Библи иртасын
Чырыстӕттӕ Хуыцауы Ныхас ӕдзух цӕмӕн хъуамӕ иртасой?
Пс 1:1–3; Ӕм 18:15; 1Тм 4:6; 2Тм 2:15
Кӕс ма Хъд 17:11
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Пс 119:97–101. Псаломзарӕггӕнӕг загъта, Хуыцауы закъон кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй ӕххӕст кӕны, уый фӕрцы амондджын кӕй у.
-
Дан 9:1–3. Пехуымпар Данел чингуытӕ куы иртӕста, уӕд бамбӕрста, израилӕгтӕ уацары 70 азы кӕй хъуамӕ фӕуыдаиккой ӕмӕ тагъд кӕй хъуамӕ ссӕрибар уыдаиккой.
-
Дарддӕр дӕр фылдӕр базоныныл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Ӕм 4:18. Райсомӕй хур куы скӕсы, уӕд рухсӕй-рухсдӕр куыд фӕкӕны, афтӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон дӕр Библийы рӕстдзинад хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарынц, Йегъовӕ сын ӕй кӕй ӕргом кӕны, уый фӕрцы.
-
Мф 24:45–47. Йесо загъта, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» кӕй сӕвӕрдзӕн, цӕмӕй фӕстаг бонты афоныл дӕтта уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг.
-
Библи адӕмы фыст чингуытӕй хуыздӕр цӕмӕн у?
Библи уый тыххӕй чи иртасы, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна, уыдонӕн Йегъовӕ ныфс цӕмӕй ӕвӕры?
Цӕмӕй нын Библийы ахуыр фылдӕр пайда хӕсса, уый тыххӕй Хуыцауӕй цы хъуамӕ курӕм?
«Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ ӕфсадӕм?
Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕ бӕлвырд базонӕм, суанг лыстӕг хабӕртты онг?
Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад «амал кӕнӕм»?
Кӕсгӕ-кӕсын тагъд цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕмӕ, цы кӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?
Цӕмӕн-иу хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Библийы уынаффӕтӕй нӕ царды куыд спайда кӕндзыстӕм, ууыл?
Цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цы базонӕм, уый иннӕтӕн нӕ бон ӕмбарын кӕнын куыд у, ууыл?
Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы иртасӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?
-
Цӕвиттон Библийӕ
-
Д.з 6:6, 7; 11:18–20. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй алы фадатӕй дӕр пайда кодтаиккой ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн йӕ закъӕттӕ амыдтаиккой.
-
Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй-иу бинонтӕ Библийыл иумӕ ныхас кӕной?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Рд 18:17–19. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй Авраам йӕ хӕдзаронты ахуыр кодтаид Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕмӕ, раст цы у, уый аразын.
-
Пс 78:5–7. Израилы алы фӕлтӕр дӕр хъуамӕ иннӕ фӕлтӕры ахуыр кодтаид, цӕмӕй уыдон дӕр сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаиккой.
-
Ӕмбырды Библи иумӕ кӕй фӕиртасӕм, уый нын цы пайда у?