1-аг фарста. Цӕмӕн цӕрын?
АНГЛИЙЫ чи схъомыл, иу ахӕм сылгоймаг, Розалинд, зӕгъгӕ, тынг тырныдта зонындзинӕдтӕм, стӕй йӕ фӕндыд иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Скъола каст куы фӕци, уӕд кусынмӕ бацыд иу организацимӕ. Уыцы организацийӕн йӕ куыст уыд ӕнӕхӕдзар адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. Розалинд ма ӕххуыс кодта инвалидтӕн ӕмӕ, ахуыр кӕнын зын кӕмӕн у, уыдонӕн. Кӕд Розалиндӕн йӕ куыст йӕ зӕрдӕмӕ цыд ӕмӕ хорз мызд иста, уӕддӕр афтӕ загъта: «Бирӕ рӕстӕг мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ахӕм фарста: адӕймаг цӕмӕн райгуыры ӕмӕ цӕмӕн цӕры?»
Адӕймагмӕ ахӕм фарста цӕмӕн фӕзыны?
Цӕрӕгойтӕй уӕлдай адӕймагӕн йӕ бон у цардыл хъуыды кӕнын, зӕгъӕм, йӕ раздӕры рӕдыдтытыл ахуыр кӕнын, фидӕнмӕ пълӕнттӕ кӕнын ӕмӕ, цӕмӕн цӕры, ууыл хъуыды кӕнын.
Иуӕй-иутӕ цы фӕзӕгъынц?
Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг уый тыххӕй цӕры, цӕмӕй бирӕ мулк ӕрӕмбырд кӕна ӕмӕ йӕхицӕн адӕмы раз ном скӕна. Уый йын куы бантыса, уӕд уыдзӕн ӕцӕг амондджын.
Сӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?
Алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, царды йын сӕйрагдӕр цы у, уый. Адӕймагӕн йӕ фӕндтӕ Хуыцауы фӕндонӕй ахсджиагдӕр сты.
Библи цы дзуры?
Паддзах Соломон ӕрӕмбырд кодта бирӕ мулк ӕмӕ йӕхицӕн «нӕ» ницӕмӕй дзырдта. Фӕлӕ куыд загъта, афтӕмӕй адӕймаг уыдӕтты фӕрцы нӕ вӕййы амондджын. Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый Соломон бамбарын кодта афтӕ: «Уӕдӕ ӕппынфӕстаг цы ис зӕгъӕн? Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Екклесиаст 12:13). Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цы хауы?
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. Соломон загъта: «Царды мидӕг адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ куы хӕра, куы нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна. Ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, уый дӕр кӕй у ӕцӕг Хуыцауы лӕвар» (Хуыцауы ма фӕнды, цӕмӕй нӕ бинонты уарзӕм ӕмӕ сыл тыхсӕм. Дӕ хъус-ма ӕрдар, алы бинонтӕн дӕр сӕ бон цы у аразын, уый фӕдыл Библийы цы хуымӕтӕг уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ.
-
«Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты» (Ефесӕгтӕм 5:28).
-
«Ус... хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33).
-
«Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут» (Ефесӕгтӕм 6:1).
Ацы уынаффӕтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй амондджындӕр уӕм ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр у, цӕмӕй не Сфӕлдисӕджы тыххӕй фылдӕр базонӕм ӕмӕ йӕм хорз ӕмбалау баввахс уӕм. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «баввахс уӕм Хуыцаумӕ», ӕмӕ нӕм уӕд «уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Ацы уынаффӕмӕ куы байхъусӕм, уӕд нӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн.
Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг, Розалинд, бамбӕрста, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый. Ацы журналы 10 фарсыл бакӕсӕн ис, уымӕн ын цы баххуыс кодта, уый тыххӕй.