Гыццыл ӕрлӕуу, рӕстӕг ссар
Рафыссын
1. Сабыр мӕйрухс изӕры мах бадӕм арты раз,
Ӕмӕ айрох ысты не ’ппӕт сагъӕстӕ. Ӕвӕдза, куыд хорз у цард!
Йӕ лӕвӕрттӕй мах Хуыцау рӕвдауы алы бон.
Уый нын не ’вгъау кӕны, царды хорзӕй цы и. Мах уый нӕ кӕнӕм рох.
БАЗАРД
Хатт фӕхъӕуы ӕрлӕууын, нӕ фӕллад суадзын,
Акӕсын ӕрдзы аив нывтӕм.
Радта алцыдӕр нӕ Фыд дӕуӕн. Гыццыл ӕрлӕуу
’Мӕ ахъуыды кӕн.
’Рлӕуу, ыссар рӕстӕг.
2. Хъазынц иумӕ хъӕды сӕрмӕ мӕй ӕмӕ стъалытӕ.
Нӕ Фыды лӕвӕрттӕй куыд райы нӕ зӕрдӕ! Амондджын ’цӕгдӕр ыстӕм.
Зын рӕстӕджытӕ куы скӕны, уӕддӕр нӕ рох кӕнӕм:
Хъуамӕ иузӕрдион мах Йегъовӕйыл уӕм. Йе стыр уарзтӕй хайджын стӕм.
БАЗАРД
Хатт фӕхъӕуы ӕрлӕууын, нӕ фӕллад суадзын,
Акӕсын ӕрдзы аив нывтӕм.
Радта алцыдӕр нӕ Фыд дӕуӕн. Гыццыл ӕрлӕуу
’Мӕ ахъуыды кӕн.
’Рлӕуу, ыссар рӕстӕг.
Ссар рӕстӕг.
Ссар-иу рӕстӕг.
БАЗАРД
Хатт фӕхъӕуы ӕрлӕууын, нӕ фӕллад суадзын,
Акӕсын ӕрдзы аив нывтӕм.
Радта алцыдӕр нӕ Фыд дӕуӕн. Гыццыл ӕрлӕуу
’Мӕ ахъуыды кӕн.
’Рлӕуу, ыссар рӕстӕг.
КӔРОНБӔТТӔН
Цин кӕн дӕ цардыл алы бон дӕр.
Ыссар-иу рӕстӕг.
Цин кӕн дӕ цардыл алы бон дӕр.
’Рлӕуу гыццыл, ахъуыды кӕн.
’Рлӕуу, ыссар рӕстӕг.