Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 СӔР

Назареты ӕмбырдгӕнӕны

Назареты ӕмбырдгӕнӕны

ЛУКАЙЫ 4:16–31

  • ЙЕСО КӔСЫ ИСАЙЫ ЧИНЫДЖЫ ТЫХТОНӔЙ

  • НАЗАРЕТЫ ЦӔРДЖЫТӔ ЙЕСОЙЫ МАРЫНМӔ ХЪАВЫНЦ

Назареты цӕрджытӕ иууылдӕр Йесойы кой кодтой. Уырдыгӕй Йесо Аргъауӕг Иоанмӕ донаргъуыд исынмӕ куы ацыд, уӕдӕй рацыд афӕдзӕй гыццыл фылдӕр. Уый размӕ йӕ ам зыдтой хъӕддӕсныйӕ. Ныр та йӕ иууылдӕр зыдтой, диссӕгтӕ чи арӕзта, ахӕм адӕймагӕй. Ӕмӕ уыцы горӕты цӕрджыты дӕр фӕндыд, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон сӕхи цӕстӕй фенын.

Йесо куыд ахуыр уыд, афтӕ уым ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд, ӕмӕ йӕм адӕм цымыдисӕй кастысты, дарддӕр цы сараздзӕн, зӕгъгӕ. «Алы сабаты дӕр ӕмбырдгӕнӕнты» куыд кодтой, афтӕ-иу уым дӕр Хуыцаумӕ куывтой ӕмӕ-иу Моисейы чингуытӕ кастысты (Хъуыддӕгтӕ 15:21). Стӕй ма-иу дзы кастысты пехуымпарты чингуытӕ дӕр. Йесо Фыстадӕй скъуыддзаг бакӕсынмӕ куы сыстад ӕмӕ адӕмыл йӕ цӕст куы ахаста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, базыдта, ӕмбырдгӕнӕны йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ кӕимӕ ӕмбӕлд, уыдонӕй бирӕты. Стӕй йӕм пехуымпар Исайы чиныджы тыхтон радтой, ӕмӕ дзы ссардта, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст Лӕггадгӕнӕджы тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, уыцы скъуыддзаг. Нӕ Библиты уый ис Исайы 61:1, 2 стихты.

Йесо бакаст, зӕгъгӕ, уыцы Сӕрст Лӕггадгӕнӕг хъусын кӕндзӕн, уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхы аз кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Стӕй тыхтон фӕстӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕгмӕ радта ӕмӕ сбадт. Ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕны адӕм иууылдӕр Йесомӕ ныккастысты. Уӕд Йесо дзурын райдыдта, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дзӕвгар фӕдзырдта. Раст уӕд загъта ацы ахсджиаг ныхӕстӕ дӕр: «Ныртӕккӕ Фыстадӕй цы ныхӕстӕ фехъуыстат, уыдон абон сӕххӕст сты» (Лукайы 4:21).

Адӕм дис кодтой, «цы ӕхсызгон ныхӕстӕ кодта, уыдоныл», ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай мӕнӕ Иосифы фырт нӕу?» Йесо та йӕ ӕмбӕрста, цы диссӕгты тыххӕй фехъуыстой, уыдон сӕ сӕхи цӕстӕй фенын кӕй фӕндыд. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Зонын ӕй, сымах мын ахӕм ӕмбисонд кӕй ӕрхӕсдзыстут: „Дохтыр, дӕхи уал сдзӕбӕх кӕн“, ӕмӕ мын афтӕ кӕй зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цытӕ сарӕзтай, уыдӕттӕ“» (Лукайы 4:22, 23). Йӕ сыхӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уал фыццаг хъуамӕ, йӕхи горӕты чи цард, уыдоны сдзӕбӕх кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ сӕм, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ сӕ ницӕуыл нымайы.

Йесо сын сӕ хъуыдытӕ ӕмбӕрста ӕмӕ сын Израилы адӕмы цардӕй цалдӕр хабары сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта. Зӕгъӕм, загъта сын, зӕгъгӕ, Илийайы заман Израилы бирӕ идӕдз устытӕ уыди, фӕлӕ Хуыцау Илийайы уыдонӕй иумӕ дӕр нӕ арвыста. Илийа ацыд, Сидонмӕ хӕстӕг цы горӕт уыд, уырдӕм, Сарептӕмӕ. Ӕмӕ уым, израилаг чи нӕ уыд, ахӕм идӕдз сылгоймаджы тыххӕй диссаг сарӕзта, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фырты дӕр мӕлӕтӕй фервӕзын кодта (1 Паддзӕхты 17:8–16). Кӕнӕ Елисейы заман Израилы бирӕ уыди хъотырӕй рынчын адӕм, фӕлӕ пехуымпар сдзӕбӕх кодта ӕрмӕстдӕр сириаг Нееманы (2 Паддзӕхты 5:1, 8–14).

Йесо ахӕм абарст кӕй скодта, уый уыцы адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, хиуарзон кӕй уыдысты ӕмӕ сӕм уырнындзинад кӕй нӕ уыд. Ӕмбырдгӕнӕны чи уыди, уыдон мӕстӕй рафыхтысты, фӕгӕппытӕ кодтой, Йесойы горӕтӕй ӕддӕмӕ раскъӕфтой ӕмӕ, Назарет цы хохыл лӕууыд, уыцы хохы былыл ӕй балӕууын кодтой. Хъуамӕ йӕ уырдыгӕй раппӕрстаиккой. Фӕлӕ Йесо сӕ къухтӕй йӕхи ратыдта ӕмӕ йӕхи иуварс айста. Уый фӕстӕ ацыд Капернауммӕ. Уыцы горӕт уыди Галилейӕйы денджызы цӕгат-ныгуылӕн былгӕрон.