Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библийы ахсджиаг хабар. Цыбыртӕй

Библийы ахсджиаг хабар. Цыбыртӕй
  1. Йегъовӕ сфӕлдыста Адам ӕмӕ Евӕйы, цӕмӕй ӕнустӕм Дзӕнӕты цардаиккой. Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф бакалдта ӕмӕ, Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уый сдзырддаг кодта. Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты, ӕмӕ сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты хай бакодтой

  2. Йегъовӕ тӕрхон рахаста, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕн ӕмӕ зӕрдӕ бавӕрдта Ирвӕзынгӕнӕгӕй, кӕнӕ Байзӕддагӕй. Уый фесафдзӕн Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтӕ, стӕй адӕмы тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕндзӕн

  3. Йегъовӕ Авраам ӕмӕ Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, ӕнустӕм Паддзах чи уыдзӕн, уыцы Байзӕддаг, ома Чырысти, сӕ хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн

  4. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ныффыссын кодта, Чырысти адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй. Йесо ӕмӕ ма йемӕ Хуыцауы Паддзахады разамынд чи дӕтдзӕн, уыдон кӕрон скӕндзысты хӕстытӕн, низтӕн ӕмӕ суанг мӕлӕтӕн дӕр

  5. Йегъовӕ йӕ Фырты рарвыста зӕхмӕ ӕмӕ бамбарын кодта, Йесо зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у. Чырысти хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ цард нывондӕн ӕрхаста. Стӕй йӕ Йегъовӕ уӕларвон цардмӕ райгас кодта

  6. Йегъовӕ йӕ Фырты уӕлӕрвты Паддзахӕй сӕвӕрдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдтой ацы дунейы фӕстаг бонтӕ. Чырысти уӕлӕрвтӕй разамынд дӕтты йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕной

  7. Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр йӕ Паддзахады бартӕ ӕрфидар кӕна. Уӕларвон Паддзахад ныппырх кӕдзӕн зӕххон паддзахӕдтӕ, зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзӕн ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕм алцӕмӕй ӕххӕст суыдзысты. Йегъовӕ хицау уа, ууыл никуы ничиуал дызӕрдыг кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ном ӕнустӕм скадджын уыдзӕн