ЦЫППӔРӔМ СӔР
«Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн»
1, 2. а) Радзур Руф ӕмӕ Ноемины балцы тыххӕй ӕмӕ, сӕ зӕрдӕты цавӕр стыр маст ис, уый тыххӕй. ӕ) Руф ӕмӕ Ноеминӕн сӕ уавӕр ӕмхуызон цӕуылнӕ у?
РУФ ӕмӕ Ноемин фӕцӕуынц Моавы быдырты. Дымгӕ ниуы. Уыцы ӕнӕкӕрон быдыры дыууӕ сылгоймаджы зынгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Бон изӕрырдӕм акъул, тагъд талынг кӕнын райдайдзӕн. Руф йе ’фсинмӕ бакаст ӕмӕ хъуыды кӕны, цымӕ бахсӕвиуат кӕнынӕн бынат бацагурын афон нӕма у, зӕгъгӕ. Руф Ноемины тынг уарзы ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, цӕмӕй йын балӕггад кӕна, ууыл.
2 Дыууӕ сылгоймагӕн дӕр сӕ зӕрдӕты ис стыр маст. Ноеминӕн йӕ лӕджы мӕлӕтыл бирӕ азтӕ рацыд, ӕрӕджы та амардысты йӕ дыууӕ фырты, Хилеон ӕмӕ Махлон. Уӕдӕ Руф дӕр йӕ цардӕмбал Махлоны мӕлӕтыл куыннӕ маст кӕны. Ныр Руф ӕмӕ Ноемин цӕуынц израилаг горӕт Вифлееммӕ. Ӕмӕ кӕд сӕ фӕндаг иу ранмӕ у, уӕддӕр сӕ уавӕр ӕмхуызон нӕу. Ноемин йӕ хӕдзармӕ цӕуы, Руф та йӕ хӕдзар уадзгӕ ныккодта. Руф ныууагъта йӕ цӕгат ӕмӕ йӕ бӕстӕ, йӕ къух систа, моавӕгтӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты ӕмӕ цы хуыцӕуттӕн куывтой, уыдоныл дӕр. Разӕй йӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый та зонгӕ дӕр нӕ кӕны. (Бакӕс Руф 1:3–6.)
3. Цӕмӕй Руфы уырнындзинад бафӕзмӕм, уый тыххӕй нӕ цавӕр фарстатӕн хъӕуы дзуапп базонын?
3 Цымӕ уыцы ӕрыгон сылгоймаг йӕ цард афтӕ цӕхгӕр цӕмӕн фӕивта? Кӕм ссардта уыйбӕрц тыхтӕ, цӕмӕй ног цард кӕнын райдыдтаид ӕмӕ йе ’фсинмӕ кастаид? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд фендзыстӕм, моаваг Руфы уырнындзинад нын бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй у фӕзминаг. (Кӕс ма рамкӕ дӕр « Гыццыл чиныг, фӕлӕ стыр хӕзна».) Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, уыцы дыууӕ сылгоймаджы ахӕм дард ранмӕ цӕмӕн ацыдысты, уый.
Мӕлӕт бинонты кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кодта
4, 5. а) Ноемины бинонтӕ Моавмӕ цӕмӕн алыгъдысты? ӕ) Моавы зӕххыл Ноемин цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?
4 Руф схъомыл Моавы, Мард денджызӕн скӕсӕнырдыгӕй цы гыццыл бӕстӕ уыд, уым. Моав уыд уӕлвӕз бӕстӕ арф кӕмттимӕ, фӕлӕ дзы хъӕд бирӕ нӕ уыд. «Моавы зӕхх» хорз тыллӕг лӕвӕрдта, суанг-иу Израилы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд дӕр. Руф Махлонимӕ ӕмӕ йӕ бинонтимӕ дӕр ахӕм рӕстӕг базонгӕ (Руф 1:1).
Дык. з. 16:16, 17). Ноемин йӕ уырнындзинад фӕцудын нӕ бауагъта. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ лӕджы мӕлӕтыл тынг маст кодта (Руф 1:2, 3).
5 Израилы ӕххормаг рӕстӕг кӕй скодта, уый тыххӕй Елимелех йӕ бинойнаг Ноеминимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ алыгъд Моавмӕ. Уый, ӕвӕццӕгӕн, бинонтӕй алкӕй уырнындзинадӕн дӕр фӕлварӕн уыд, уымӕн ӕмӕ-иу израилӕгтӕ хъуамӕ афӕдз цалдӕр хатты Йегъовӕйӕн кувынмӕ ацыдаиккой, Йегъовӕ цы бынат равзӕрста, уырдӕм (6, 7. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Ноемин маст кодтаид, йӕ фырттӕ моаваг чызджытӕ кӕй ракуырдтой, ууыл? ӕ) Ноемин йӕ чындзытӕн куыд уыди, уымӕй фӕзминаг цӕмӕн у?
6 Ноемин куыннӕ маст кодтаид, фӕстӕдӕр йӕ фырттӕ моаваг чызджытӕ кӕй ракуырдтой, ууыл дӕр (Руф 1:4). Ноемин хорз зыдта, израилӕгты фыдӕл Авраам йӕ фырт Исахъӕн ус кӕй ракуырдта йӕхи адӕмӕй, Йегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕй, кӕд уый афтӕ ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр (Райд. 24:3, 4). Фӕстӕдӕр та Хуыцау израилӕгтӕн Моисейы уылты цы Закъон радта, уым сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕндӕр адӕмыхӕттыты сӕхицӕн хӕстӕгӕн ма агуырдтаиккой, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн тӕссаг уыд, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтаиккой, уымӕй (Дык. з. 7:3, 4).
7 Фӕлӕ уӕддӕр Махлон ӕмӕ Хилеон моаваг чызджытӕ ракуырдтой. Ӕмӕ кӕд уый Ноеминӕн ӕхсызгон нӕ уыдаид, уӕддӕр, куыд зыны, афтӕмӕй йӕ чындзыты, Руф ӕмӕ Орфӕйы, уарзта ӕмӕ сын хорз уыди. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ныфс уыд, уыдон дӕр искуы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты. Куыдфӕнды ма уыдаид,– Руф дӕр ӕмӕ Орфӕ дӕр се ’фсины тынг уарзтой. Кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй уыдысты, уый фӕрцы сын ӕнцондӕр уыд, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕрцыд, уыдон сфӕразын. Чындзытӕй иуӕн дӕр цот нӕма рацыд, афтӕмӕй идӕдзтӕй баззадысты (Руф 1:5).
8. Руф Йегъовӕ Хуыцауы куыд бауарзта?
8 Цымӕ Руф раздӕр цы дин ӕмӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыд, уыдон ын уыцы зын рӕстӕг исты ӕххуыс фесты? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Моавӕгтӕ бирӕ хуыцӕуттӕн куывтой, сӕ сӕйраг хуыцау та уыди Хамос (Ным. 21:29). Уыцы заман динты ахӕм карз ӕгъдӕуттӕ уыди, ӕмӕ-иу адӕймаджы зӕрдӕ барызт. Зӕгъӕм, сӕ сывӕллӕтты нывондӕн хастой. Ӕмӕ моавӕгты дины дӕр ахӕм ӕгъдӕуттӕ уыдаид. Руф Махлонӕй кӕнӕ Ноеминӕй базыдта, Израилы Хуыцау Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у. Ӕмӕ куыннӕ бамбӕрстаид, Йегъовӕ кӕй нӕу, моавӕгтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы хуыцӕутты хуызӕн. Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ уый тыххӕй нӕ куывтой, ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодтой – уыдон ӕй уарзгӕ кодтой. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:5.) Руфыл уыцы зиан куы ’рцыд, уӕд та, ӕвӕццӕгӕн, Ноеминимӕ ноджы тынгдӕр балымӕн. Ӕвӕццӕгӕн-иу йӕ ацӕргӕ ӕфсинмӕ зӕрдиагӕй хъуыста, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы тыххӕй-иу ын куы дзырдта, уӕд. Дзырдта-иу ын, цы диссӕгтӕ сарӕзта, стӕй куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у ӕмӕ йӕ адӕмы куыд тынг уарзы, уый тыххӕй.
9–11. а) Ноемин, Руф ӕмӕ Орфӕ цы сфӕнд кодтой? ӕ) Уыцы ӕртӕ сылгоймагыл цы зиӕнттӕ ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын?
9 Ноемин-иу тынг бӕллыд йӕ бӕстӕйӕ исты хабар фехъусынмӕ. Иухатт, ӕвӕццӕгӕн, базаргӕнджытӕй кӕмӕйдӕр фехъуыста, Израилы ӕххормаг рӕстӕг кӕй фӕци. Йегъовӕ йӕ адӕммӕ ӕркаст. Ӕмӕ Вифлеемыл ногӕй сфидыдта йӕ ном, ома «хойраджы хӕдзар». Гъемӕ Ноемин дӕр сфӕнд кодта фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ аздӕхын (Руф 1:6).
10 Цымӕ Руф ӕмӕ Орфӕ та куыд бакодтой? (Руф 1:7). Цы зиӕнттӕ сыл ӕрцыд, уыдон сӕ се ’фсинимӕ кӕрӕдзийӕн ноджы адджындӕр скодтой. Фӕлӕ ма Руф йе ’фсины уарзта, ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд ӕмӕ Йегъовӕйыл афтӕ фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ ныр ӕртӕйӕ дӕр араст сты Иудӕйы зӕхмӕ.
11 Руфы чиныгӕй базонӕн ис, бӕллӕхтӕ ӕмӕ зиӕнттӕ ӕрмӕст ӕвзӕр адӕмыл кӕй не ’рцӕуы, фӕлӕ хорз адӕмыл дӕр (Еккл. 9:2, 11). Стӕй ма бӕрӕг у, стыр зиан ныл куы ’рцӕуа, уӕд нӕхи ноджы тынгдӕр кӕй хъуамӕ бӕттӕм иннӕтыл, уӕлдайдӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл – Ноемин кӕмӕн лӕггад кодта, уыцы Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл. Уыдон нын нӕ маст фӕрогдӕр кӕндзысты (Ӕмб. 17:17).
Руфы ӕнувыд уарзт
12, 13. Ноемины цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй Руф ӕмӕ Орфӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтаиккой ӕмӕ йын йӕ чындзытӕ цавӕр дзуапп радтой?
12 Ӕртӕ идӕдз сылгоймаджы Моавы зӕххӕй дарддӕрӕй-дарддӕр кодтой, ӕмӕ Ноемины ӕндӕр хъуыддаг тыхсын кӕнын райдыдта. Ноемин хъуыды кодта йӕ дыууӕ ӕрыгон чындзыл ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр куыд уарзтой, ууыл. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ цард ноджы уӕззаудӕр фӕуыдаид. Йӕ чындзытӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕ куы ныууадзой ӕмӕ йемӕ Вифлееммӕ куы ацӕуой, уӕд сын цы кӕндзӕн?
13 Фӕстагмӕ сын Ноемин загъта: «Ацӕут, уӕ дыууӕ дӕр уӕ мадӕлты хӕдзармӕ аздӕхут. Йегъовӕ уӕ йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдауӕд, Руф 1:8–10).
сымах уӕхӕдӕг дӕр, чи амард, уыдоны, стӕй мӕн дӕр уе ’нувыд уарзтӕй куыд рӕвдыдтат, афтӕ». Стӕй ма сын загъта, ныфс ӕй кӕй ис, ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ ногӕй сӕ амӕндтӕ ссардзысты. «Уый фӕстӕ сын апъа кодта,– кӕсӕм Библийы,– ӕмӕ уыдон тынг ныккуыдтой». Руф ӕмӕ Орфӕ уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ удуӕлдай сылгоймаджы афтӕ тынг дзӕгъӕлы нӕ уарзтой. Дыууӕйӕ дӕр ын дзырдтой: «Нӕ! Мах дӕр демӕ цӕуӕм дӕ адӕммӕ» (14, 15. а) Орфӕ кӕмӕ аздӕхт? ӕ) Ноемин Руфӕн цы дзырдта, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхтаид?
14 Фӕлӕ Ноемин нӕ разы кодта. Бамбарын сын кодта, Израилы сын йӕ бон баххуыс кӕнын кӕй ницӕмӕй уыдзӕн: лӕг ын нӕй, ӕмӕ йын йӕхи чи дардзӕн, уый дӕр нӕ зоны, стӕй сӕ чи ракура, ахӕм фырттӕ дӕр ын нӕй, уӕдӕ ма мой дӕр кӕцӕй скӕндзӕн ӕмӕ йын фырттӕ дӕр кӕцӕй уыдзӕн. Загъта ма сын, йӕ бон сын кӕй ницы у саразын ӕмӕ уый тыххӕй тынг кӕй маст кӕны. Ноемины ныхӕстӕ Орфӕмӕ раст фӕкастысты. Йӕ хӕдзар уыди Моавы, уым ӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты йӕ мад ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕцӕгдӕр хуыздӕр уыдзӕн Моавы баззайын. Гъемӕ Ноеминӕн апъа кодта ӕмӕ йын кӕд тынг зын уыди, уӕддӕр фӕстӕмӕ аздӕхт (Руф 1:11–14).
15 Руф та куыд бакодта? Ноемин уыцы ныхӕстӕ Руфӕн дӕр загъта. Фӕлӕ Библийы кӕсӕм: «Руф та йемӕ баззад». Ноемин дарддӕр йӕ фӕндагыл араст, фӕлӕ иуафон фембӕрста, Руф йӕ фӕдыл кӕй цӕуы. Ӕмӕ йын уӕд загъта: «Уыныс, дӕ идӕдз файнуст аздӕхт йӕ адӕммӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕм. Ацу, ды дӕр йемӕ аздӕх» (Руф 1:15). Ноемины ныхӕсты ис иу ахсджиаг хъуыды: Орфӕ ӕрмӕст йӕ адӕммӕ нӕ аздӕхт, фӕлӕ «йӕ хуыцӕуттӕм» дӕр. Ӕвзӕр ӕм нӕ касти Хамосӕн ӕмӕ иннӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын. Цы зӕгъӕн ис Руфӕй та?
16–18. а) Руф ӕнувыд уарзт куыд равдыста? ӕ) Руфӕй ӕнувыд уарзты тыххӕй цы ис базонӕн? (Кӕс ма, дыууӕ сылгоймаджы ӕвдыст кӕм цӕуынц, уыцы нывмӕ дӕр.)
16 Уыцы ӕдзӕрӕг ран Руф йе ’фсины раз лӕууыд ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕм каст. Руф зыдта, цы сфӕнд кодта, уый раст кӕй у. Ноеминӕн йӕхи дӕр ӕмӕ, кӕмӕн куывта, уыцы Хуыцауы дӕр афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ уыцы уарзондзинад йӕ зӕрдӕйы цӕугӕ дӕр нӕ кодта. Ӕмӕ Ноеминӕн загъта: «Ма мын дзур, цӕмӕй дӕ ныууадзон ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхон. Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн, ӕмӕ ӕхсӕв ды кӕм ӕрлӕууай, уым ӕрлӕудзынӕн ӕз дӕр. Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр. Ды кӕм амӕлай, уым амӕлдзынӕн ӕз дӕр, ӕмӕ мӕ уым баныгӕндзысты. Йегъовӕйы фыдӕх мӕ баййафӕд, мӕн дӕуӕй мӕлӕт йеддӕмӕ исты куы фӕхицӕн кӕна, уӕд» (17 Кӕд уыцы хабарӕй 3 000 азы бӕрц рацыд ӕмӕ Руф йӕхӕдӕг нал ис, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ цӕрынц – абон дӕр сӕ бирӕтӕ зонынц. Уыдонӕй бӕрӕг у, Руфмӕ кӕй уыд иу диссаджы миниуӕг – ӕнувыд уарзт. Руф Ноемины афтӕ тынг уарзта ӕмӕ йыл афтӕ ӕнувыд уыд, ӕмӕ йемӕ кӕдӕмфӕнды дӕр ацыдаид. Мӕлӕт йеддӕмӕ сӕ ницы фӕхицӕн кодтаид. Руф загъта, Ноемины адӕм кӕй суыдзысты йӕ адӕм дӕр. Уый цӕттӕ уыд, Моавы цы цардыл ахуыр уыди, уый ныууадзынмӕ – суанг ма моаваг хуыцӕутты дӕр. Орфӕйӕ уӕлдай Руфӕн йӕ бон уыд ӕппӕт зӕрдӕйӕ зӕгъын, кӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй Ноемины Хуыцау Йегъовӕ суыдаид йӕ Хуыцау дӕр *.
18 Гъемӕ Руф ӕмӕ Ноемин дыууӕйӕ дарддӕр Вифлееммӕ араст сты. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фӕцыдаиккой иу къуырийы бӕрц. Фӕлӕ уыцы зын рӕстӕг кӕрӕдзийӕн ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой.
19. Куыд хъуыды кӕныс, нӕ бон куыд у нӕ бинонты ӕмӕ не ’мбӕлтты, стӕй ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты Руфау ӕнувыд уарзтӕй уарзын?
19 Абон дӕр бирӕтӕ мастӕй цух не сты. Нӕ рӕстӕг Библи хоны «тынг уӕззау рӕстӕг», ӕмӕ ныл уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕуы алыхуызон бӕллӕхтӕ ӕмӕ зиӕнттӕ (2 Тим. 3:1). Уӕдӕ, Руфмӕ цы миниуӕг уыд, уый нӕ абон куыд тынг хъӕуы, афтӕ никуы. Ӕнувыд уарзт ахӕм уарзт у, ӕмӕ адӕймаг фидар хӕцы, кӕй уарзы, ууыл ӕмӕ йӕ нӕ уадзы. Уыцы уарзт адӕймагӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ ацы фыддуне йӕхи хуызӕн ма скӕна. Ахӕм уарзондзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы лӕг ӕмӕ усы, бинонты, ӕмбӕлтты, стӕй ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты. (Бакӕс 1 Иоанны 4:7, 8, 20.) Ацы миниуӕг нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд мах дӕр уыдзыстӕм Руфы хуызӕн.
Руф ӕмӕ Ноемин Вифлеемы
20–22. а) Ноемин Моавы цӕргӕйӕ цытӕ бавзӕрста, уыдон ыл куыд фӕзындысты? ӕ) Ноемин йӕ зындзинӕдты тыххӕй цы хъуыды кодта? (Кӕс ма Иаковы 1:13 дӕр.)
20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕмӕйдӕр афтӕ зӕгъай, ӕз ӕй ӕнувыд уарзтӕй уарзын, зӕгъгӕ, ӕмӕ уыцы уарзт хъуыддагӕй ӕвдисай, уый иу нӕу. Руфӕн уыди фадат, цӕмӕй равдыстаид, ӕрмӕст Ноемины кӕй нӕ уарзы ӕнувыд уарзтӕй, фӕлӕ Йегъовӕйы дӕр – йӕ Хуыцау кӕй схуыдта, уый.
21 Ӕппынфӕстаг Руф ӕмӕ Ноемин бахӕццӕ сты гыццыл горӕт Вифлееммӕ. Уый уыди Иерусалимӕй хуссарырдӕм, хъуыди йӕм 10 километры бӕрц цӕуын. Ӕвӕццӕгӕн, Ноемины ӕмӕ йӕ бинонты кӕддӕр ацы горӕты хорз зыдтой, уымӕн ӕмӕ, куы ӕрыздӕхт, уӕд адӕм ӕндӕр кой нал кодтой. Сылгоймӕгтӕ-иу ӕм ӕдзынӕг ныккастысты ӕмӕ дзырдтой: «Ай Ноемин у, ӕви?» Ӕвӕццӕгӕн, Моавы цы мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уыдон ын йӕ цӕсгомыл арф фӕд ныууагътой (Руф 1:19).
22 Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты Ноеминӕн йӕ хиуӕттӕ, йӕ сыхӕгтӕ, ӕмӕ сын радзырдта, цы мӕстытӕ бавзӕрста, уый тыххӕй. Афтӕ дӕр ма сын загъта, зӕгъгӕ мӕ ма хонут Ноемин (ома «зӕрдӕмӕдзӕугӕ»), фӕлӕ мӕ хонут Марӕ (ома «маст»). Кӕддӕр Иов куыд хъуыды кодта, афтӕ Ноеминмӕ дӕр, мӕгуырӕг, афтӕ каст, ӕмӕ йын уыцы тухитӕ Йегъовӕ ӕвзарын кӕны (Руф 1:20, 21; Иов 2:10; 13:24–26).
23. Руф цӕуыл райдыдта хъуыды кӕнын? Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ мӕгуыртӕн цавӕр бар уыд? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)
23 Руф ӕмӕ Ноемин Вифлеемы куы ӕрцардысты, уӕд Руф хъуыдытӕ кӕнын райдыдта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсинӕн дӕр къӕбӕр куыд амал кӕна, ууыл. Уый базыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ мӕгуыртӕ дӕр рох кӕй нӕ уыдысты. Мӕгуыртӕн уыди бар, цӕмӕй-иу хуымгӕрдӕн афон быдырты цы ӕфсиртӕ баззад, уыдон ӕмбырд кодтаиккой, ӕмӕ-иу хуымгӕрдджытӕ хуымты кӕрӕтты ӕнӕ карстӕй кӕй ныууагътой, уыцы хор сӕхицӕн ӕркарстаиккой * (Лев. 19:9, 10; Дык. з. 24:19–21).
24, 25. Руф Воозы хуыммӕ куы бацыд, уӕд куыд бакодта? Ӕфсиртӕ-иу куыд ӕмбырд кодтой?
24 Уыцы рӕстӕг Израилы уыди хъӕбӕрхор кӕрдыны афон, нырыккон нымадмӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, апрелы мӕй. Руф ацыд быдырмӕ, зӕгъгӕ мӕ кӕд исчи бауадзид йӕ хуымы ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕнын. Гъемӕ афтӕ рауад, ӕмӕ, ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕнын цы хуымы райдыдта, уый уыди хъӕздыг лӕг Воозы хуым. Вооз та уыд Ноемины лӕг Елимелехы хӕстӕг. Кӕд Руфӕн Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ уыцы куыст кӕнынӕн бар уыд, уӕддӕр хуымгӕрдджыты хистӕры бафарста. Уый йын бар радта, ӕмӕ Руф дӕр кусынмӕ бавнӕлдта (25 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: хуымгӕрдджытӕ ӕхсондурӕй конд ӕхсырфытӕй хъӕбӕрхор кӕрдынц, Руф та сӕ фӕстӕ цӕуы ӕмӕ, чи ӕрхауы кӕнӕ кӕй ныууадзынц, уыцы ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕны, стӕй сӕ куыристӕ бабӕтты ӕмӕ сӕ ахӕссы, фӕстӕдӕр сӕ кӕм ныххойдзӕн ӕмӕ нӕмгуытӕ ӕфсиртӕй кӕм фӕхицӕн кӕндзӕн, уыцы бынатмӕ. Куыст цыди сындӕг, адӕймаг дзы тынг фӕллад, уӕлдайдӕр та хур куы ӕрӕндӕвта, уӕд. Фӕлӕ Руф ӕнӕхъӕн бон иу ран не ’рбадт, ӕрлӕууыд-иу ӕрмӕст йӕ хид асӕрфынмӕ ӕмӕ, хуымы кӕрон кусджытӕн цы халагъуд уыд, уым къӕбӕр ахӕрынмӕ.
26, 27. Вооз цавӕр адӕймаг уыд ӕмӕ Руфмӕ цы цӕстӕй ракаст?
26 Руф, ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йӕ исчи бафиппайдзӕн. Фӕлӕ йӕм Вооз фӕкомкоммӕ ӕмӕ хуымгӕрдджыты хистӕры бафарста, ацы сылгоймаг чи у, зӕгъгӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй Вооз уыди фидар уырнындзинады хицау. Кӕд йӕ кусджытӕй иуӕй-иутӕ, ӕрмӕстдӕр иу бонмӕ кӕй баххуырстой, ахӕмтӕ уыдысты кӕнӕ суанг ӕндӕрбӕстӕгтӕ дӕр, уӕддӕр сын салам афтӕ радта: «Йегъовӕ уемӕ уӕд!» Ӕмӕ йын уыдон дӕр дзуапп радтой: «Йегъовӕ дын раарфӕ кӕнӕд». Уыцы ацӕргӕ нӕлгоймаг уарзта Йегъовӕйы, ӕмӕ Руфыл дӕр хи хъӕбулау батыхст (Руф 2:4–7).
Руф 2:8, 9, 14.) Уымӕй уӕлдай ма дзы Вооз раппӕлыд ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Куыд?
27 Вооз Руфы схуыдта, мӕ чызг, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй-иу йӕ хуымтӕм ӕрбацыдаид ӕмӕ-иу йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты фарсмӕ куыстаид. Уӕд ӕй кусджытӕй ничи бахъыгдардтаид. Сихорафон куы ’рхӕццӕ, уӕд та йӕм фӕдзырдта, цӕмӕй семӕ бахордтаид. (Бакӕс28, 29. а) Руфӕн адӕмы ’хсӕн цавӕр ном уыди? ӕ) Дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у Руфау дӕхи Йегъовӕйы базыры бын бакӕнын?
28 Руф Воозы куы бафарста, ӕз ӕндӕрбӕстаг куы дӕн, уӕд дын дӕ хорзӕх цӕмӕй ссардтон, зӕгъгӕ, уӕд ын бамбарын кодта, йе ’фсинӕн цы хӕрзты бацыд, уый тыххӕй кӕй фехъуыста. Ӕвӕццӕгӕн-иу Ноемин Вифлеемы сылгоймӕгтӕн йӕ дзӕбӕх чындзӕй ӕппӕлыд, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ Вооз дӕр ӕрыхъуыста. Вооз ма базыдта, Руф Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдта, уый дӕр. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Йегъовӕ дын раарфӕ кӕнӕд, афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй. Ӕмӕ, дӕхи кӕй базыры бын бакӕнынмӕ ӕрцыдтӕ, уыцы Хуыцау, Израилы Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ хорздзинад ӕххӕстӕй бафидӕд» (Руф 2:12).
29 Уыцы ныхӕстӕ Руфӕн куыд ӕхсызгон уыдаиккой! Руф йӕхи ӕцӕгдӕр бакодта Йегъовӕйы базыры бын, лӕппын цъиу йӕхи йӕ мады базырты бын куыд бамбӕхсы, афтӕ. Руф Воозӕн раарфӕ кодта, фӕлмӕн ныхасӕй йын йӕ зӕрдӕ кӕй барӕвдыдта, уый тыххӕй. Ӕмӕ суанг изӕрмӕ быдыры фӕкуыста (Руф 2:13, 17).
30, 31. Руфы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
30 Руф йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куыд равдыста, уымӕй фӕзминаг у, ацы уӕззау рӕстӕджыты цардамӕлттӕ кӕнын зын кӕмӕн у, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. Руф афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕз идӕдз сылгоймаг дӕн, ӕмӕ мын иннӕтӕ хъуамӕ ӕххуыс кӕной. Исчи-иу ын гыццыл хорздзинад дӕр куы сарӕзта, уӕддӕр ын аргъ кодта. Зынаргъ ын чи уыд, уыцы адӕймаджы тыххӕй уӕззау, хуымӕтӕг куыст дӕр йӕ сӕрмӕ хаста. Хуыздӕр ын кӕм ӕмӕ кӕимӕ уыдзӕн кусын, уый фӕдыл ын Вооз уынаффӕ куы радта, уӕд дзы фӕбузныг ӕмӕ йын куыд загъта, афтӕ бакодта. Уымӕй уӕлдай никуы рох кодта, ӕцӕгдӕр ӕй йӕ бон бахъахъхъӕнын кӕмӕн у ӕмӕ йӕхи кӕй базыры бын бакодта, уый – йӕ тыхджын Фыды, Йегъовӕ Хуыцауы.
31 Руфау не ’нувыд уарзт хъуыддагӕй куы ӕвдисӕм, сӕрныллӕг ӕмӕ куыстуарзаг куы уӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы кӕй базыдтам, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд мах дӕр нӕ уырнындзинадӕй иннӕтӕн фӕзминаг уыдзыстӕм. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ Руф ӕмӕ Ноеминыл куыд батыхст? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ сӕры.
^ 17 абз. Иннӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕй уӕлдай Руф ӕрмӕст «Хуыцау» нӕ дзырдта, фӕлӕ Хуыцауы хуыдта йӕ номӕй, Йегъовӕ, зӕгъгӕ. Иу чиныджы фыст ис: «Ацы чиныг чи ныффыста, уый афтӕмӕй равдыста, уыцы ӕндӕрбӕстаг сылгоймаг ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдта» (The Interpreter’s Bible).
^ 23 абз. Руфӕн йӕ райгуырӕн бӕстӕйы ахӕм закъон уӕвгӕ дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йӕм диссаг куыннӕ фӕкастаид. Раджы заманты Ӕввахс Скӕсӕны идӕдз сылгоймӕгты ницӕмӕ дардтой. Иу чиныджы фыст ис: «Сылгоймагӕн-иу йӕ лӕг куы амард, уӕд-иу ӕй йӕ фырттӕ дардтой. Фырт ын куы нӕ уыдаид, уӕд та-иу хъуамӕ йӕхи искӕмӕн ауӕй кодтаид ӕмӕ йӕ цагъар суыдаид кӕнӕ-иу хъуамӕ хӕтыдаид, ӕмӕ йӕхи афтӕмӕй дардтаид. Кӕд нӕ, уӕд та йын амӕлын йеддӕмӕ ӕндӕр хос нӕ уыд».