Хуыцауы Ныхас астӕуккаг ӕнусты Испанийы
«Ныфс [мӕ] ис, Испанимӕ цӕугӕйӕ уӕ кӕй фендзынӕн, ӕмӕ иу гыццыл уӕ уындӕй куы бафсӕдон, уӕд мӕ стӕй иуцасдӕр кӕй ахизын кӕндзыстут» (Ромӕгтӕм 15:24).
АЦЫ ныхӕстӕ апостол Павел ныффыста Ромы чырыстӕттӕм нӕ эрӕйы 56 азмӕ ’ввахс. Павел Испанимӕ ӕцӕгдӕр ацыд ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Павелы кӕнӕ ӕндӕр чырыстон миссионерты фӕрцы хорз хабар Хуыцауы Ныхасӕй Испанимӕ фӕхӕццӕ нӕ эрӕйы дыккаг ӕнусмӕ.
Цыбыр рӕстӕгмӕ Испанийы рӕзын ӕмӕ фидар кӕнын райдыдтой чырыстон ӕмбырдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы хъуыд Библи латинаг ӕвзагыл, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ Испани бирӕ рӕстӕг уыд Ромы дӕлбар ӕмӕ ӕнӕхъӕн Ромы паддзахады иууылдӕр дзырдтой латинаг ӕвзагыл.
БИБЛИ ЛАТИНАГ ӔВЗАГЫЛ
Фыццаг чырыстӕттӕ Испанийы скодтой цалдӕр тӕлмацы латинаг ӕвзагмӕ, иумӕйагӕй сӕ хонынц Рагон латинаг тӕлмац (Vetus Latina Hispana). Уыцы Библитӕй Испанийы пайда кодтой бирӕ азты дӕргъы, цалынмӕ нӕ эрӕйы 5 ӕнусы райдианы Иеронимы зындгонд латинаг «Вульгатӕ» нӕ фӕзынд, уӕдмӕ.
Иероним «Вульгатӕ» кӕронмӕ ратӕлмац кодта Вифлеемы, Палестинӕйы. Уыцы тӕлмац Испанимӕ куыд тагъд бахӕццӕ, уый стыр диссаг уыди. Библи чи иртӕста, иу ахӕм хъӕздыг нӕлгоймаг, Луциний, базыдта, Иероним Библи латинаг ӕвзагмӕ кӕй тӕлмац кӕны, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕм йӕ тӕлмацы къопи тагъддӕр фӕхӕццӕ уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕз фыссӕджы Вифлееммӕ арвыста, цӕмӕй Иеронимы тӕлмац скъопи кодтаиккой ӕмӕ йӕ Испанимӕ ӕрхастаиккой. Фӕстӕдӕр ӕнусты Рагон латинаг тӕлмацы бӕсты иууылдӕр пайда кодтой «Вульгатӕ»-йӕ. Испанийы цӕрӕг адӕммӕ Библи латинаг ӕвзагыл кӕй уыд, уый фӕрцы сӕ бон уыди Библийы хабар ӕмбарын. Фӕлӕ Ромы паддзахадӕн йӕ кӕрон куы ’рцыд, уӕд Испанийы фӕивта ӕвзаджы хабар дӕр.
БИБЛИ КЪӔЙДУРТЫЛ
5-ӕм ӕнусы вестготтӕ ӕмӕ Германийы цӕрӕг ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ Испани бацахстой ӕмӕ Пиренейы ӕрдӕгсакъадахыл фӕзынд ног ӕвзаг – готаг. Уыцы адӕм хӕст уыдысты арианствойыл. Уыцы чырыстон дины ахуырадмӕ гӕсгӕ Хуыцау Троицӕ нӕ уыд. Уыдон ма семӕ ӕрхастой Фыстад сӕхи ӕвзагыл – Ульфилӕйы готаг Библи. Уыцы Библийӕ Испанийы пайда кодтой 6-ӕм ӕнусы кӕронмӕ, цалынмӕ Реккаред, вестготты паддзах арианствойыл йӕ къух нӕ систа ӕмӕ католикон дин нӕ райста, уӕдмӕ. Реккаред ӕрӕмбырд кодта, Испанийы цыдӕриддӕр ариаг чингуытӕ уыд, уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ульфилӕйы Библи дӕр, ӕмӕ дзы иу дӕр нал ныууагъта. Афтӕмӕй Испанийы готаг ӕвзагыл иу текст дӕр нал баззад.
Фӕлӕ уӕддӕр Испанийы уыцы рӕстӕг Хуыцауы Ныхас парахат кодта. Готаг ӕвзагӕй уӕлдай ма дзы бирӕтӕ дзырдтой латинаг диалектыл. Уыцы диалектӕй равзӕрдысты, Пиренейы ӕрдӕгсакъадахыл кӕуыл дзурынц, уыцы романаг ӕвзӕгтӕ *. Ӕппӕты рагондӕр фыстытӕ уыцы латинаг диалектыл сты, Вестготаг къӕйдуртӕ кӕй хонынц, уыдон. Афтӕ сӕ хонынц, къӕйдуртыл фыст кӕй сты, уый тыххӕй. Фыст ӕрцыдысты 6-ӕм ӕмӕ 7-ӕм ӕнусты. Иуӕй-иутыл дзы ис скъуыддзӕгтӕ Псаломтӕй ӕмӕ Евангелитӕй. Иу къӕйдурыл та фыст ис 16-ӕм псалом ӕнӕхъӕнӕй.
Фыстадӕй кӕцыдӕр хӕйттӕ къӕйдуртыл фыст кӕй сты, уымӕй бӕрӕг у, хуымӕтӕг адӕм Хуыцауы Ныхас кӕй кастысты ӕмӕ дзы къопитӕ кӕй кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, ахуыргӕнджытӕ сывӕллӕтты кӕсын ӕмӕ фыссын ахуыр кодтой уыцы скъуыддзӕгты фӕрцы. Астӕуккаг ӕнусты (5–15 ӕнустӕ) моладзандонты Библи нывтимӕ уадзынӕн цы зынаргъ пергаментӕй пайда кодтой, уыимӕ абаргӕйӕ къӕйдуртӕ нымад уыдысты аслам фыссӕнгарзыл.
Иу зынаргъ Библи нывтимӕ ис Сан-Исидоройы аргъуаны, испайнаг горӕт Леоны. Рауагътой йӕ нӕ эрӕйы 960 азы. Ис дзы 516 сыфы, йӕ дӕргъ у 47 сантиметры, сӕ уӕрх та 34 сантимерты, йӕ уӕз та у 18 килӕйы. Ӕндӕр Библи та ис Ватиканы чиныгдоны, уый та у Риполы Библи, уагъд ӕрцыд нӕ эрӕйы 1020 азы. Уыцы Библийы цас нывтӕ ис, уыйбӕрц нывтӕ астӕуккаг ӕнусты уагъд Библитӕй бирӕты нӕ уыди. Ахӕм куыстыл-иу ацыд тынг бирӕ рӕстӕг. Моладзан-иу, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕхъӕн бон бахардз кодта ӕрмӕстдӕр фыццаг стыр дамгъӕ ныффыссыныл, фыццаг сыфыл та-иу ын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕхъӕн къуыри дӕр ацыд. Фӕлӕ кӕд уыцы Библитӕ тынг зынаргъ уыдысты, уӕддӕр Хуыцауы Ныхасы хабар адӕмы ’хсӕн парахат кӕнынӕн стыр ӕххуыс нӕ фесты.
БИБЛИ АРАББАГ ӔВЗАГЫЛ
8-ӕм ӕнусы пысылмӕттӕ Пиренейы ӕрдӕгсакъадахмӕ куы бабырстой, уӕд Испанийы уидӕгтӕ уадзын райдыдта ӕндӕр ӕвзаг. Пысылмӕттӕ цы бынӕтты ӕрцардысты, уым араббаг ӕвзаг латинаг ӕвзагӕй фӕтыхджындӕр ӕмӕ адӕмы хъуыд Библи араббаг ӕвзагыл.
Н. э. 5–8 ӕнусты Испанийы Библи латинаг ӕмӕ араббаг ӕвзагыл кӕй уыд, уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыд Хуыцауы Ныхас кӕсын
Фидарӕй зӕгъӕн ис, Испанийы астӕуккаг ӕнусты Библийы, уӕлдайдӕр та Евангелиты, алыхуызон тӕлмацтӕ араббаг ӕвзагыл бирӕ уыд. Ӕвӕццӕгӕн, 8-ӕм ӕнусы Севильяйы епископ Хуан араббаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта Библи ӕнӕхъӕнӕй. Хъыгагӕн, уыцы тӕлмацтӕн сӕ фылдӕр фесӕфтысты. 10-ӕм ӕнусы астӕу араббаг ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы
Евангелитӕй ма иу абоны онг дӕр ис горӕт Леоны аргъуаны, Испанийы.БИБЛИЙЫ ТӔЛМАЦТӔ ИСПАЙНАГ ӔВЗАГЫЛ
Астӕуккаг ӕнусты кӕрон Пиренейы ӕрдӕгсакъадахыл ӕвзӕрын райдыдта испайнаг литературон ӕвзаг. Уыцы ног ӕвзаджы фӕрцы хъуамӕ Хуыцауы Ныхас тынг апарахат уыдаид *. Ӕппӕты рагондӕр скъуыддзаг Библийӕ ис чиныджы «La Fazienda de Ultra Mar» (Хозяйство заморских земель), фыст ӕрцыд 13-ӕм ӕнусы райдианы. Уым дзырд цӕуы иу балцы тыххӕй Израилмӕ ӕмӕ дзы ис скъуыддзӕгтӕ Моисейы Фондз чиныгӕй ӕмӕ ӕндӕр чингуытӕй Дзуттаг Фыстытӕй, стӕй Евангелитӕй ӕмӕ Фыстӕджытӕй.
Уыцы чиныг аргъуаны хистӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. 1234 азы горӕт Таррагонӕйы аргъуан бардзырд радта, цӕмӕй, Библийӕ иу скъуыддзаг дӕр Испанийы цӕрӕг адӕмы ӕвзӕгтыл цы чингуыты уыд, уыдон иууылдӕр сауджынтӕм радтаиккой, ӕмӕ сӕ уыдон басыгътаиккой. Фӕлӕ уыцы бардзырд Библи тӕлмац кӕныны хъуыддаг нӕ баурӕдта. Испайнаг литературӕйы бындурӕвӕрӕг паддзах Альфонсо Дӕсӕмы (1252–1284 азтӕ) фӕндыд, цӕмӕй Фыстад ног, ома испайнаг, ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтаиккой ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн ӕххуыс кодта. Уыцы заман испайнаг ӕвзагыл уыди, Альфонсойы размӕ уагъд Библи кӕй хонынц, уый ӕмӕ, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр чи фӕзынд ӕмӕ ӕппӕты фылдӕр чингуытӕ кӕм уыд, уыцы тӕлмац – Альфонсойы Библи.
Уыцы дыууӕ тӕлмацы стыр ӕххуыс фесты ӕмӕ тынг фӕхъӕздыг кодтой, хӕрзӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы испайнаг ӕвзаг. Ахуыргонд Томас Монтгомери Альфонсойы размӕ уагъд Библийы тыххӕй загъта: «Ацы тӕлмац у диссаг, йе ’взаг куыд бӕлвырд ӕмӕ куыд рӕсугъд у, уымӕй... Йе ’взаг у хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн – латинаг ӕвзаг чи не ’мбӕрста, уыдоны чи хъуыд, уыцы Библи цыхуызӕн хъуамӕ уыдаид, раст ахӕм».
Фӕлӕ уыцы фыццаг Библитӕ испайнаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой, Библи райдианы цы ӕвзагыл фыст уыди, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ латинаг «Вульгатӕйӕ». 14 ӕнусӕй райдайгӕйӕ, иудейаг ахуыргӕндтӕ Дзуттаг Фыстытӕн испайнаг ӕвзагмӕ скодтой цалдӕр тӕлмацы комкоммӕ рагон дзуттаг ӕвзагӕй. Европӕйы бӕстӕтӕй ӕппӕты фылдӕр дзуттӕгтӕ цард Испанийы, ӕмӕ дзуттаг ахуыргӕндтӕн сӕ бон уыд пайда кӕнын, рӕдыдтытӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм къухфыстытӕй дзуттаг ӕвзагыл *.
Уыцы тӕлмацтӕй иу уыд Альбӕйы Библи, тӕлмацгонд фӕци 15-ӕм ӕнусы кӕрон. Зындгонд испайнаг уӕздӕттӕй иу, Луис де Гусман, бахӕс кодта раввин Моше Аррахелӕн, цӕмӕй Библи ратӕлмац кодтаид кастилаг ӕвзагмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног тӕлмац хъуыди дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг хъуыддаджы тыххӕй загъта: «Абон нӕм романаг ӕвзӕгтыл цы тӕлмацтӕ ис, уыдон сты тынг ӕвзӕр». Дыккаг хъуыддаджы тыххӕй та афтӕ загъта: «Мах хуызӕн адӕмы тынг хъӕуы фиппаинӕгтӕ зынӕмбарӕн стихтӕм». Йӕ курдиатӕй бӕрӕг у, йӕ заманы цӕрӕг адӕмы Библи кӕсын
ӕмӕ ӕмбарын тынг кӕй фӕндыд. Уый ма уымӕй дӕр у бӕрӕг, ӕмӕ Испанийы Фыстад сӕ мадӕлон ӕвзагыл бирӕтӕм уыд.Астӕуккаг ӕнусты тӕлмацгӕнджыты ӕмӕ, Библийы къопитӕ чи кодта, уыдоны фӕрцы Испанийы ахуыргонд адӕм Библи сӕрибарӕй сӕхи ӕвзагыл кастысты. Хуан Ортс Гонсалес куыд загъта, афтӕмӕй «испайнӕгтӕ Библи зыдтой, Германийы кӕнӕ йӕ Английы цӕрӕг адӕм Лютеры заманы размӕ куыд зыдтой, уымӕй бирӕ хуыздӕр».
«Испайнӕгтӕ Библи зыдтой, Германийы кӕнӕ йӕ Английы цӕрӕг адӕм Лютеры заманы размӕ куыд зыдтой, уымӕй бирӕ хуыздӕр» (историк Хуан Ортс Гонсалес)
Фӕлӕ 15-ӕм ӕнусы кӕрон испайнаг инквизици Библи тӕлмац кӕнын нал уагъта, стӕй бар никӕмӕн уыд, цӕмӕй йӕм Фыстад йӕ мадӕлон ӕвзагыл уыдаид. Бирӕ рӕстӕг Испанийы Библийӕн йӕ кой кӕнӕн дӕр нӕ уыд. Ӕртӕ ӕнусы рацыд, цалынмӕ уавӕр нӕ фӕивта, уӕдмӕ. Фӕлӕ уыцы уӕззау заманты цалдӕр хъӕбатыр тӕлмацгӕнӕджы фӕсарӕнты испайнаг ӕвзагмӕ ног тӕлмацтӕ скодтой ӕмӕ сӕ сусӕгӕй Испанимӕ фӕхӕццӕ кодтой *.
Цӕмӕй адӕм Библи ма кастаиккой, уый тыххӕй йе знӕгтӕ цынӕ арӕзтой, ахӕм нӕ уыд. Фӕлӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы Ныхас фесафын сӕ бон нӕ баци (Псалом 83:1; 94:20).
Бирӕ ахуыргӕндты уӕззау фыдӕбоны фӕрцы астӕуккаг ӕнусты Испанийы фӕзынд Библи ӕмӕ тынг апарахат. Фыстад райдианы латинаг, готаг, араббаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтӕм чи тӕлмац кодта, уыдоны къахвӕдтыл цӕуынц абоны тӕлмацгӕнджытӕ дӕр. Сӕ фыдӕбоны фӕрцы абон испайнаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕй милуантӕ Хуыцауы Ныхас кӕсынц, сӕ зӕрдӕ сын чи агайы, уыцы ӕвзагыл.
^ 10 абз. Уыдонмӕ хауынц испайнаг литературон, каталанаг, галисийаг ӕмӕ португайлаг ӕвзӕгтӕ.
^ 17 абз. Абон испайнаг ӕвзаг сӕ мадӕлон ӕвзаг у иу-540 милуан адӕймагӕн.
^ 20 абз. Кӕс 2011 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Альфонсо де Самора – Библи ӕмӕ Хуыцауы ном».
^ 23 абз. Кӕс 1996 азы 1 июны «Сторожевая башня», статья «Борьба Касиодоро де Рейны за испанскую Библию».