СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИРӔТӔН ХУЫЦАУЫ УАРЗЫН ЗЫН ЦӔМӔН У?
Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцау ӕгъатыр у
БИРӔТӔ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ?
«Адӕймаг куыддӕр амӕлы, афтӕ йӕ уд зындонмӕ бахауы, ӕмӕ уым фӕхъизӕмар кӕны „зындоны арты“» (Catechism of the Catholic Church). Дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй зындонмӕ чидӕриддӕр бахауы, уыдон Хуыцауӕй афтӕ дард вӕййынц, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй.
БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?
«Тӕригъӕд чи аразы, уыцы уд амӕлдзӕн» (Йезекил 18:4). Чи амард, уыдон «ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Кӕд уд амӕлы ӕмӕ ницы фӕзоны, ома ницы фембары, уӕд куыд ис уымӕн гӕнӕн, ӕмӕ «зындоны арты» хъизӕмар кӕна кӕнӕ ма суанг маст дӕр кӕна, Хуыцаумӕ кӕй никуы баввахс уыдзӕн, уый тыххӕй?
Библийы дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕй «зындон»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уый фӕамоны ингӕнмӕ, ома зӕхх кӕнӕ сыджытмӕ. Зӕгъӕм, Библийы Чырыстийы тыххӕй фыст ис ахӕм пехуымпарад: «Ды [мын] мӕ уд ингӕны [«зындоны», «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994] нӕ ныууадздзынӕ» (Хъуыддӕгтӕ 2:27). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырысти ахӕм бынаты нӕ уыд, хъизӕмар кӕм кодтаид кӕнӕ йӕ Хуыцауӕй чи адард кодтаид, фӕлӕ уыд ингӕны.
УЫЙ ЗОНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?
Афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцау ӕгъатыр у, уӕд ӕй никуы бауарздзыстӕм ӕмӕ йӕм никуы баввахс уыдзыстӕм. Иу нӕлгоймаг Мексикӕйӕ, Росио, загъта: «Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ ахуыр кодтой, зындон кӕй ис, ууыл. Афтӕ тынг дзы тарстӕн, ӕмӕ Хуыцаумӕ иу хорз миниуӕг дӕр уа, уый мӕ нӕ уырныдта. Хъуыды кодтон, Хуыцау мӕстыгӕр кӕй у ӕмӕ йӕм нымады дӕр кӕй ничи у».
Фӕлӕ Росио куы базыдта, Хуыцауы тӕрхӕтты тыххӕй ӕмӕ мӕрдты тыххӕй Библийы бӕлвырдӕй цы фыст ис, уый, уӕд Хуыцаумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Росио зӕгъы: «Афтӕ мын фенцон, цыма ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ ахауд. Бауырныдта мӕ, Хуыцау нӕ хорздзинадмӕ кӕй бӕллы ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, ӕмӕ йӕ мӕнӕн дӕр мӕ бон уарзын кӕй у. Хуыцау у, йӕ сывӕллоны къухыл чи хӕцы ӕмӕ йӕ хорздзинадмӕ чи бӕллы, ахӕм фыды хуызӕн» (Исай 41:13).
Бирӕтӕ архайынц Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл, уымӕн ӕмӕ зындонмӕ бахауынӕй тӕрсынц. Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, кӕй дзы тӕрсӕм, уый тыххӕй. Чырысти загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (Марчы 12:29, 30). Уымӕй уӕлдай ма йӕ куы ӕмбарӕм, ӕмӕ Хуыцау абон хӕрам хъуыддӕгтӕ нӕ аразы, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, фидӕны дӕр рӕстӕй кӕй архайдзӕн, ууыл. Махӕн дӕр Иовы ӕмбал Елиуйау нӕ бон фидарӕй зӕгъын уыдзӕн: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна» (Иов 34:10).