Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Ирод Иерусалимы кувӕндон куыд цалцӕг кодта?

Соломон Иерусалимы кувӕндон сарӕзта хохыл. Хохӕн йе скӕсӕн ӕмӕ йӕ ныгуылӕн фӕрсты та самадта къултӕ горӕт хъахъхъӕнынӕн, цӕмӕй кувӕн бынаты алыварс фӕз бынӕттӕ скодтаид. Ироды та фӕндыд, цӕмӕй кувӕндон рацарӕзтаид ӕмӕ йӕ фестырдӕр кодтаид, Соломоны кувӕндонӕй диссагдӕр куыд уыдаид, афтӕ.

Ироды ныхасмӕ гӕсгӕ аразджытӕ фестырдӕр кодтой, кувӕндонӕн йӕ цӕгат фарс цы фӕз бынат уыди, уый. Хуссарырдыгӕй фӕз бынат 32 метры фестырдӕр кодтой. Ӕмӕ уый тыххӕй та сарӕзтой цалдӕр рӕнхъы дурӕй арӕзт ӕрдынцартӕ (своды) ӕмӕ фӕтӕн хъахъхъӕнӕн къул. Иуӕй-иу рӕтты йӕ бӕрзӕнд уыди 50 метры.

Ироды дзуттӕгты фӕхъыг кӕнын кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй бацархайдта, цӕмӕй кувӕндоны сауджынтӕ лӕггад кодтаиккой ӕмӕ дзы нывӕндтӕ хастаиккой, арӕзтадон куыстытӕ дзы куы цыди, уыцы рӕстӕг дӕр. Дзуттаг историк Иосиф Флавий ныффыста, Ирод сауджынты кӕй ахуыр кодта дуры ӕмӕ хъӕды куыст кӕныныл, цӕмӕй кувӕндоны кӕртмӕ, кӕмӕн не ’мбӕлд, ахӕм адӕм ма цыдаид.

Ирод амард, кувӕндон кӕронмӕ арӕзт нӕма фӕци, афтӕ. Мӕлгӕ та акодта, Йесо куы райгуырд, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ (Иоанны 2:20). Уыцы куыст кӕронмӕ конд фӕци Иродӕн йӕ фырты фырты фырт Агриппӕ Дыккаг н. э. 1 ӕнусы ӕмбисы.

Мальтӕйы цӕрджытӕ апостол Павелы лӕгмар цӕмӕн фенхъӕлдтой?

Рӕстдзинады тӕрхоны ус-хуыцау (галиуырдыгӕй) нӕмы ӕнӕрастдзинады ус-хуыцауы

Мальтӕйы цӕрӕг адӕмӕй иуӕй-иутыл, ӕвӕццӕгӕн, грекъӕгты дин бандӕвта. Ӕркӕсӕм, Павелыл цы ’рцыд, Мальтӕмӕ хӕстӕг сӕ нау куы ныппырх, уӕд. Уыцы хабар фыст ис Хъуыддӕгты чиныджы. Апостол Павелимӕ науыл чи уыд, уыдон арт скодтой ӕмӕ сӕхи тавтой. Павел йӕ хъӕбысы дзаг пыхсытӕ артыл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд йӕ къухыл маргджын калм ӕрцауындзӕг. Уый фенгӕйӕ сакъадахы цӕрджытӕ загътой: «Ацы адӕймаг ӕнӕмӕнгӕй лӕгмар у. Ӕмӕ кӕд денджызы нӕ фесӕфт, уӕддӕр ӕй рӕстдзинады тӕрхон баййӕфта ӕмӕ удӕгасӕй нӕ баззад» (Хъуыддӕгтӕ 28:4).

Ацы стихы «рӕстдзинады тӕрхон»-ӕй ратӕлмац кодтой грекъаг дзырд ди́ке. Ацы дзырдӕн йӕ хъуыды тынг уӕрӕх у. Грекъаг мифологийы Дике уыди рӕстдзинады тӕрхоны ус-хуыцау. Уый йӕ хъус дардта зӕххы хабӕрттӕм ӕмӕ-иу алы ӕнӕраст хъуыддаджы тыххӕй дӕр Зевсӕн фӕхабар кодта, цӕмӕй-иу фыдгӕнӕджы ӕнӕмӕнгӕй бафхӕрдтаиккой. Иу дзырдуаты куыд фыст ис, афтӕмӕй Мальтӕйы цӕрджытӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ахъуыды кодтой: «Кӕд Павел денджызы нӕ амард, уӕддӕр ӕй ус-хуыцау Дикейы раст тӕрхон баййӕфта... хъуамӕ маргджын калмы хӕстӕй амӕла». Фӕлӕ Павелыл кӕй ницы ӕрцыд, уый адӕм куы федтой, уӕд сӕ хъуыды аивтой.