Зарджытӕ
Ацы рӕсугъд зарджытӕй зыны, Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм.
Афон у ныр
Пионеры зӕрдӕйы уаг нын куы вӕййы, уӕд нӕ уый фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй рӕдау уӕм.
Конгрессты цин кӕнӕм
Ӕгас дунейы дӕр нын цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны ’хсӕн иудзинад ӕмӕ уарзондзинад кӕй ис, уый нӕ бон вӕййы фенын конгрессты рӕстӕг.
Ӕппӕты зынаргъдӕр мын цы у, уый дын дӕттын
Ныййарджытӕн ӕнцон нӕ вӕййы, сӕ сывӕллӕттӕ дард ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ куы ацӕуынц, уӕд.
Дӕ амонд раст равзар
Кӕд нӕ бинонтӕ скӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ уӕм фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм.
Дӕ цӕстытыл ауайӕд уыцы цард
Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ног ӕмӕ рӕсугъд бон куы ралӕууа, уыцы рӕстӕгмӕ.
Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕныны арфӕдзинӕдтӕ
Ног ӕвзаг ахуыр кӕнын куы райдайай, уӕд уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ?
Дугъ ма кӕн
Хъуамӕ ма рох кӕнӕм, алцӕмӕн дӕр йӕхи рӕстӕг ӕмӕ йӕхи бынат кӕй ис. Уӕд зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ цардӕй дӕр нӕ зӕрдӕ райдзӕн.
Уазӕгуарзон у
Дӕ бон куыд у уазӕгуарзондзинад ӕвдисын?
Бузныг дын зӕгъӕм
Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны не ’ппӕт зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн дӕр. Ацы зарӕгӕй нӕ фӕнды ӕвдисын, бузныг дзы кӕй стӕм.
Цы равзарон
Зондыл дзурӕг уыдзӕн, уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу куы хъуыды кӕнӕм, уый нӕ лӕггадыл ӕмӕ иннӕтыл куыд фӕзындзӕн, ууыл.
Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм
Йегъовӕйы бафӕзмынӕн фадӕттӕ агур ӕмӕ иннӕтӕн хатыр кӕн.
Дзӕнӕт къӕсӕрыл ис
Нӕ каст фидӕны дзӕнӕтмӕ куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын.
Ӕз ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндын!
Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй бафыдӕбон кӕнын фӕхъӕуы. Фӕлӕ куы бафыдӕбон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн.
Мӕ зынаргъ чызг
Бирӕ азты дӕргъы фыд йӕ хъус дары, йӕ чызг куыд рӕзы ӕмӕ рӕстдзинад йӕ зӕрдӕйы куыд фидар кӕны, уымӕ.
Ратт мын хъӕбатырдзинад
Йегъовӕ нын ратдзӕн хъӕбатырдзинад, цӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууӕм.
Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн
Йегъовӕйӕ чи цӕуы, уыцы уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн. Уыцы уарзондзинад нын хӕссы циндзинад ӕмӕ удӕнцой.
Нӕ рох кӕнын ӕз
Хъуамӕ нӕ рох ма уа, цыфӕнды ныл ма ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ Йегъовӕйы уарзтӕй кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн.
Зӕрдӕйӕ хатыр кӕн
Искуы дын исчи дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта? Мыййаг дын зын у уыцы хабар ферох кӕнын? Базон, цӕй фӕрцы бауыдзӕн дӕ бон зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнын.
Дӕ фӕндагыл размӕ згъор
Раст уынаффӕтӕ хӕсс, цӕмӕй царды фӕндагыл размӕ згъорай.
Ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм
Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар уыдзӕн, фидар бындурыл ӕй куы араза уӕд.
Мӕ уды хай
Бинонты цард у Йегъовӕйы лӕвар. Уӕ бинонты цард уын цины хос уӕд.
Дӕ зонд хъахъхъӕн
Йегъовӕйы ӕххуысӕй дӕ бон суыдзӕн тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнын.
Ӕдзух цин кӕн!
Ацы хъӕлдзӕг зарӕг нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ бон бирӕ цӕуылдӕрты кӕй у цин кӕнын.
Стӕм иу бинонтау
Кӕд бирӕ зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр стӕм иу бинонтау.
Дӕ хъарутӕ ратт Йегъовӕйӕн
Дӕ хъарутӕ дӕтт Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, ӕмӕ никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ!
Нӕ зӕрдӕйы стыр цин!
Ӕцӕг циндзинад нын дӕтты Йегъовӕ, ӕмӕ уый алкӕддӕр афтӕ уыдзӕн.
Хонын дӕ дзӕнӕтмӕ
Ног дунейы цы цард уыдзӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ цин кӕн.
Йегъовӕйӕн рӕстӕг ссар
Йегъовӕйы хъуыддӕгты ӕдзухдӕр архайай, уымӕй хуыздӕр царды ницы ис.
Уырнындзинад мын дӕтты цӕстырухс
Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, Хуыцау адӕмӕн цы диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, уый.
Йегъовӕйы бинонтӕ
Ацы дунейы ма ис, рӕстдзинад чи агуры, ахӕм адӕм. Ацы музыкалон видеороликы фӕрцы дӕ ноджы тынгдӕр бафӕнддзӕн дарддӕр дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы агурын.
Иумӕ фидар лӕууӕм
Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй архайӕм ӕмӕ Йегъовӕ не ’ххуысгӕнӕг кӕй у, уый фӕрцы иумӕ фидар лӕууӕм.
Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуон?
Бакӕс, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иу цӕрӕнбонты Фыййауы хъӕлӕсмӕ куыд хъусы ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй куыд лӕггад кӕны, уымӕ.
Хуыцау ис мемӕ ӕдзух
Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мацӕмӕй тӕрсӕм.
Фӕстӕмӕ та – ӕмбӕлттӕ
Кӕмӕ фӕхӕрам дӕ, уымӕн ныххатыр кӕн ӕмӕ та фӕстӕмӕ ӕмбӕлттӕ сут.
Кӕд фӕкалдтӕ, уӕд сыст
Дӕ рӕдыд дын зонды хос куы фӕуа, уӕд сфидар уыдзынӕ ӕмӕ та Хуыцауӕн лӕггад кӕндзынӕ.
Разӕй – ӕцӕг цард
Нӕ бон у, ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр амондджын цард кӕнӕм.
Зӕххыл уыдзӕн фарн! (2022 азы регионалон конгрессы зарӕг)
Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕ зӕрдыл дар Хуыцауы зӕрдӕвӕрд, тагъд зӕххыл кӕй уыдзӕн ӕцӕг фарн.
Ӕрбаввахс у мӕнмӕ
Хуыцау зӕрдиагӕй тыхсы, ӕввахс кӕнын ӕм кӕй фӕнды, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр,– уӕлдай нӕу, кӕцы адӕмыхаттӕй сты, стӕй, хъӕздыг сты ӕви мӕгуыр.
«Тагъд сӕххӕст уыдзӕн»! (2023 азы регионалон конгрессы зарӕг)
Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фӕзм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты.
Ногӕй та дын ис бинонтӕ
Нырма ис рӕстӕг хӕдзармӕ ӕрбаздӕхынӕн.
Дӕ гыццыл лӕварӕн ис стыр аргъ
Йегъовӕ дӕ нывӕндтӕн тынг аргъ кӕны, стыр уой ӕви гыццыл.
Хуыцау мах хорз зоны
Йегъовӕ махӕй алкӕй дӕр хорз зоны ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ дӕр ӕмбары.
Иууылдӕр уыдзысты ӕмвӕнд-ӕмзонд
Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы хайджын стӕм фарнӕй.
Нӕ сӕйраг хӕс
Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар ӕмӕ хъӕбатырӕй хъусын кӕн.
Хуыцау мӕ ӕфсады
Дӕхи ӕфсад уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй, ӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕздзынӕ.
Йӕ фарн кӕлы цӕугӕдонау
Йегъовӕйы фарн кӕлы цӕугӕдонау, ӕмӕ кӕлдзӕн ӕнустӕм дӕр.
«Ӕцӕг цард»
Фидӕны ныфсыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм хъарутӕ фӕзыны нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн.
«Хорз хабар»! (2024 азы регионалон конгрессы зарӕг)
Фыццаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ адӕмӕй бирӕтӕ цингӕнгӕйӕ хъусын кӕнынц хорз хабар. Иунӕджытӕй ууыл ничи аххӕссыдаид. Ацы хъуыддагӕн разамынд дӕтты Йесо Чырысти, ӕмӕ, чи хъусын кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынц зӕдтӕ дӕр.
Гыццыл ӕрлӕуу, рӕстӕг ссар
Рӕстӕг-иу куы ссарӕм, цӕмӕй Хуыцауы сконд хъуыддӕгтыл ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ ног тыхтӕ бацӕуа ӕмӕ нӕ зындзинӕдты сӕрты хизӕм?
Хуымӕтӕг цард кӕн
Фылдӕр Йегъовӕйы хуымӕтӕг лӕвӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын.
Кӕд дуне карз у, уӕддӕр стӕм хӕларзӕрдӕ
Адӕмимӕ хӕларӕй куы цӕрӕм, уӕд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм.
Де стыр тыхӕн нӕй кӕрон
Базон, иунӕг чи у, уыцы адӕймаджы Йегъовӕ куыд «ӕрцӕрын кӕны хӕдзары».
Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕнын
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ кадджын кӕнӕм.