93 ЗАРӔГ
Не ’мбырдтӕн нын арфӕ кӕн
-
1. О Йегъовӕ, мах дӕм кувӕм,
Не ’мбырдтӕн нын арфӕ кӕн.
Курӕм, хай нын кӕн дӕ тыхӕй,
Ӕмӕ кад хӕссӕм дӕуӕн.
-
2. Курӕм, амон нын дӕ Ныхас,
Ӕмӕ ’нтыстджын алкӕд уӕм.
Амон, хорз хабар куыд дзурӕм
Стӕй нӕ уарзын ахуыр кӕн.
-
3. О нӕ Фыд, ӕруадз ныл арфӕ,
Не ’мбырд фарнӕй хайджын уа,
’Мӕ нӕ ныхасӕй, нӕ уагӕй
Де стыр кад бӕрзонд кӕна!
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 22:22; 34:3; Ис. 50:4.)