Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Тӕрхоны бон цы ’рцӕудзӕн?

Тӕрхоны бон цы ’рцӕудзӕн?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.

1. Тӕрхоны бон цы у?

Бирӕтӕ Тӕрхоны боны кой куы фехъусынц, уӕд сӕ цӕстытыл ауайы, рахизырдыгӕй чи ис, ахӕм ныв: милуангай адӕм лӕууынц Хуыцауы паддзахбадӕны раз ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ тӕрхон хаст цӕуы – сӕ иутӕ дзы уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты, иннӕтӕ та зындоны хъизӕмар кӕндзысты. Фӕлӕ Библи ӕмбарын кӕны, Хуыцау Тӕрхоны бон уый тыххӕй кӕй снысан кодта, цӕмӕй адӕм ӕнӕраст хъуыддӕгты аххосӕй мауал хъизӕмар кӕной (Псалом 96:13). Хуыцау Чырыстийы Тӕрхонгӕнӕгӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй зӕххыл рӕстдзинад ӕрфидар кӕна. (Бакӕс Исай 11:1–5; Хъуыддӕгтӕ 17:31.)

2. Тӕрхоны бон рӕстдзинад куыд ӕрфидар уыдзӕн?

Фыццаг нӕлгоймаг Адам зонгӕ-зонын Хуыцауы ныхасы ныхмӕ куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ цот тӕригъӕды цагъартӕ систы, ӕмӕ уый аххосӕй хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ мӕлынц (Ромӕгтӕм 5:12). Уыцы хъуыддаг сраст кӕнынӕн Чырысти миллиардгай адӕмы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн. Раргомады чиныджы фыст ис, уыцы хабар кӕй уыдзӕн, Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд. (Бакӕс Раргомад 20:4, 11, 12.)

Чи райгас уа, уыдонӕн тӕрхон кӕндзысты, сӕ мӕлӕты размӕ цы арӕзтой, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, Раргомады 20 сӕры цы тыхтӕтты кой ис, уыдоны цы ног амындтӕ уыдзӕн, уыдон куыд ӕххӕст кӕндзысты, уымӕ гӕсгӕ (Ромӕгтӕм 6:7). Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, чи райгас уа ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй базоныны фадат кӕмӕн уа, уыдоны ’хсӕн уыдзысты «рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 24:15).

3. Тӕрхоны бон адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн?

Йегъовӕ Хуыцауы чи нӕ базыдта ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кодта, афтӕмӕй чи амард, уыдонӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй сӕ удыхъӕд аивой ӕмӕ хорздзинад аразой. Рӕстӕй куы цӕрой, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ «райгас сты цӕрынӕн». Фӕлӕ чи райгас уыдзӕн, уыдонӕй алкӕй нӕ бафӕнддзӕн Йегъовӕйы раст закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Уыдон та райгас уыдзысты «тӕрхон баййафынӕн». (Бакӕс Иоанны 5:28, 29; Исай 26:10; 65:20.)

Мин азы чи ахӕсдзӕн, уыцы Тӕрхоны боны кӕрон коммӕгӕс адӕм Йегъовӕйы разамындӕй суыдзысты ӕххӕст, йӕ фӕнд райдианы куыд уыд, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:24–28). Ӕвӕдза, цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы коммӕгӕс адӕммӕ! Фӕстаг фӕлварӕны рӕстӕг Хуыцау Хӕйрӕджы рауадздзӕн, мин азы кӕм уыдзӕн, уыцы дӕлдзӕхӕй. Хӕйрӕг та ногӕй архайдзӕн, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивой. Фӕлӕ фидар чи фӕлӕууа ӕмӕ Хӕйрӕджы коммӕ чи нӕ бакӕса, уыдон зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты. (Бакӕс Исай 25:8; Раргомад 20:7–9.)

4. Адӕмӕн ма арфӕдзинӕдтӕ цавӕр тӕрхоны бон ӕрхӕсдзӕн?

Библийы ма фыст ис ӕндӕр тӕрхоны боны тыххӕй дӕр. Уый амоны, ацы цардӕвӕрдӕн кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы хабармӕ. Уыцы тӕрхоны бон ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы, Нойы рӕстӕджы Доны хъаймӕт куыд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд ӕмӕ фыдгӕнджыты зӕххы цъарӕй куыд фесӕфта, афтӕ. «Ӕнӕхуыцау адӕм» ӕнӕмӕнгӕй фесӕфдзысты. Ӕмӕ уӕд рӕстгӕнӕг адӕм цӕрдзысты, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», уыцы зӕххыл. (Бакӕс 2 Петры 3:6, 7, 13.)