Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

Рафыссын:

  1. 1. Дӕу фӕндыд, хуыздӕр куыд у, афтӕ.

    Аргъ кӕнӕм дӕ хорздзинӕдтӕн мах дӕр.

    Фӕлӕ фӕхъыг кӕнӕм кӕрӕдзи хатт.

    Ӕркӕлы цӕстысыг ыстӕй.

    Раст кӕй нӕ дӕн, фенын ӕй.

    1-АГ БАЗАРД

    Дӕ маст дӕ зӕрдӕйӕ фӕсур,

    Цалынмӕ нӕ аныгуылди хур.

    Ферох кӕнӕм алцыдӕр.

    Цы уыд, уый уыди.

    Бафидауӕм, хотӕ куы стӕм.

  2. 2. Хатгай нӕ вӕййӕм алцӕуыл разы.

    Карз ныхӕстӕ арӕх зӕрдӕ скъахынц,

    Ӕндӕр цӕстӕй ды ракӕсыс ыстӕй

    ’Мӕ феныс, ’цӕгдӕр у хуыздӕр

    Хатыр кӕнын алкӕддӕр.

    1-АГ БАЗАРД

    Дӕ маст дӕ зӕрдӕйӕ фӕсур,

    Цалынмӕ нӕ аныгуылди хур.

    Ферох кӕнӕм алцыдӕр.

    Цы уыд, уый уыди.

    Бафидауӕм, ’фсымӕртӕ стӕм.

    2-АГ БАЗАРД

    Кӕрӕдзи уарзӕм мах, не ’хсӕн цыфӕнды дӕр ма ’рцӕуа, уӕддӕр.

    Алцы ныббар, цӕстмӕ мацы дар.

    Уымӕй сты хӕлӕрттӕ бӕрӕг.

    1-АГ БАЗАРД

    Дӕ маст дӕ зӕрдӕйӕ фӕсур,

    Цалынмӕ нӕ аныгуылди хур.

    Ферох кӕнӕм алцыдӕр.

    Цы уыд, уый уыди.

    ’Ппӕт зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм.

    Уарзтӕй стӕм баст, кӕрӕдзийӕн ныббарӕм.