бӕллыдысты. Диссӕгтӕ-иу арӕзтой, цӕмӕй-иу Хуыцауы скадджын кодтаиккой (Иоанны 11:1–4, 15, 40). Диссӕгты фӕрцы-иу искӕй ӕхца бакусын куы фӕндыд, уӕд-иу уый фыдхъуыддагыл нымад уыд (2 Паддзӕхты 5:15, 16, 20, 25–27; Хъуыддӕгтӕ 8:18–23).
Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдон адӕймаг йӕхи хъаруйӕ нӕ сарӕзтаид. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ бар цыд денджыз, дымгӕ ӕмӕ къӕвдайыл. Уымӕй уӕлдай донӕй сӕн рауад, рынчынтӕ-иу сдзӕбӕх сты, куырмытӕ-иу цӕстӕй ракастысты. Ацы диссӕгтӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕй бӕрӕг у, адӕймагӕй тыхджындӕр чи у ӕмӕ йӕ бар алцӕуылдӕр кӕмӕн цӕуы, ӕрмӕстдӕр сӕ уымӕн кӕй уыд йӕ бон саразын (1 Паддзӕхты 17:1–7; 18:41–45; Матфейы 8:24–27; Лукайы 17:11–19; Иоанны 2:1–11; 9:1–7).
Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы диссӕгтӕ арӕзтой, уыдоны ныхмӕ се знӕгтӕн дӕр сӕ бон ницы уыд зӕгъын. Йесо Чырысти йе ’мбалы, Лазӕры, куы райгас кодта, уӕд, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕй афтӕ ничи загъта, Лазӕр мард нӕ уыд, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куыд загътаиккой, Лазӕр цыппар боны зӕппадзы куы Иоанны 11:45–48; 12:9–11). Чырыстийы мӕлӕтыл сӕдӕ азтӕ рацыд, фӕлӕ дзуттаг Талмуд чи ныффыста, уыдон уӕд дӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Чырыстийӕн йӕ бон диссӕгтӕ аразын кӕй уыд, ууыл. Фӕлӕ дызӕрдыг кодтой, кӕй хъаруйӕ сӕ арӕзта, ууыл. Фыццаг ӕнусы дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты тӕрхондонмӕ куы акодтой, уӕд сӕ афтӕ нӕ бафарстой, диссӕгтӕ арӕзтат ӕви нӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ бафарстой: «Уыцы хъуыддаг кӕй хъаруйӕ ӕмӕ кӕй номӕй бакодтат?» (Хъуыддӕгтӕ 4:1–13).
фӕци, уӕд! (Уӕдӕ, цымӕ, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдоныл ӕууӕндӕн ис? Ис. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, уӕлдӕр цӕуыл аныхас кодтам, уымӕй. Фӕлӕ ма ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Библийы исты хабары кой куы вӕййы, уӕд ма дзы арӕх фыст вӕййы, кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыд, уый дӕр, стӕй кӕуыл ӕрцыд, уыдоны нӕмттӕ дӕр. Библи Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй ӕрцыд, ууыл чи дызӕрдыг кӕны, суанг ма уыдон дӕр дис кӕнынц, Библийы хабӕрттӕ историйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ куыд раст фыст сты, ууыл. Библийы пехуымпарӕдтӕй сӕдӕгӕйттӕ суанг лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Уымӕй уӕлдай ма, Библийы ис бирӕ уынаффӕтӕ, адӕм кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй куыд цӕрой, уый фӕдыл. Уыцы уынаффӕтӕ бирӕтӕн баххуыс кодтой – ацӕргӕтӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн, хъӕздгуытӕн ӕмӕ мӕгуыртӕн. Библийы уынаффӕтӕ ницӕимӕ ис абарӕн!
Библийы цы фыст ис, ууыл ма кӕд дызӕрдыг кӕныс, уӕд хорз нӕ уаид, иу гыццыл рӕстӕг куы ссарис, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай? Цас ӕй хуыздӕр базонай, уыйас ыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ (Иоанны 17:17). Уӕд бамбардзынӕ, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдон ӕрымысгӕ хабӕрттӕ кӕй не сты. Ӕмӕ дӕ уӕд бауырндзӕн, фидӕны тыххӕй дзы цы фыст ис, уый дӕр тагъд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн.
[Ныв 7 фарсыл]
Чырыстийӕн йе знӕгтӕ дӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Лазӕр мард кӕй уыд, ууыл