Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»

«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»

Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр ӕнӕниз ӕмӕ цардӕфсӕст уой? Нӕ дӕ фӕнды, низтӕн, хъизӕмӕрттӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр кӕм нал уыдзӕн, ахӕм дунейы цӕрын? Ахӕм цард кӕй уыдзӕн, уый аргъау нӕу. Тагъд ралӕудзӕн, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дуне, уымӕн ӕмӕ уый у Йегъовӕйы фӕндон. Хуыцау йӕ фӕндон куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый фыст ис Раргомады 21:3–5 стихты. (Бакӕс сӕ.)

«[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ» (Раргомад 21:4). Цымӕ ам цавӕр цӕссыгтыл цӕуы дзырд? Уыдон нӕдӕр цины цӕссыгтӕ сты, нӕдӕр, цӕмӕй нӕ цӕстытӕ ма хус кӕной, уый тыххӕй кӕмӕй ауымӕл вӕййынц, ахӕм цӕссыгтӕ. Хуыцау нын ныссӕрфдзӕн, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ алы мӕстыты аххосӕй цы цӕссыгтӕ фӕкалӕм, уыдон. Ӕмӕ нын сӕ ӕрмӕст сӕрфгӕ нӕ ныккӕндзӕн, фӕлӕ нын сӕ бахус кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ судзгӕ цӕссыгтӕ цӕй тыххӕй фӕкалӕм, уыдӕттӕ – хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ маст – ӕнустӕм фесафдзӕн.

«Нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4). Ӕппӕты судзагдӕр цӕссыгтӕ фӕкалӕм, исчи нын куы амӕлы, уӕд. Коммӕгӕс адӕмы Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн мӕлӕты уацарӕй. Куыд? Фесафдзӕн, адӕм цӕй тыххӕй мӕлынц, уый сӕйраг аххосаг – Адамӕй сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы ӕнӕххӕстдзинад (Ромӕгтӕм 5:12). Йегъовӕ афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы коммӕгӕс адӕм суыдзысты ӕххӕст *. Уый фӕстӕ «сӕфт ӕрцӕудзӕн» фӕстаг знаг – мӕлӕт (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Хуыцауыл иузӕрдион адӕм ӕнустӕм ӕнӕнизӕй цӕрдзысты, ома райдианы Хуыцауы куыд фӕндыд, афтӕ.

«Нал уыдзӕн... рыст» (Раргомад 21:4). Цавӕр рыст нал уыдзӕн? Милуангай адӕм фервӕздзысты, тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уый аххосӕй кӕмӕй хъӕрзынц ӕмӕ сын сӕ цард царды ад кӕй тыххӕй нал фӕкӕны, уыцы низтӕй – адӕймаг нал хъӕрздзӕн йӕ буары рыстӕй, йӕ зӕрдӕ ницӕуылуал рисдзӕн ӕмӕ сӕры магъзимӕ баст низтӕй дӕр нал удхар кӕндзӕн.

Адӕм сӕ цӕссыгтӕ кӕм нал калдзысты, мӕлӕт ӕмӕ рыст кӕм нал уыдзӕн, уыцы цард тагъд ралӕудзӕн. Чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Фӕлӕ, Хуыцау зӕрдӕ цы цардӕй ӕвӕры, уый кӕм уыдзӕн? Мыййаг, уӕлӕрвты?» Нӕ. Уый фидарӕй зӕгъын нӕ бон цӕмӕн у? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ стих райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн». Адӕм та зӕххыл цӕрынц (Раргомад 21:3). Стӕй дзы фыст ис, зӕгъгӕ, уым «нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт», ома дзы кӕддӕр мӕлӕт уыд, фӕлӕ дзы нал уыдзӕн. Уӕлӕрвты мӕлӕт нӕй, фӕлӕ зӕххыл адӕм рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр мӕлынц. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау зӕрдӕ цы диссаджы цардӕй бавӕрдта, уый уыдзӕн зӕххыл.

Хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ алы мӕстыты аххосӕй нӕ цӕстытӕй цы цӕссыгты суадӕттӕ фӕкӕлы, уыдон Хуыцау бахус кӕндзӕн

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, тагъд, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дуне кӕй ралӕудзӕн, ууыл. Уым адӕммӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон куы ранымадта, уӕд уый фӕстӕ цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕн: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» Стӕй ма загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг» (Раргомад 21:5). Хуыцауы амондджын лӕггадгӕнджытӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, уыцы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый. Уӕдӕ цӕмӕй ды дӕр ӕмӕ дӕ уарзон адӕм дӕр уыцы адӕмы ’хсӕн уой, уый тыххӕй уӕ цы аразын хъӕуы? Хорз нӕ уаид уый тыххӕй фылдӕр базонын?

^ 3 абз. Кӕд дӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 5 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.