Дӕ амонд раст равзар
Рафыссын:
1. Алцы у хорз, фӕлӕ хатт зӕгъын:
«Чи уыдзӕн мӕ амонд?»
Зонын, растдӕр уыдзӕни, куы нӕ тагъд кӕнон абон.
Ацы уынаффӕ ӕрхӕсдзӕни амонд кӕнӕ маст.
Хатт ӕрыгон зӕрдӕйы ыссудзы уарзт, фӕлӕ стӕй ахуыссы арт.
БАЗАРД
Ма тагъд кӕн, ахъуыды уал кӕн.
Лӕмбынӕг кӕс.
Зондмӕ хъус, кӕд дӕ зӕрдӕ дзуры ’ндӕр.
’Мӕ уӕд, дӕ амонд у ’ви нӕ,
Фендзынӕ, куы банхъӕлмӕ кӕсай.
О, раст равзар.
2. Зӕрдӕ агуырдта уарзт ’мӕ фӕлмӕн рӕвдыд, ӕмӕ уый уыд мӕ разы.
Фӕлӕ ’мбӕрстон, фӕсмойнаг фӕуыдзынӕн мӕ цардӕй.
Уынаффӕ Йегъовӕйӕ агурын,
Зонд уымӕй курын.
Мӕн фӕнды, цӕмӕй уарза рӕстдзинад, мӕ цардӕмбал чи уыдзӕн, уый.
БАЗАРД
Ма тагъд кӕн, ахъуыды уал кӕн.
Лӕмбынӕг кӕс.
Зондмӕ хъус, кӕд дӕ зӕрдӕ дзуры ’ндӕр.
’Мӕ уӕд, дӕ амонд у ’ви нӕ,
Фендзынӕ, куы банхъӕлмӕ кӕсай.
О, раст равзар.
О, раст равзар.