Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ: ДИНТӔЙ ИСКӔЦЫЙЫЛ ӔУУӔНДӔН ИС?

Цы диныл хӕст дӕ, ууыл дӕ ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Цы диныл хӕст дӕ, ууыл дӕ ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Зӕгъӕм, мӕлӕтдзаг низӕй рынчын дӕ, ӕмӕ цӕмӕй фервӕзай, уый тыххӕй дын хъӕуы операци скӕнын. Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕндид, дӕ хирургмӕ дӕ зӕрдӕ куы не ’хсаид, уымӕн ӕмӕ дӕ цард йӕ къухы ис. Цымӕ цавӕр хирург у, уый базонын зондыл дзурӕг нӕ уаид?

Уӕдӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, адӕймаг, цы диныл хӕст у, ууыл дӕр лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕна, уымӕн ӕмӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ цард йӕ дины къухы ис, ома йе ’нусон цард кӕнгӕ у, цавӕр диныл хӕст у, уымӕй.

Чырысти бамбарын кодта, дин раст у ӕви нӕ, уый куыд базонӕн ис: «Алы бӕлас дӕр йӕ дыргътӕй бӕрӕг вӕййы» (Лукайы 6:44). Зӕгъӕм, зоныс, цавӕрдӕр диныл хӕст чи у, ахӕм адӕмы. Цы зӕгъис сӕ «дыргъты», ома сӕ хъуыддӕгты, тыххӕй? Мыййаг, сӕ разамонджытӕ се ’ргом фылдӕр ӕхцамӕ не здахынц? Хӕсты архайыны ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕнынц? Стӕй ма хъӕуы ахъуыды кӕнын: уӕвгӕ раст дин ис? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм иннӕ статьяты.

«Алы бӕлас дӕр йӕ дыргътӕй бӕрӕг вӕййы» (Лукайы 6:44).