СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУМӔ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ КУВӔМ?
Адӕм Хуыцаумӕ цӕмӕн фӕкувынц?
Хуыцаумӕ фӕкувыс? Бирӕтӕ йӕм фӕкувынц, суанг ма Хуыцау кӕй нӕ уырны, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ. Фӕлӕ цӕмӕн? Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй Францийы цӕрджытӕн се ’мбис Хуыцаумӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй фӕкувынц кӕнӕ йыл уый тыххӕй фӕхъуыды кӕнынц, цӕмӕй сын «фенцондӕр уа». Европӕйы цӕрӕг адӕмӕй бирӕтау уыдон дӕр, Хуыцау сӕ кӕй уырны, уый тыххӕй нӕ фӕкувынц, фӕлӕ сӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕныны тыххӕй. Уырнджытӕй чидӕртӕ та Хуыцауы ӕрхъуыды кӕнынц, исты сӕ куы фӕхъӕуы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сын Хуыцау сӕ курдиат уайтагъд сӕххӕст кӕна (Исай 26:16).
Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Дӕумӕ гӕсгӕ адӕймаг Хуыцаумӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй хъуамӕ кува, цӕмӕй-иу мауал тыхса? Кӕд уырнӕг дӕ, уӕд ӕй уыныс, Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ кӕй хъусы? Ӕви дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ куывдтытӕй ницы пайда ис? Библийы фӕрцы базондзынӕ, кувын ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй нӕ хъӕуы, цӕмӕй адӕймагӕн фенцондӕр уа, фӕлӕ ма цӕмӕй Хуыцаумӕ дӕр баввахс уа.