Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИРӔТӔН ХУЫЦАУЫ УАРЗЫН ЗЫН ЦӔМӔН У?

Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн ном нӕй

Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн ном нӕй

БИРӔТӔ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ?

«Хуыцауӕн ном ис ӕви нӕ, уый фӕдыл иу хъуыдымӕ нӕма ӕрцыдыстӕм. Ӕмӕ йын кӕд ном ис, уӕд цымӕ цы хуыйны?» (профессор Дэвид Каннингем, «Theological Studies»).

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:8). Ном Йегъовӕ нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы» (Рацыд 3:14).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм йӕ номӕй дзурӕм. «Кувут ӕм йӕ номӕй,– фыст ис Библийы.– Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзурут адӕмтӕн. Дзурут, йӕ ном куыд кадджын у, уый тыххӕй» (Исай 12:4).

Йесо Хуыцаумӕ дзырдта йӕ номӕй. Иухатт Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд ын загъта: «Ӕмӕ сын [ома йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн] ӕз дӕ ном раргом кодтон». Цымӕ сын Хуыцауы ном цӕмӕн раргом кодта? Йесо загъта: «Цӕмӕй, ды [Хуыцау] мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой иннӕты, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады» (Иоанны 17:26).

УЫЙ ЗОНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

Диниртасӕг Уолтер Лоури ныффыста: «Адӕймаг Хуыцауы нӕ базондзӕн, йӕ ном ын куы нӕ зона, уӕд. Ӕмӕ Хуыцау цавӕрдӕр тых у, зӕгъгӕ, куы хъуыды кӕна, уӕд ӕй уарзгӕ дӕр нӕ кӕндзӕн».

Хуыцауы ном чи ӕмбӕхсы кӕнӕ йӕ ӕндӕр дзырдтӕй чи ивы, уый цыма уыцы ном Библийӕ слыг кодта, афтӕ уайы

Иу нӕлгоймаг, Виктор, алы къуыри дӕр аргъуанмӕ цыд, фӕлӕ йӕ бон афтӕ зӕгъын нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауы зоны. «Фӕстӕдӕр базыдтон, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, ӕмӕ мӕм афтӕ фӕкаст, цыма ӕрмӕстдӕр уӕд базонгӕ дӕн йемӕ,– загъта Виктор.– Бирӕ цыдӕртӕ кӕй тыххӕй фехъуыстон, ууыл цыма уӕд сӕмбӕлдтӕн. Базыдтон, Хуыцау удӕгас Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йӕм баввахс дӕн».

Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр баввахс вӕййы, йӕ номӕй йӕм чи фӕдзуры, уыдонмӕ. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, «йӕ номыл [ын] чи хъуыды кӕны», уыдонӕн: «Ӕз [сын] фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн, адӕймаг йӕ коммӕгӕс фыртӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, афтӕ» (Малахи 3:16, 17). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕны, йӕ номӕй йӕм чи фӕкувы, уыдоны. Библийы фыст ис: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Ромӕгтӕм 10:13).