Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 СӔР

Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы?

Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы?

Камбоджӕ

Украинӕ

Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, алы ахуыры размӕ дӕр ӕркӕсыс, цы ӕрмӕг ӕвзардзыстут, уымӕ. Хорз уаид, ӕмбырдтӕм дӕр дӕхи рагацау куы цӕттӕ кӕнис, уымӕн ӕмӕ дын уӕд фылдӕр пайда хӕсдзысты. Ӕмӕ дын цӕмӕй уымӕн фаг рӕстӕг уа, уый тыххӕй дӕ хъӕуы дӕ хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕнын.

Ахъуыды кӕн, дӕхи кӕд ӕмӕ кӕм цӕттӕ кӕндзынӕ. Кӕмӕндӕрты Хуыцауы Ныхасыл хъуыды кӕнын ӕнцондӕр вӕййы райсомӕй, цалынмӕ сӕ куыстытӕм нӕ бавналынц, уӕдмӕ, кӕмӕндӕрты та – изӕрӕй, сӕ сывӕллӕтты куы схуыссын кӕнынц, уӕд. Дӕуӕн та? Кӕд дын рӕстӕг бирӕ нӕй, уӕддӕр ахъуыды кӕн, дӕ бон уыцы хъуыддагӕн цас рӕстӕг у рахицӕн кӕнын. Ӕмӕ-иу бацархай, цӕмӕй дӕ мацы бахъыгдара: дӕхицӕн-иу сабыр ран ссар, стӕй-иу радио, телевизор ӕмӕ дӕ телефон дӕр ахуыссын кӕн. Цӕттӕ кӕныны размӕ-иу куы скувай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр Хуыцауы Ныхасмӕ саразын, ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл нӕ мӕт кӕндзынӕ (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Сӕйраг хъуыдытӕ-иу фӕнысан кӕн ӕмӕ-иу дзуапп бацӕттӕ кӕн. Фыццаг уал-иу, статьяйы кӕнӕ чиныджы сӕры дзырд цӕуыл цӕуы, ууыл дӕ цӕст ахӕсс. Ахъуыды-иу кӕн йӕ темӕйыл ӕмӕ, алы дӕлсӕргонд дӕр уыцы темӕимӕ куыд баст у, ууыл. Уый фӕстӕ-иу ӕркӕс, сӕйраг хъуыдытӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн дзы цы фарстатӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ нывтӕм дӕр. Стӕй-иу бакӕс алы абзац дӕр ӕмӕ-иу дзы фарстайӕн дзуапп ссар. Абзацы цы стихтӕ ис, уыдон дӕр-иу Библийы бакӕс ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, ӕрмӕгимӕ куыд баст сты, ууыл (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Абзацы-иу фарстайӕн дзуапп куы ссарай, уӕд-иу дзы цалдӕр сӕйраг ныхасы бахахх кӕн, цӕмӕй-иу ӕмбырды рӕстӕг дзуапп уайтагъд ӕрхъуыды кӕнай. Ӕмӕ дӕ кӕд фӕнда, уӕд-иу ӕмбырды дӕ къухыл схӕц ӕмӕ-иу дӕхи ныхӕстӕй цыбыр дзуапп ратт.

Дӕхи алы ӕмбырдмӕ дӕр куы цӕттӕ кӕнай, уӕд уый фӕрцы дӕ зонындзинӕдты «къӕбиц» хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кӕндзӕн (Матфейы 13:51, 52).

  • Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын дын ӕнцондӕр кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн?

  • Цӕмӕй-иу ӕмбырды дзуапп раттай, уый тыххӕй дӕ бон цы у аразын?