Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3-аг фарста. Хуыцау мын мӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

3-аг фарста. Хуыцау мын мӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

ИАНӔН йӕ фыд тынг нуӕзта. Ӕмӕ кӕд Ианӕн алцыдӕр уыд, уӕддӕр, цӕмӕ бӕллыд, уый йын нӕ уыд – йӕ фыдӕй рӕвдыд нӕ зыдта. Уый загъта: «Мӕ фыды никуы уарзтон. Тынгдӕр йӕ нозты тыххӕй ӕмӕ мӕ мадӕн ӕвзӕр кӕй уыди, уый тыххӕй». Иан гыццыл куы фестырдӕр, уӕд хъуыды кӕнын райдыдта, Хуыцау ис ӕви нӕ, ууыл. Иан загъта: «Ӕз хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцау ис, уӕд адӕмы хъизмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?»

Адӕймагмӕ ахӕм фарста цӕмӕн фӕзыны?

Кӕд дӕ цардӕй нӕ хъаст кӕныс, уӕддӕр дӕм, ӕвӕццӕгӕн, раст нӕ кӕсы, ӕнаххос адӕм кӕй фӕхъизӕмар кӕнынц, уый. Фӕлӕ адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, ууыл уӕлдай тынгдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, Ианау исты зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, йе та нӕ хиуӕттӕй исчи куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ куы амӕлы, уӕд.

Иуӕй-иутӕ цы фӕзӕгъынц?

Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ нын Хуыцау нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад кӕсы, цӕмӕй сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр уӕм ӕмӕ иннӕты рыст ӕмбарӕм. Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд та ӕндӕр буары райгуыры, зӕгъгӕ, уыдон та зӕгъынц, нӕ раздӕры царды цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтам, уыдоны тыххӕй кӕй хъизӕмар кӕнӕм.

Сӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

Хуыцаумӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ нымады дӕр не сты, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй зын у уарзын. Хуыцау ӕгъатыр у.

Библи цы дзуры?

Библи бӕлвырдӕй дзуры, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕртты аххосджын кӕй нӕу. Фыст дзы ис: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“. Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцауы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый чи зоны, уыдонмӕ ахӕм хъуыды никуы фӕзындзӕн, ӕмӕ Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад кӕсы. Цӕуылнӕ?

Хуыцауы сӕйрагдӕр миниуджытӕй иу у уарзондзинад (1 Иоанны 4:8). Хуыцау адӕмы куыд тынг уарзы, уый равдисынӕн Библи Хуыцауы бары, ноггуырд сывӕллон кӕмӕн ис, ахӕм мадимӕ. «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна?» – фӕрсы Хуыцау. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дзуапп дӕтты: «Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна, фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн» (Исай 49:15). Куыд хъуыды кӕныс, йӕ сывӕллоны чи уарзы, ахӕм мад йӕ сывӕллонӕн барӕй ӕвзӕрдзинад ракӕндзӕн? Нӕ, ахӕм ныййарӕг йӕ сывӕллоны ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр хъахъхъӕндзӕн. Уӕдӕ ӕнаххос адӕмы хъизӕмӕртты дӕр Хуыцау ницы аххосджын у (Райдиан 18:25).

Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр бӕллӕхтӕй хызт не стӕм. Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Кӕд нӕ Хуыцау уарзы ӕмӕ алцыдӕр йӕ бон у, уӕд нын цӕуылнӕ баххуыс кӕны?»

Хуыцау ныронг адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕй не скодта, уымӕн ис бӕлвырд аххосӕгтӕ. Ӕркӕсӕм дзы иумӕ. Арӕх иннӕтӕн хъизӕмӕрттӕ адӕм февзарын кӕнынц. Хъизӕмар кӕй аххосӕй фӕкӕнӕм, уыдонӕн сӕ фылдӕры се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын нӕ фӕнды. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау ахӕм адӕмы фесафдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй хъизӕмӕртты аххосӕгтӕй иуӕн кӕрон скӕндзӕн.

Хуыцау фыдгӕнджыты ныронг цӕуылнӕ фесӕфта, уый тыххӕй апостол Петр ныффыста: «Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕныныл фӕстиат нӕ кӕны, кӕд иуӕй-иутӕ уый фӕстиатыл нымайынц, уӕддӕр, фӕлӕ уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Петры 3:9). Йегъовӕ ныронг кӕй быхсы, уый дзурӕг у йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл ӕмӕ йӕ уарзондзинадыл.

Фӕлӕ тагъд Йегъовӕ архайын райдайдзӕн. Ӕнаххос адӕмӕн «зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн ӕй [Хуыцау] зындзинӕдтӕй бафиддзӕн». Иннӕты чи ӕфхӕры, «уыцы адӕмӕн хаст ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм фесафыны тӕрхон» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–9).

Ианмӕ, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймагмӕ, хъизӕмӕртты тыххӕй цы фарстатӕ уыд, уыдонӕн дзуапп ссардта. Уый руаджы цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Иан цы дзуры, уый бакӕсӕн ис иннӕ статьяйы «Библи ивы адӕймаджы цард».