7 СӔР
Йесомӕ ӕрцыдысты астрологтӕ
-
АСТРОЛОГТӔ «СТЪАЛЫЙЫ» ФӔДЫЛ ӔРЦЫДЫСТЫ ИЕРУСАЛИММӔ ӔМӔ УЫРДЫГӔЙ ТА – ЙЕСОМӔ
Скӕсӕнӕй цавӕрдӕр лӕгтӕ ӕрцыд. Уыдон уыдысты стъалыдӕснытӕ, кӕнӕ астрологтӕ. Ахӕм адӕм, сӕхӕдӕг куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, стъалыты змӕлдмӕ гӕсгӕ рагацау базонынц, адӕймагыл цы ’рцӕудзӕн, уый (Исай 47:13). Уыцы астрологтӕ ма сӕхимӕ Скӕсӕны куы уыдысты, уӕд иу «стъалы» федтой ӕмӕ сӕдӕгай километртӕ йӕ фӕдыл фӕцыдысты. Ӕрмӕст сӕ уыцы стъалы Вифлееммӕ не ’ркодта, фӕлӕ Иерусалиммӕ.
Гъемӕ Иерусалиммӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд бафарстой: «Кӕм ис дзуттӕгты ноггуырд паддзах? Скӕсӕны йын йе стъалы федтам, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йын бакувӕм» (Матфейы 2:1, 2).
Хабар паддзах Иродмӕ дӕр фӕхӕццӕ, ӕмӕ йӕхицӕн ӕнцой нал ардта. Гъемӕ сауджынты хистӕрты ӕмӕ дзуттаг дины разамонджыты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ бафарста, Чырысти кӕм хъуамӕ райгуырдаид, уымӕй. Уыдон ын дзуапп радтой, «Вифлеемы», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Фыстад афтӕ дзуры (Матфейы 2:5; Михей 5:2). Ӕмӕ уӕд астрологты сусӕгӕй йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ дзӕбӕх бацагурут уыцы сывӕллоны, ӕмӕ йӕ куы ссарат, уӕд-иу мын фӕхабар кӕнут, цӕмӕй йӕм ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ йын бакувон» (Матфейы 2:8). Ӕцӕгӕй та йӕ зӕрды уыди уыцы гыццыл сывӕллоны амарын.
Астрологтӕ Иродӕй куы рацыдысты, уӕд та, Скӕсӕны цы «стъалы» федтой, уый ногӕй цыди сӕ разӕй. Дызӕрдыггаг нӕу, уый ӕнӕуи стъалы кӕй нӕ уыд, фӕлӕ бӕлвырдӕй уый тыххӕй кӕй фӕзынд, цӕмӕй сын фӕндаг амыдтаид. Гъемӕ астрологтӕ дӕр йӕ фӕдыл цыдысты, цалынмӕ, Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ гыццыл лӕппуимӕ кӕм цардысты, уыцы хӕдзары сӕрмӕ не ’рлӕууыд, уӕдмӕ.
Астрологтӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд федтой Марийӕйы йӕ гыццыл лӕппуимӕ – Йесоимӕ. Сывӕллоны фенгӕйӕ астрологтӕ йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ йын бакуывтой. Стӕй йын радтой лӕвӕрттӕ: сызгъӕрин, урс буд ӕмӕ миррӕ. Уый фӕстӕ сӕ зӕрды уыд фӕстӕмӕ Иродмӕ аздӕхын, фӕлӕ сӕ фыны Хуыцау бафӕдзӕхста, афтӕ ма бакӕнут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕхимӕ ӕндӕр фӕндагыл аздӕхтысты.
Куыд хъуыды кӕныс, афтӕ чи сарӕзта, цӕмӕй уыцы «стъалы» арвыл фӕзындаид ӕмӕ астрологтӕн фӕндаг амыдтаид? Куыд федтам, афтӕмӕй сӕ уыцы стъалы комкоммӕ Вифлееммӕ не ’ркодта, фӕлӕ уал сӕ ӕркодта Иерусалиммӕ. Уым фембӕлдысты Иродимӕ, Йесойы марынвӕнд чи кодта, уыцы паддзахимӕ. Хуыцау хабӕрттӕм куы не ’ркастаид ӕмӕ астрологты куы нӕ бафӕдзӕхстаид, уӕд ын йӕ фыдвӕнд ӕнтысгӕ дӕр бакодтаид. Уӕдӕ бӕлвырд у, уый кӕй уыди Хуыцауы знаг – Хӕйрӕг. Хӕйрӕджы фӕндыд Йесойы амарын, ӕмӕ цӕмӕй йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй уыцы мадзалӕй спайда кодта.