Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахуырад исынц скӕсӕйнаг динтӕ

Ахуырад исынц скӕсӕйнаг динтӕ

Ахуырад исынц скӕсӕйнаг динтӕ

«Кӕддӕриддӕр афтӕ ӕнхъӕлдтон, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, ууыл кӕй ничи дызӕрдыг кӕны. Уымӕ гӕсгӕ ацы ахуырадыл Скӕсӕны дӕр ӕмӕ Ныгуылӕны дӕр иуӕй-иу зындгонд философтӕ кӕй быцӕу кӕнынц, уый базонгӕйӕ, тынг фӕдис кодтон. Ныр та мӕ базонын фӕнды, ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад индустӕ цы хуызы райстой» ИНДУИЗМЫ ТРАДИЦИТЫЛ ХЪОМЫЛГОНД СТУДЕНТ

1. Адӕймаджы уды ӕнӕмӕлгӕдзинады ахуырад куыд рӕзтис ӕмӕ йӕ алыхуызон динтӕ куыд истой, уый нӕ цӕмӕн цымыдис кӕны?

 ӔНӔМӔЛГӔ уды ӕмбарынад куыд райстой индуизм ӕмӕ иннӕ скӕсӕйнаг динтӕ? Ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад, адӕймаг фидӕны тыххӕй цы хъуыды кӕны, ууыл кӕй ӕндавы, уымӕ гӕсгӕ ацы фарст цымыдис кӕны Ныгуылӕны цӕрджыты дӕр, кӕцытӕ чи зоны, зонгӕ не сты скӕсӕйнаг динтимӕ. Нырыккон динтӕн сӕ фылдӕр адӕймаджы уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, ууыл ахуыр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ ацы теорийы равзӕрд зонгӕйӕ, адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн кӕрӕдзи хуыздӕр бамбарын.

2. Азийаг бӕстӕты сӕйраг динон центр Инди цӕмӕн у?

2 Стыр Британийы Ланкастеры университеты дины фадыджы профессор Ниниан Смарт дзуры: «Азийы бӕстӕты иуыл ахадгӕдӕр динон центр у Инди. Ӕрмӕст уый тыххӕй афтӕ нӕу, Индийы кӕй равзӕрдысты бирӕ динтӕ — индуизм, буддизм, джайнизм, сикхизм ӕмӕ ӕндӕртӕ,— фӕлӕ ма уыцы динтӕй сӕ иу, буддизм, Скӕсӕн Азийы ӕппӕт культурӕтыл дӕр тынг ӕндавын кӕй райдыдта, уый тыххӕй дӕр». Индуизмы иртасӕг Никхиланандӕ куыд дзуры, афтӕмӕй уыцы ӕндӕвдад цы адӕмты культурӕты зыны, уыдон «абоны онг дӕр Инди нымайынц сӕ духовон хӕдзарыл». Уӕдӕ куыд райстой ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад Инди ӕмӕ Азийы иннӕ бӕстӕтӕ?

Уды ахуырад индуизмы

3. Иу историкы хъуыдымӕ гӕсгӕ чи уыд ахъаз Индийы уды ахызты ӕмбарынады фӕзындӕн?

3 Н. э. агъоммӕ VI ӕнусы Пифагор ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ Грецийы уды ахызты теорийы фарс куы рахӕцыдысты, раст уыцы рӕстӕджы Инд ӕмӕ Гангы донбылтыл цӕрӕг индусаг зондджынтӕ дӕр куыстой растдӕр уыцы цӕстӕнгасыл. Историк Арнолд Тойнбийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы ахуырад иу рӕстӕджы кӕй фӕзынд «грекъаг дуне ӕмӕ Индийы, уый ӕнӕнхъӕлӕджы хабар нӕу». Дарддӕр Тойнби амоны иу уӕвинаг аххосагмӕ: «Ӕвӕццӕгӕн ацы ахуырады тӕфаг ӕрбахастой Евразийы цӕугӕцардгӕнӕг знӕмтӕ, кӕцытӕ н. э. агъоммӕ VIII ӕмӕ VII ӕнустӕм бафтыдысты Индимӕ, Азийы хуссар-ныгуылӕн хаймӕ, Сау денджызы цӕгат донбылтӕм, ӕмӕ ма Балкан ӕмӕ Къаннӕг Азийы ӕрдӕгсакъадахмӕ дӕр». Куыд зыны, афтӕмӕй уды ахызты ӕмбарынад Индимӕ ӕрбахастой Евразийы цӕугӕцардгӕнӕг знӕмтӕ.

4. Уды ахызты цӕстӕнгас индусаг зондджынтӕм хорз цӕмӕн фӕкаст?

4 Индуизм Индийы фӕзынд бирӕ раздӕр — н. э. агъоммӕ 1500 азмӕ ’ввахс — арийаг знӕмты фӕзындимӕ иумӕ. Иуыл фыццагӕй дӕр индуизмы ахуырад амыдта, мӕлӕты фӕстӕ уд буарӕй кӕй ахицӕн вӕййы ӕмӕ дарддӕр кӕй фӕцӕры. Уымӕ гӕсгӕ индустӕ сӕ фыдӕлтӕн куывтой ӕмӕ сын хӕринаг фӕлдыстой, цӕмӕй амӕлджыты удтӕ ӕххормаг ма уой. Сӕдӕ азтӕ фӕстӕдӕр, уды ахызты ӕмбарынад Индимӕ куы бафтыд, уӕд уый тынг хорз фӕкаст индусаг зондджынтӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон архайдтой адӕмӕн афтӕ бирӕ маст ӕмӕ фыдӕбӕттӕ цӕмӕн ис, уыцы фарст райхалыныл. Уыцы хъуыды кармӕйы закъонимӕ — аххос ӕмӕ фӕстиуӕджы закъонимӕ — баиугӕнгӕйӕ, индусаг зондджынтӕ райтынг кодтой уды ахызты теори; уый нысан кӕны, адӕймаджы ацы цард кӕй у ивгъуыд царды цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон тыххӕй хорзӕх кӕнӕ ӕфхӕрд.

5. Цы у уды фӕстаг нысан индуизмы ахуырадмӕ гӕсгӕ?

5 Фӕлӕ ма уды тыххӕй индуизмы ахуырадыл бандӕвта ӕндӕр цӕстӕнгас дӕр. «Афтӕ зыны, растдӕр уды ахызты теори ӕмӕ кармӕйы закъонимӕ иумӕ, кӕнӕ уымӕй раздӕр... Индийы цӕгатфарс зондджын адӕймӕгты гыццыл къорды ’хсӕн цадӕггай кӕй гуырдис ноджыдӕр иу цӕстӕнгас — „брахман-атманы“ [сӕйраг ӕмӕ ӕнусон брахманы, уӕлдӕр реалондзинады] философон цӕстӕнгас»,— дзырдӕуы «Дин ӕмӕ этикӕйы энциклопедийы» («Encyclopædia of Religion and Ethics»). Ацы дыууӕ теорийӕ бӕрӕг кӕны индусты сӕйраг нысан — ногӕй гуырыны циклӕй ссӕрибар уӕвын ӕмӕ уӕлдӕр реалондзинадимӕ сиу уӕвын. Индусты уырны, ӕгъдауджын цард ӕрвитгӕйӕ ӕмӕ сӕрмагонд индусаг базонынад исгӕйӕ, уыцы нысан сӕ къухы кӕй бафтдзӕн.

6, 7. Цы хъуыды кӕнынц мӕрдты бӕсты тыххӕй нырыккон индустӕ?

6 Уӕдӕ уды ахызты ӕмбарынад кармӕйы закъон ӕмӕ брахманы цӕстӕнгасимӕ баиугӕнгӕйӕ, индусаг зондджынтӕ сарӕзтой уды ахызты ахуырад. Поэт, Нобелы премийы лауреат, Мексикӕйы раздӕры посол Индийы, Октавио Пас фыссы: «Индуизмы райтынгимӕ тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтой метемпсихозы ӕмбарынадыл, кӕнӕ та уӕвынады иу формӕйӕ иннӕмӕ хизыны ӕнӕрлӕугӕ циклыл... кӕцы ис брахманизм, буддизм ӕмӕ Азийы ӕндӕр динты бындуры».

7 Уды ахызты ахуырад у нырыккон индуизмы бындур. Индусаг философ Никхиланандӕ афтӕ дзуры: «Ӕнӕмӕлгӕ цард райсын ӕвзӕрст адӕймӕгты привилеги нӕу, уый у алы адӕймагӕн дӕр гуырдзӕй лӕвӕрд бар, ӕмӕ ӕцӕг индустӕй иу дӕр ууыл нӕ дызӕрдыг кӕны».

Ногӕй гуырыны цикл буддизмы

8—10. а) Цы у уӕвынад буддизмы ахуырадмӕ гӕсгӕ? ӕ) Куыд ӕмбарын кӕны буддизмы иу иртасӕг ногӕй гуырын?

8 Буддизм фӕзынд Индийы н. э. агъоммӕ 500 азмӕ ’ввахс. Таурӕгъмӕ гӕсгӕ буддизмы бындурӕвӕрӕг уыд индийаг принц Сиддхартха Гаутамӕ, фӕстӕдӕр ӕмбарынад райсгӕйӕ, уый зындгонд уыд Буддӕйӕ. Буддизм индуизмӕй кӕй равзӕрд, уымӕ гӕсгӕ ацы дыууӕ дины бирӕ цыдӕртӕ ис ӕмхуызонӕй. Буддизмы ахуырадмӕ гӕсгӕ цард у мӕлӕт ӕмӕ ногӕй гуырыны ӕнӕрлӕугӕ цикл; афтӕ индуизмы дӕр адӕймаджы абоны уавӕр бӕрӕг цӕуы раздӕры царды цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уымӕй.

9 Фӕлӕ буддизмы ахуырадмӕ гӕсгӕ уӕвынад нӕу баст удимӕ, кӕцы мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ баззайы. «[Буддӕ] адӕймаджы уд нымадта психикон скъуыйгӕ уавӕрты ӕвиппайдон циклыл, кӕцыты иу кӕны ӕрмӕстдӕр зӕрдиаг бӕллиц»,— банысан кодта Арнолд Тойнби. О, Буддӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, иу цардӕй иннӕмӕ ахизы цавӕрдӕр психикон уавӕр кӕнӕ тых. Буддизмы иртасӕг д-⁠р Валпола Рахул ӕмбарын кӕны:

10 «Гоймаг у ӕрмӕстдӕр буар ӕмӕ зонды тыхты кӕнӕ энергиты баиу. Мах мӕлӕт цы хонӕм, уый нысан кӕны, буар бынтондӕр йӕ куыстӕй кӕй ӕрлӕууы. Фӕлӕ буар йӕ куыстӕй куы ’рлӕууы, уӕд уыцы тыхтӕ ӕмӕ энерги дӕр фесӕфынц? Буддизмы ахуырадмӕ гӕсгӕ нӕ. Фӕндон, царды бӕллиц, бирӕ хӕттыты ногӕй райгуырыны тырнындзинад у цард змӕлынгӕнӕг хъомысджын тых, ӕмӕ фӕткдариуӕг кӕны ӕгас дунейыл. Уый у Дун-дунейы хъомысджындӕр тых, хъомысджындӕр энерги. Буддизмы ахуырадмӕ гӕсгӕ буар йӕ куыстӕй куы ’рлӕууы, ома куы амӕлы, йӕ тых уыцы тӕккӕ фесӕфы; фӕлӕ дунемӕ ногӕй фӕзынгӕйӕ, кӕнӕ ногӕй райгуыргӕйӕ, ӕндӕр хуызы раргом вӕййы.

11. Куыд хъуыды кӕнынц буддисттӕ мӕлӕты фӕстӕ царды тыххӕй?

11 Мӕлӕты фӕстӕ царды тыххӕй буддистты хъуыды у ахӕм: уӕвынад у ӕнустӕм, кӕд ӕрмӕст адӕймагӕн йӕ къухы нӕ бафты сӕйраг нысан — нирванӕ, ома ногӕй гуырыны циклӕй сӕрибардзинад. Нӕй зӕгъӕн, нирванӕ кӕй у ӕнусон амонд, уый нӕу уӕлдӕр реалондзинадимӕ сиу уӕвын дӕр. Уый у ӕнӕуӕвынады уавӕр — гоймаг кӕм нӕй ӕмӕ «мӕлӕт кӕм нӕй, ахӕм бынат». «Советон энциклопедион дзырдуат» куыд амоны, афтӕмӕй нирванӕ у «психологон мидӕххӕстдзинады уавӕр, бӕллицты нӕуӕвынад... алфамбылай дунейӕ хӕрз иппӕрддзинад...». Ӕнӕмӕлгӕ цард агурыны бӕсты буддистты разӕнгард кӕнынц нирванӕмӕ бафтгӕйӕ, ӕнӕмӕлгӕ царды сӕрты ахизынмӕ.

12—14. Ӕнӕмӕлгӕ уды ӕмбарынад куыд ӕвдыст цӕуы буддизмы хицӕн здӕхтыты?

12 Буддизм Азийы бирӕ бӕстӕты куыд парахат кодта, афтӕ йӕм ӕфтыд цыдысты бынӕттон цӕрджыты уырнындзинӕдтӕ. Цӕвиттонӕн, махаянӕ — буддизмы здӕхт, кӕцы парахат у Китай ӕмӕ Японы; йӕ сӕйраг хицӕндзинад у уӕларвон бодхисаттвӕ кӕнӕ фидӕны буддӕты ахуырад. Бодхисаттвтӕ ӕргъӕвынц сӕ нирванӕ, цӕмӕй ногӕй гуыргӕйӕ, ӕнустӕм иннӕтӕн лӕггад кӕной ӕмӕ сын нирванӕмӕ бафтынӕн ӕххуыс кӕной. Суанг ма нирванӕмӕ бафтгӕйӕ дӕр, исчи, гӕнӕн ис, равзара ногӕй гуырыны цикл.

13 Китай ӕмӕ Японы ма тынг парахат у ахӕм здӕхт, куыд «Сыгъдӕг Зӕхх», кӕцыйӕн йӕ бындурӕвӕрӕг уыд Амитабха-буддӕ, кӕнӕ Амидӕ. Буддӕйы номмӕ уырнындзинадимӕ чи сиды, уыдон ногӕй райгуырдзысты «сыгъдӕг зӕххыл» кӕнӕ дзӕнӕты, цыран ис хуыздӕр уавӕртӕ дунейы сусӕгдзинӕдтӕ ӕххӕстӕй бамбарынӕн. Цӕмӕ ’ркодта ахӕм ахуырад? Уӕлдӕр цы профессорыл дзырдӕуыд, уый, Смарт, ӕмбарын кӕны: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махаянты фыстытӕй иуӕй-иуты дзӕнӕты рӕсугъдзинады диссаджы афысты фӕстиуӕгӕн нирванӕ — адӕмы хъуыдыйы сӕйраг нысан нал уыд».

14 Тибетаг буддизмӕн дӕр ис йӕхи бынӕттон хицӕндзинӕдтӕ. Цӕвиттонӕн, тибетаг «Мӕрдты чиныджы» дзырдӕуы, амӕлджытыл ӕхсӕн уавӕры ӕмӕ ногӕй райгуырыны агъоммӕ цы ’рцӕуы, уый тыххӕй. Уыцы чиныджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, мӕрдтӕм уӕлдӕр реалондзинады ирд рухс ныддарынц, ӕмӕ уыцы рухс чи не сфӕразы, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы сӕрибардзинад нӕ, фӕлӕ ногӕй райгуырын. Уӕдӕ бӕрӕг у, буддизм дӕр ӕнӕмӕлгӕ уды ӕмбарынадыл хӕст кӕй у.

Фыдӕлтӕн табукӕнынад япойнаг синтоизмы

15—17. а) Куыд рӕзтис фыдӕлты удтӕн табукӕнынад синтоизмы? ӕ) Ӕнӕмӕлгӕ уды ӕмбарынад цӕмӕн сси синтоизмы бындурон ахуырад?

15 Н. э. VI ӕнусы буддизмы фӕзынды агъоммӕ Японы уыд сӕрмагонд дин. Уыцы динӕн ном нӕ уыд; уый уыд уырнындзинӕдтӕ, моралон принциптӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты ӕмиуад. Фӕлӕ буддизм куы фӕзынд, уӕд япойнаг дин ахицӕн кӕнын хъуыд ног, ӕцӕгӕлон динӕй. Афтӕмӕй фӕзынд ном «синто», ома «хуыцӕутты фӕндаг».

16 Цы хъуыды кодтой мӕрдты бӕсты тыххӕй иуыл фыццаг синтоизмы? Прындзы быдыртӕ фылдӕр кӕнын куы райдыдтой, уӕд мӕр уымӕл кӕнынӕн «бахъуыд хорз организацигонд ӕмӕ ӕнгом общинӕтӕ саразын,— ӕмбарын кӕны япойнаг энциклопеди «Коданша» («Kodansha Encyclopedia of Japan»),— рӕстӕг куыд цыд, афтӕ фӕзынд хъӕууон хӕдзарадимӕ баст ритуалтӕ, кӕцытӕ фӕстӕдӕр ахсджиаг бынат ахстой синтоизмы». Ахицӕнуӕвӕг удтӕй тас рагон заманты адӕмы разӕнгард кодта се ’рсабыр кӕнынӕн ӕгъдӕуттӕ мысынмӕ. Фӕстагмӕ уыцы ӕгъдау рахызт фыдӕлты удтӕн табу кӕнынмӕ.

17 Синтоизм куыд амоны, афтӕмӕй «ахицӕнуӕвӕг» уд уайтагъд нӕ фесафы гоймаджы миниуджытӕ, фӕлӕ счъизи вӕййы мӕлӕтӕй. Хӕстӕджытӕ йын мардыкӕндтӕ куы скӕнынц, уӕд уд алы фыдӕхдзинадӕй ссыгъдӕг вӕййы, ӕрсабыр вӕййы, ӕмӕ сыл хӕрзаудӕн фӕкӕны. Куыд фӕстагмӕ фыдӕлы уд сӕвӕрынц хуыцау кӕнӕ бардарӕджы бынаты. Синтоизм ӕмӕ буддизм сыхаг динтӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ синтоизм райста буддизмы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ, уыимӕ дзӕнӕты ахуырад дӕр. Уӕдӕ мах федтам, ӕнӕмӕлгӕ уды ӕмбарынад синтоизмы бындур дӕр кӕй у.

Ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад даосизмы ӕмӕ фыдӕлтӕн табукӕнынад конфуциондзинады

18. Цавӕр хъуыдытӕ ис даостӕм ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй?

18 Даосизмы бындурӕвӕг уыд Лао-цзы; бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ уый цард н. э. агъоммӕ VI ӕнусы Китайы. Даосизмы царды нысан у, цард Даоимӕ — «ӕрдзы фӕндагимӕ» разыдзинадмӕ ’ркӕнын. Даостӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый цыбыртӕй афтӕ зӕгъӕн ис: Дао у Дун-дунейы сӕйраг принцип. Даойӕн нӕй райдиан ӕмӕ кӕрон. Даоимӕ разыйӕ чи цӕры, уый хайад исы Даойы мидӕг ӕмӕ ӕнусон свӕййы.

19—21. Цӕмӕ ’ркодтой даосты сӕ тырнындзинӕдтӕ?

19 Ӕрдзимӕ сиу уӕвыныл архайгӕйӕ, иу рӕстӕджы даосты уӕлдай тынг цымыдис кодта ӕрдзы ӕнусондзинад ӕмӕ йӕ бон ногӕй ӕндидзын кӕй у, уый. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ адӕймаг Даоимӕ, кӕнӕ «ӕрдзы фӕндагимӕ», разыйӕ куы цӕра, уӕд йӕ бон суыдзӕн ӕрдзы сусӕгдзинӕдтӕ раиртасын ӕмӕ буары лӕмӕгъдзинӕдтӕ, низтӕ ӕмӕ ма суанг мӕлӕтӕй дӕр ссӕрибар уӕвын.

20 Арф хъуыды кӕнын, улӕфӕн фӕлтӕрӕнтӕ ӕмӕ диетӕйы уылты даостӕ архайдтой зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕт фӕфӕстӕдӕр кӕныныл. Уӕдмӕ фӕзынд таурӕгътӕ, ӕврӕгътыл цӕуын, кӕд сӕ фӕнда, уӕд фӕзынын ӕмӕ та ӕрбайсӕфын сӕ бон кӕмӕн уыд, тынг бирӕ азтӕ сыгъдӕг хӕхтыл кӕнӕ дард сакъадӕхтыл, ӕртӕх ӕмӕ алӕмӕттаг дыргътӕй чи цард, ахӕм ӕнӕмӕлгӕ адӕймӕгты тыххӕй. Китайы истори куыд амоны, афтӕмӕй н. э. агъоммӕ 219 азы император Цинь Ши-хуанди денджызон науты къорд 3 000 лӕппу ӕмӕ чызгимӕ арвыста легендарон сакъадах Пань-лай — ӕнӕмӕлгӕ адӕймӕгты бӕстӕ,— агурӕг, цӕмӕй йын уырдыгӕй ӕрхӕссой ӕнӕмӕлгӕ царды кӕрдӕг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы эликсир дзы ӕрластой.

21 Ӕнусон цард агургӕйӕ, алхимийы ӕххуысӕй даостӕ архайдтой ӕнӕмӕлгӕ царды хостӕ саразыныл. Даосизмы ӕмбарынадмӕ гӕсгӕ, цард сӕвзӕрд ныхмӕвӕрд тыхтӕ инь ӕмӕ ян (сылгоймаджы ӕмӕ нӕлгоймаджы ӕрдон уӕнгтӕ) кӕй баиу сты, уый руаджы. Уымӕ гӕсгӕ, донгонд зды (тар, ома инь) ӕмӕ джынасу (ирд, ома ян) сызмӕнтгӕйӕ, алхимиктӕ архайдтой ӕрдзы процесс сфӕлхат кӕныныл, ныфс сӕ уыдис, ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй кӕй райсдзысты ӕнӕмӕлгӕ царды хос.

22. Куыд бандӕвта буддизм китайӕгты динон цардыл?

22 Н. э. VII ӕнусмӕ буддизм йӕ бынат бацахста Китайы динон царды. Ӕппынфӕстаг дзы рауад буддистон ахуырӕдтӕ, спиритизм ӕмӕ фыдӕлтӕн табу кӕныны ӕмиуад. «Куыд буддизм, афтӕ даосизм дӕр ахъаз уыдысты мӕрдты бӕсты царды ахуырады сырӕзтӕн, кӕцыйӕн йӕ уидӕгтӕ бӕрӕг уыдысты рагон китайӕгтӕ сӕ фыдӕлтӕн куыд табу кодтой, уымӕй»,— дзуры профессор Смарт.

23. Цавӕр ахаст уыд Конфуцийӕн фыдӕлтӕн табукӕнынадмӕ?

23 Н. э. агъоммӕ VI ӕнусы ӕндӕр зынгӕ китайаг зондджын Конфуций, кӕцы йӕ философийӕ бындур ӕрӕвӕрдта конфуциондзинадӕн бӕлвырдӕй ницы дзырдта мӕрдты бӕсты тыххӕй. Уый стыр нысаниуӕг лӕвӕрдта ӕгъдау ӕмӕ ӕхсӕнады ӕмбӕлон ӕххӕст уагахастӕн. Фӕлӕ уый дӕр фыдӕлтӕн табу кодта, ӕмӕ ахуыр кодта, амӕлӕг фыдӕлты удты тыххӕй цы ритуалтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ис, уыдон иуылдӕр ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы.

Скӕсӕны иннӕ динтӕ

24. Цӕуыл ахуыр кӕны джайнизм уды тыххӕй?

24 Н. э. агъоммӕ VI ӕнусы Индийы фӕзынд джайнизм. Йӕ бындурӕвӕрӕг, Махавирӕ, ахуыр кодта, алкӕцы удӕгас фӕлдисондӕн дӕр кӕй ис ӕнусон уд ӕмӕ кармӕйы цагъарадӕй удӕн йӕ бон кӕй у фервӕзын ӕрмӕстдӕр ӕхцондзинӕдтӕ ӕххӕстӕй аиуварсгӕнгӕйӕ, иудадзыг хиуыл кусгӕйӕ, ӕмӕ иу удӕгас фӕлдисондӕн дӕр зиан не ’рхӕссыны уагӕвӕрд фидарӕй ӕххӕстгӕнгӕйӕ. Джайнтӕ абоны онг дӕр цӕрынц уыцы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.

25, 26. Индуизмы ахуырӕдтӕй цавӕртӕ ӕмбӕлынц сикхизмы?

25 Инди ма у сикхизмы райгуырӕн бынат дӕр, кӕцыйӕн абон ис 19 милуан фӕдоны. Уыцы дин фӕзынд XVI ӕнусы, гуру (динон зондамонӕг) Нанак индуизмы ӕмӕ пысылмон дины иуыл хуыздӕр цы уыдис, уый баиугӕнгӕйӕ, иугонд дин аразынвӕнд куы скодта, уӕд. Сикхизм райста индуизмы ахуырӕдтӕ ӕнӕмӕлгӕ уды, уды ахызты ӕмӕ кармӕйы тыххӕй.

26 Уӕдӕ бӕрӕг у, буары мӕлӕты фӕстӕ цард кӕй ис, ууыл уырнындзинад скӕсӕйнаг динтӕн сӕ фылдӕры ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай кӕй у. Цы зӕгъӕн ис чырыстон дин, иудаизм ӕмӕ пысылмон дины тыххӕй та?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ 10 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

АСТӔУККАГ АЗИ

КАШМИР

ТИБЕТ

КИТАЙ

КОРЕЙӔ

ЯПОН

Варанаси

ИНДИ

Гайӕ

МЬЯНМӔ

ТАИЛАНД

ШРИ-ЛАНКӔ

КАМБОДЖӔ

ЯВӔ

Н. Э. АГЪОММӔ III ӔНУС

Н. Э. АГЪОММӔ I ӔНУС

Н. Э. I ӔНУС

Н. Э. IV ӔНУС

Н. Э. VI ӔНУС

Н. Э. VII ӔНУС

Буддизмы ӕндӕвдад апарахат ӕгас Скӕсӕн Азийыл.

[Ныв 9 фарсыл]

Уды ахызты ахуырад у индуизмы бындур.

[Ныв 11 фарсыл]

Ӕрдзимӕ разыйӕ цӕргӕйӕ, даостӕ тырнынц ӕнӕмӕлгӕ цард райсынмӕ.

[Ныв 12 фарсыл]

Конфуцийӕн хорз ахаст уыд фыдӕлтӕн табу кӕнынмӕ.