Коммӕгӕсдзинад
Коммӕ кӕсын ахсджиаг цӕмӕн у?
Рц 19:5; Д.з 10:12, 13; Ек 12:13; Иак 1:22
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
1См 15:17–23. Пехуымпар Самуил паддзах Саулӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй; уый фӕстӕ Самуил бамбарын кодта, коммӕгӕсдзинад куыд ахсджиаг у, уый.
-
Дзт 5:7–10. Кӕд Йесо алкӕддӕр йӕ Фыды коммӕ каст, уӕддӕр зӕххыл куы уыд ӕмӕ йын иннӕтӕ хъизӕмӕрттӕ куы ’взарын кодтой, уӕд коммӕ кӕсыныл сахуыр.
-
Чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна, хицӕуттӕ йын Хуыцауы закъӕттӕ куы халын кӕной, уӕд?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Дан 3:13–18. Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйӕн кӕд мӕлӕтӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр нӕ бакуывтой, паддзах Навуходоносор кӕй саразын кодта, уыцы гуымирыйӕн.
-
Мф 22:15–22. Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хицауады коммӕ кӕй фӕкӕсынц, Йегъовӕ Хуыцауы закъӕттӕ сын куы нӕ фӕхалын кӕнынц, уӕд.
-
Хъд 4:18–31. Хицӕуттӕ апостолтӕн куы загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд сӕм нӕ байхъуыстой ӕмӕ дарддӕр ныфсджынӕй хъусын кодтой.
-
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм?
Д.з 6:1–5; Пс 112:1; 1Ин 5:2, 3
Кӕс ма Пс 119:11, 112; Ро 6:17
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Езд 7:7–10. Сауджын Ездрӕ йӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кодта, цӕмӕй фӕзминаг уыдаид, Хуыцауы закъон куыд ӕххӕст кӕнын хъӕуы ӕмӕ йӕ иннӕтӕн куыд амонын хъӕуы, уымӕй.
-
Ин 14:31. Йесо бамбарын кодта, йӕ Фыды ныхасмӕ цӕмӕн хъусы, уый.
-
Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?
Коммӕгӕсдзинад ӕмӕ уырнындзинад куыд баст сты?
Ро 1:5; 10:16, 17; Иак 2:20–23
Кӕс ма Д.з 9:23
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Рд 6:9–22; Дзт 11:7. Ной фидар уырнындзинад равдыста, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, нау афтӕ кӕй сарӕзта, уымӕй.
-
Дзт 11:8, 9, 17. Авраам йӕ уырнындзинад равдыста, Йегъовӕмӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ Урӕй кӕй рацыд, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕй дӕр.
-
Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй куыд арфӕ кӕны?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Лв 26:3–6. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ сыл кӕй тыхсдзӕн.
-
Нм 13:30, 31; 14:22–24. Халев коммӕгӕс уыди, ӕмӕ йын Йегъовӕ раарфӕ кодта.
-
Ӕгоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ’ркӕны?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Рд 2:16, 17; 3:17–19. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй ӕнӕхай фесты дзӕнӕтӕй ӕмӕ ӕнусон цардӕй, стӕй ӕххӕст нал уыдысты.
-
Д.з 18:18, 19; Хъд 3:12, 18, 22, 23. Йегъовӕ загъта, кӕй фӕзындзӕн Моисейӕ стырдӕр пехуымпар ӕмӕ, йӕ коммӕ чи нӕ кӕса, уыдон ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты.
-
Иуд 6, 7. Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдты ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй Йегъовӕйы фыдӕх баййӕфта.
-
Йесо Чырыстимӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?
-
Цӕвиттон Библийӕ
-
Ин 12:46–48; 14:24. Йесо бамбарын кодта, чи йӕм нӕ хъусы, уыдоны карз тӕрхон кӕй баййафдзӕн.
-
Чырыстӕттӕ цӕмӕн хъусынц, ӕмбырды сын разамынд чи дӕтты, уыдонмӕ?
Чырыстон сылгоймаг йӕ лӕджы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса?
Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсой?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Рд 37:3, 4, 8, 11–13, 18. Ӕрыгон Иосиф йӕ фыды коммӕ бакаст ӕмӕ йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ ацыд, кӕд дзы уыдон се сӕфт уыдтой, уӕддӕр.
-
Лк 2:51. Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, фӕлӕ уӕддӕр Иосиф ӕмӕ Марийӕйы коммӕ каст, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр.
-
Нӕ куысты хицау нын цы бахӕс кӕны, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй цӕмӕн хъуамӕ аразӕм, куы ничи нӕ уына, уӕд дӕр?
Чырыстӕттӕ хицӕутты коммӕ цӕмӕн кӕсынц?