Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Диссӕгтӕ ӕцӕгдӕр ӕрцӕуы ӕви нӕ? Адӕм арӕхдӕр цы фӕдзурынц?

Диссӕгтӕ ӕцӕгдӕр ӕрцӕуы ӕви нӕ? Адӕм арӕхдӕр цы фӕдзурынц?

1. Диссӕгтӕ нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ уый ӕрдзы закъӕтты ныхмӕ у. Мах ӕрдзы закъӕтты тыххӕй цы зонӕм, уый зонӕм, ахуыргӕндтӕ цы сбӕлвырд кӕнынц, уый фӕрцы. Ӕрдзы закъӕттӕ абарӕн ис ӕвзаджы ӕгъдӕуттимӕ – кӕд ӕвзаг бӕлвырд ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ арӕзт вӕййы, уӕддӕр дзы цыдӕртӕ вӕййы уыцы ӕгъдӕутты ныхмӕ. Уӕдӕ ӕрдзы закъӕттӕ дӕр кӕронмӕ бамбарын нӕ бон нӕу (Иов 38:4). Ахуыргонд, чи зоны, ӕрдзы цавӕрдӕр закъон раиртасыныл цӕрӕнбонты архайа, фӕлӕ куы бафиппайа, алцыдӕр уыцы закъонмӕ гӕсгӕ кӕй нӕ вӕййы, уӕд ӕй йӕ хъуыды аивын бахъӕудзын. Ахӕм ныхас ис, зӕгъгӕ, «иу сау доныхъаз фенгӕйӕ дӕр бамбарӕн ис, доныхъазтӕ ӕрмӕст урсытӕ кӕй нӕ вӕййынц».

Адӕймаг цыдӕр бӕлвырд куы нӕ фӕзоны, уӕд йӕ бон раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын кӕй нӕ вӕййы, уый бӕрӕг у иу хабарӕй. Радзырдта йӕ философ Джон Локк (1632–1704). Иухатт Голландийы минӕвар Сиамы паддзахӕн йӕ бӕстӕйы кой куы кодта, уӕд ын загъта, зӕгъгӕ, иуӕй-иу хатт нӕ бӕстӕйы пылтӕн дӕр сӕ бон вӕййы доныл цӕуын. Паддзах ын йӕ ныхӕстыл нӕ баууӕндыд ӕмӕ ахъуыды кодта, сайгӕ мӕ кӕны, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын минӕвар кодта, паддзах цы нӕ зыдта, уый кой, ома дон ныййих вӕййы, ӕмӕ йыл уӕд пылӕн дӕр йӕ бон ацӕуын вӕййы. Паддзахмӕ уый мӕнг ныхас уымӕн фӕкаст, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ бӕлвырд нӕ зыдта.

Ӕркӕсӕм-ма, цалдӕр дӕсазы размӕ адӕймаджы уырнгӕ дӕр чи нӕ бакодтаид, фӕлӕ абон нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕм.

● Хӕдтӕхӕгӕн ӕнӕрлӕугӕйӕ йӕ бон у Нью-Йоркӕй Сингапурмӕ 800 адӕймагӕй фылдӕр аласын, уымӕй дӕр иу сахатмӕ тӕхы 900 километры.

● Нырыккон технологиты фӕрцы уый гӕнӕн ис, цӕмӕй, иу бӕстӕйы чи цӕры, уыдон, иннӕ бӕстӕйы чи цӕры, уыцы адӕмы уыной ӕмӕ семӕ ныхас кӕной.

● Спичкӕйы къоппӕй къаддӕр чи у, ахӕм механизмы ныффыссӕн ис цалдӕр мин зарӕджы.

● Дохтыртӕн сӕ бон у адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ кӕнӕ йӕ буары ӕндӕр хӕйттӕ иннӕ адӕймаджы зӕрдӕйӕ ӕмӕ буары ӕндӕр хӕйттӕй баивын.

Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты? Кӕд адӕймагӕн, ӕрӕджы дӕр ма гӕнӕн цӕмӕн нӕ уыд, уыдӕттӕ бантыстысты, уӕд, Дуне чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауӕн йӕ бон куыннӕ уыд, нырма нӕ зонд кӕуыл не ’ххӕссы ӕмӕ махӕн нӕ бон саразын кӕй нӕу, ахӕм диссӕгтӕ саразын? * (Райдиан 18:14; Матфейы 19:26).

2. Библийы диссӕгты кой уый тыххӕй ис, цӕмӕй адӕм Хуыцауыл ӕууӕндой. Библи афтӕ нӕ зӕгъы, цӕмӕй алы диссагыл дӕр ӕууӕндӕм. Уый нӕ, фӕлӕ ма нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы хъуыддаджы къӕрцхъус уӕм. Ӕркӕсӕм-ма ацы ныхӕстӕм: «Ныхмӕлӕууӕг куы ӕрцӕуа, уӕд хӕйрӕджы ӕппӕт хъаруйӕ равдисдзӕн мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгтӕ. Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфтыкъахыл лӕуджыты» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:9, 10, «Ног Фӕдзӕхст», 2004).

Йесо Чырысти дӕр загъта, бирӕтӕ сӕхи йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй хондзысты, иуӕй-иутӕ та йын суанг афтӕ дӕр кӕй дзурдзысты: «Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам?» (Матфейы 7:22, «Ног Фӕдзӕхст», 2004). Фӕлӕ Чырыстийы ныхӕстӕй зыны, уыцы адӕмы йӕ фӕдылдзӕуджытыл кӕй нӕ нымайдзӕн (Матфейы 7:23). Уӕдӕ бӕрӕг у, Чырысти афтӕ кӕй никуы загъта, ӕмӕ диссӕгтӕ иууылдӕр Хуыцауӕй сты.

Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн афтӕ нӕ дзуры, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ӕрмӕст диссӕгтыл арӕзт уа. Сӕ уырнындзинад хъуамӕ арӕзт уа бӕлвырдгӕнӕнтыл (Дзуттӕгтӕм 11:1).

Аныхас кӕнӕм, Библийы цы диссӕгты кой ис, уыдонӕй ӕппӕты зындгонддӕрыл – Чырысти кӕй райгас, ууыл. Уыцы хабарыл цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд ыл Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтой. Цымӕ сын апостол Павел куыд баххуыс кодта? Афтӕ сын загъта, фылдӕр уырнындзинад уӕм уӕд, зӕгъгӕ? Нӕ, Павел сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, дызӕрдыггаг чи нӕ уыд, уыцы хабӕрттӕ. Йӕ ныхас райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас, Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ. Ӕмӕ фӕзынд Кифӕмӕ, стӕй дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ. Уый фӕстӕ та уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр ныр дӕр ма ӕгас сты» (1 Коринфӕгтӕм 15:4–8).

Цымӕ, Йесо кӕй райгас, ууыл Коринфы чырыстӕттӕ ӕууӕндыдысты ӕви нӕ, уый исты уӕлдай уыд? Павел сын загъта: «Кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд та хъусын дӕр дзӕгъӕлы кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад дӕр дзӕгъӕлы у» (1 Коринфӕгтӕм 15:14). Чырысти кӕй райгас, уый Павел ахсджиаг хъуыддагыл нымадта. Уыцы хабар кӕнӕ ӕцӕг уыд, кӕнӕ мӕнг. Ӕцӕг кӕй уыд, уый Павел фидарӕй зыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ дзырдтой, Чырысти кӕй райгас, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон. Павел йӕ фыстӕг куы фыста, уӕд уыцы адӕмӕй бирӕтӕ нырма ӕгас уыдысты, ӕмӕ цӕйнӕфӕлтау, Чырысти нӕ райгас, зӕгъгӕ, загътаиккой, фӕлтау мӕлӕтыл дӕр разы уыдысты (1 Коринфӕгтӕм 15:17–19).

3. Ахуырдзинад кӕмӕ нӕй, уыдон диссӕгтыл цы нымайынц, уыдӕттӕ бамбарын кӕнӕн ис ӕрдзы закъӕтты фӕрцы. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдон ӕнӕуи ӕрдзон хабӕрттӕ уыдысты, Хуыцау сӕм ницы бар дары. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библи чи фыста, уыдон уыцы хабӕрттӕ ӕрдзимӕ уый тыххӕй сбастой, цӕмӕй сыл адӕймаг тынгдӕр баууӕнда. Иуӕй-иу диссӕгтӕ дзы ӕцӕгдӕр ӕрдзы закъӕттимӕ баст уыдысты, зӕгъӕм зӕххӕнкъуыстытимӕ, цъыфы зӕйтимӕ ӕмӕ фыднизтимӕ. Фӕлӕ ӕппӕт ацы хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнгӕйӕ ахуыргӕндтӕ рох кӕнынц иу хъуыддаг – уыцы диссӕгтӕ кӕд ӕрцыдысты, уый.

Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Египеты фыццаг ӕфхӕрды рӕстӕг Нилы цӕугӕдон туг уымӕн фестад, ӕмӕ зӕххы цы сырх микроорганизмтӕ уыд, уыдон къӕвдайы донимӕ Нилмӕ бахаудысты. Фӕлӕ Библийы фыст ис, цӕугӕдон туг кӕй фестад, сырх цъыф нӕ, фӕлӕ. Рацыды 7:14–21 стихтӕ лӕмбынӕг куы бакӕсӕм, уӕд базондзыстӕм, уыцы диссаг кӕй ӕрцыд, Моисейы ныхасмӕ гӕсгӕ Аарон йӕ лӕдзӕгӕй Нилы цӕугӕдон куы ӕрцавта, уӕд. Ӕмӕ кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы хабар ӕрдзы закъӕттӕм гӕсгӕ дӕр бамбарын кӕнӕн ис, уӕддӕр уый диссаг куыннӕ у, Аарон йӕ лӕдзӕг куы ӕрцавта, растдӕр уыцы рӕстӕг кӕй фестад дон сырх-сырхид!

Диссӕгтӕ-иу цы рӕстӕг ӕрцыдысты, уый ахсджиаг кӕй у, уымӕн ма ис иу цӕвиттон. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы арӕнтӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕ хъуыди ахизын Иорданы цӕугӕдоны сӕрты. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг та Иорданы цӕугӕдон уыд ивылд. Дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Куыддӕр, чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ Иорданы былмӕ бахӕццӕ сты ӕмӕ сӕ къӕхтӕ доныл андзӕвыдысты... афтӕ, уӕлейӕ цы дӕттӕ цыди, уыдон сӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыдысты. Уырдыгӕй тынг дард, Цартаны фарсмӕ горӕт Адамы раз, донуромӕн къулау слӕууыдысты» (Йесо Навин 3:15, 16). Цымӕ дон зӕххӕнкъуысты тыххӕй ӕрлӕууыд, ӕви зӕхх кӕй ӕрлӕбырд уый тыххӕй? Библийы уый фыст нӕй. Фӕлӕ дон цы рӕстӕг ӕрлӕууыд, уый уыд диссаг, уымӕн ӕмӕ ӕрлӕууыд, Йегъовӕ кӕд загъта, растдӕр уӕд (Йесо Навин 3:7, 8, 13).

Уӕдӕ цымӕ диссӕгтӕ ӕцӕгдӕр ӕрцӕуы? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕрцӕуы, стӕй ӕрмӕст ӕрдзы закъӕттимӕ баст нӕ вӕййынц. Уӕдӕ кӕд диссӕгтӕ алы бон нӕ цӕуы, уӕд, цымӕ, диссӕгтӕ ӕцӕгдӕр нӕ вӕййы?

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Кӕд, Хуыцау кӕй ис, ууыл дызӕрдыг кӕныс, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, кӕс брошюрӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?» ӕмӕ «Была ли жизнь создана?», кӕнӕ дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд зӕгъ, ацы брошюрӕ дын чи радта, уымӕн.

[Ныв 5 фарсыл]

Цалдӕр дӕсазы размӕ никӕй бауырныдтаид, иу сахатмӕ хӕдтӕхӕгыл цалдӕр мин километры атӕхӕн кӕй уыдзӕн