Титултӕ
Дины разамонджыты цы титултӕй фӕхонынц, ахӕм титултӕй чырыстӕттӕ хъуамӕ искӕй хоной?
Цӕвиттон Библийӕ
Лк 18:18, 19. Кӕд Йесо хорз адӕймаг уыд, уӕддӕр нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ «хорз Ахуыргӕнӕг» хуыдтаиккой; Йесо загъта, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй у хорз.
Дины разамонджыты цы титултӕй фӕхонынц, ахӕм титултӕй чырыстӕттӕ иннӕты цӕуылнӕ хонынц, зӕгъӕм, «фыд» кӕнӕ «разамонӕг»?
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Мф 23:9–12. Йесо загъта, цӕмӕй адӕмӕй «фыд» кӕнӕ «разамонӕг» макӕй хуыдтаиккой.
1Кр 4:14–17. Апостол Павел иннӕтӕн фыдӕй уӕлдай нӕ уыд, фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ йӕ исчи «фыд» кӕнӕ ӕндӕр искуыд хуыдта.
Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй хонынц ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ахӕм зӕрдӕ кӕй дарынц, уый раст цӕмӕн у?
Кӕс ма Хъд 12:17; 18:18; Ро 16:1
Цӕвиттон Библийӕ
Мф 12:46–50. Йесо загъта, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон кӕй сты йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ.
Кӕцӕй йӕ зонӕм, чырыстӕттӕн сӕ бон кӕй у зӕххон хицӕутты, тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ ма бартӕ кӕй къухы ис, уыдоны сӕ титултӕй хонын?
Цӕвиттон Библийӕ
Хъд 26:1, 2, 25. Апостол Павел Агриппӕйы схуыдта «паддзах», Фесты та схуыдта «цытджын Фест».