Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сылгоймӕгтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

Сылгоймӕгтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

«Сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уый куы фенын, уӕд мӕ нал фӕфӕнды, цӕмӕй сылгоймаг уон» (ЗАКРӔ, 15-АЗДЗЫД ЧЫЗГ, йӕ ныхӕстӕ фыст уыдысты журнал «Гео»-йы, французаг ӕвзагыл).

АЦЫ чызджы ныхӕстӕ дзурӕг сты иу ӕвирхъау хъуыддагыл – ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕрыгон чызджытӕн ӕмӕ сылгоймӕгтӕн фыдмитӕ кӕнынц ӕмӕ сын сӕ бартӕ ссӕндынц. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр хабармӕ.

  • Сылгоймӕгтӕн нӕ аргъ кӕнынц. Азийы ныййарджытӕ тынгдӕр фӕбӕллынц, цӕмӕй сын лӕппутӕ гуыра. Иугонд Нациты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ 2011 азы Азийы бӕстӕты амард 134 милуан чызджы – иутӕ дзы аборты аххосӕй амардысты, иннӕтӕ – хорз сӕм кӕй нӕ зылдысты, уый аххосӕй, кӕйдӕрты та дзы ноггуырдӕй амардтой.

  • Ахуырад. Ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл, скъолайы ӕппындӕр чи нӕ ахуыр кодта кӕнӕ цыппар къласы дӕр чи нӕ фӕци, уыдонӕн сӕ 66 проценты сты сылгоймӕгтӕ ӕмӕ чызджытӕ.

  • Тыхми сын кӕнынц. 2,6 миллиард сылгоймаджы цӕры, лӕгтӕ сӕ устытӕн тыхми кӕм кӕнынц ӕмӕ уый ныронг фыдракӕндыл нымад кӕм нӕу, уыцы бӕстӕты.

  • Ӕнӕниздзинад. Мӕгуыр бӕстӕты алы 2 минуты дӕр амӕлы иу сылгоймаг, сывӕрджынӕй кӕнӕ сӕм аргӕ-арын дохтырты ’рдыгӕй фаг хъусдард кӕй не вӕййы, уый аххосӕй.

  • Сӕ бартӕ сын ссӕндынц. Зӕххы куыст чи кӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕр кӕд сылгоймӕгтӕ сты, уӕддӕр сын бирӕ бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ сӕхицӕн зӕхх бынӕн райсыны бар нӕй.

Алы адӕймагӕн дӕр цы бартӕ хъуамӕ уа, уыдонӕй, цымӕ, сылгоймӕгтӕ ӕнӕхай цӕмӕн сты? Иуӕй-иу адӕмтӕн сӕ дин ӕмӕ се ’гъдӕуттӕ афтӕ амонынц, цӕмӕй нӕлгоймаг сылгоймӕгмӕ йӕ къух иса ӕмӕ йӕ ӕфхӕра. Иу французаг газеты фыст уыдысты индиаг адвокат Чандрӕ Рами Чопрайы ныхӕстӕ: «Аппӕт динты дӕр ӕмхуызонӕй цыдӕр ис – сылгоймӕгты бартӕ кӕй ссӕндынц, уый растыл нымайынц».

Дӕумӕ дӕр уый раст кӕсы? Куыд хъуыды кӕныс, Библи дӕр ӕндӕр динты чингуытау сылгоймаджы кад дӕлӕмӕ кӕны? Кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ Библийы кӕцыдӕр стихтӕ ууыл дзурӕг сты. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау сылгоймӕгтӕм ӕцӕгдӕр ахӕм цӕстӕй кӕсы? Кӕд ацы фарста бирӕтӕм хуымӕтӕг нӕ кӕсы, уӕддӕр нын Библи баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын раст дзуапп ссарӕм.