Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 СӔР

Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын райдыдта

Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын райдыдта

ИОАННЫ 1:29–51

  • ЙЕСОМӔ ӔРБАИУ СТЫ ЙӔ ФЫЦЦАГ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ

Йесо 40 боны ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕци, уый фӕстӕ хъуамӕ Галилейӕмӕ аздӕхтаид. Фӕлӕ уал уый размӕ ногӕй Аргъауӕг Иоанны абӕрӕг кодта. Иоанн Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд ӕм къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн! Амӕй уын дзырдтон, зӕгъгӕ, мӕ фӕстӕ цӕуы, мӕ разӕй чи фӕци, уый, уымӕн ӕмӕ уый уыд мӕнӕй раздӕр» (Иоанны 1:29, 30). Кӕд Иоанн Йесойӕ гыццыл хистӕр уыд, уӕддӕр ӕй зыдта, йӕхицӕн йӕ кой дӕр куы нӕма уыди, уӕд Йесо уӕлӕрвты кӕй цард ӕмӕ ӕнӕуынгӕ удгоймаг кӕй уыд.

Цалдӕр къуырийы размӕ Йесо Иоанмӕ донаргъуыд райсынмӕ куы ’рбацыд, уӕд Иоанн бӕлвырдӕй нӕма зыдта, Йесо кӕй уыди Мессийӕ. Иоанн ӕргом загъта: «Ӕз ӕй мӕхӕдӕг дӕр нӕ зыдтон, фӕлӕ донӕй аргъуыд дӕттынмӕ дӕр уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй йӕ Израилы адӕм базыдтаиккой» (Иоанны 1:31).

Гъемӕ Иоанн, йӕ алыварс чи уыд, уыдонӕн дзурын райдыдта, Йесойӕн донаргъуыд куы радта, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй: «Ӕз федтон, Хуыцауы сыгъдӕг тых уӕларвӕй бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд ӕмӕ йыл куыд ӕрӕнцад. Ӕз дӕр ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъуыд дӕттынмӕ Чи рарвыста, уый мын загъта: „Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ кӕуыл фенай, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд уый дӕтдзӕн“. Ӕмӕ ӕз уыцы хабар федтон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын, уый кӕй у Хуыцауы Фырт» (Иоанны 1:32–34).

Йесо та иннӕ бон дӕр Иоанмӕ ӕрбацыд. Уыцы рӕстӕг Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ лӕууыд. Ӕмӕ Йесойы куы ауыдта, уӕд сын загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк!» (Иоанны 1:36). Уыцы ныхӕсты фӕстӕ йӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы Йесойы фӕдыл ацыдысты. Сӕ иу уыди Андрей, иннӕ та – Иоанн, ӕмӕ, ацы хабар дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый ныффыста. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй ацы Иоанн уыди Йесойӕн йе ’мхӕрӕфырт, ома Саломийы фырт. Саломи, ӕвӕццӕгӕн, уыди Йесойы мад Марийӕйы хо, йӕ лӕг та уыди Зеведей.

Йесо Андрей ӕмӕ Иоанны йӕ фӕдыл рацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд сӕ бафарста: «Цы уӕ хъӕуы?».

«Равви, кӕм ӕрлӕууыдтӕ?» – бафарстой йӕ уыдон.

«Рацӕут, ӕмӕ йӕ фендзыстут»,– дзуапп сын радта Йесо (Иоанны 1:37–39).

Уый уыди боны цыппар сахатмӕ ’ввахс, ӕмӕ Андрей ӕмӕ Иоанн изӕрмӕ Йесоимӕ баззадысты. Андрей афтӕ цин кодта, ӕмӕ ацыд, йе ’фсымӕр Симоны (хуыдтой ма йӕ Петр дӕр) ссардта ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессийӕйы» (Иоанны 1:41). Ӕмӕ Петры дӕр Йесомӕ ӕрбакодта. Дарддӕры хабӕрттӕм гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иоанн та Йесомӕ ӕрбакодта йе ’фсымӕр Иаковы. Ӕрмӕст уый тыххӕй Иоанн йӕхӕдӕг ницы ныффыста.

Иннӕ бон Йесо бацагуырдта Филиппы. Филипп уыди Вифсаидӕйӕ. Андрей ӕмӕ Петр дӕр уырдыгӕй уыдысты. Уыцы горӕт ис Галилейӕйы денджызы цӕгат былгӕронмӕ хӕстӕг. Гъемӕ Йесо Филиппӕн загъта: «Мӕ фӕдыл рацу» (Иоанны 1:43).

Филипп та бацагуырдта Нафанаилы (хуыдтой ма йӕ Варфоломей дӕр) ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисей Закъоны кӕй тыххӕй фыста ӕмӕ Пехуымпарты чингуыты кӕй тыххӕй ис фыст, уый – назаретаг Йесойы, Иосифы фырты». Фӕлӕ Нафанаилы Филиппы ныхӕстӕ нӕ бауырныдтой ӕмӕ йын загъта: «Назаретӕй хорзӕй исты рацӕуа?».

Ӕмӕ йын уӕд Филипп загъта: «Ацу ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фен». Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый».

«Кӕцӕй мӕ зоныс?» – бафарста йӕ Нафанаил.

Ӕмӕ йын Йесо дзуапп радта: «Филипп дӕм куы нӕма фӕдзырдта, уӕдмӕ дӕр дӕ федтон, легъуибӕласы бын куы уыдтӕ, уӕд».

Уӕд Нафанаил тынг бадис кодта ӕмӕ загъта: «Ахуыргӕнӕг, ды дӕ Хуыцауы Фырт, ды дӕ Израилы Паддзах».

Йесо та йӕ бафарста: «Афтӕ дын кӕй загътон, легъуибӕласы бын дӕ федтон, зӕгъгӕ, уый тыххӕй мыл баууӕндыдтӕ? Ды уымӕй стырдӕр диссӕгтӕ фендзынӕ». Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: сымах фендзыстут арвы дуар гомӕй ӕмӕ Хуыцауы зӕдты уырдӕм сцӕйцӕугӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фыртмӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Иоанны 1:45–51).

Уый фӕстӕ Йесо Иорданы дӕлвӕзы бирӕ нал бафӕстиат. Уырдыгӕй йӕ ног ахуыргӕнинӕгтимӕ Галилейӕмӕ араст.