ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД
Юридикон хабӕрттӕ
Закъонмӕ гӕсгӕ сӕ регистраци скодтой
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты регистраци нӕ хъӕуы, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной. Фӕлӕ нын регистраци куы вӕййы, уӕд нӕ бон сӕрибарӕй вӕййы, кӕм ӕмбырд кӕнӕм, ахӕм бынӕттӕ аразын кӕнӕ ахӕм бынӕттӕ баххуырсын, стӕй бӕстӕмӕ нӕ литературӕ ласын.
-
2004 азы Уӕрӕсейы тӕрхондӕттӕ уынаффӕ рахастой, Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты регистраци йӕ тыхы кӕй нал ис, ӕмӕ ӕхгӕд ӕрцыдысты. Ӕмӕ уӕд ӕфсымӕрты ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Пъӕлицӕйы кусджытӕ сӕ иу ран нал уагътой, уацамынды-иу сыл знӕт адӕм амбырд сты, стӕй, фембӕлдтӕн агъуыстытӕ кӕмӕй баххуырстой, уыдон-иу сын сӕ нал лӕвӕрдтой. 2010 азы Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон уынаффӕ рахаста, Уӕрӕсейы хицауад Мӕскуыйы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ бартӕ кӕй ссӕнды Мӕскуыйы Юстицийы министрады хайад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ногӕй регистраци кӕй скодта.
ӕмӕ сӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ регистраци кӕй скӕна. Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2015 азы 27 майы
Хъалон фидын кӕнынц
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххыл цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй сын фылдӕр бӕстӕты хъалон нӕ фидын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ нымад сты, дины хъуыддӕгтӕ чи кӕны ӕмӕ адӕмӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм стыр организацитӕй сӕ иуыл. Фӕлӕ иуӕй-иу бӕстӕты хицауад уынаффӕ рахӕссы, ахӕм организаци кӕй не стӕм, цӕмӕй нӕ хъалон фидын ма хъӕуа.
-
Швецийы хицауады хъуыдымӕ гӕсгӕ, Вефил, Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг кӕм лӕггад кӕнынц, ахӕм бынат нӕу, фӕлӕ, ӕхца кӕм кусынц ӕмӕ адӕмӕн мызд кӕм фидынц, ахӕм бынат. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уынаффӕ рахаста, Вефил дӕр ӕмӕ дзы чи ис, уыдон дӕр хицауадӕн иннӕ куыстуӕттау ӕмӕ кусджытау хъалон кӕй хъуамӕ фидой, ӕмӕ сын дӕсгай мин евротӕ фидын кӕнынц. Швецийы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый фӕдыл хъаст балӕвӕрдтой бынӕттон тӕрхондӕттӕм, ӕхсӕз хъасты та балӕвӕрдтой Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ.
Сӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ нӕ цӕуынц
Йегъовӕйы адӕм ӕххӕст кӕнынц, Библи сын цы фӕдзӕхсы, уый, ӕмӕ «сӕ хъаматӕй аразынц гутӕттӕ» ӕмӕ «хӕцын дӕр нал ахуыр кӕнынц» (Ис. 2:4). Уыдон ӕфсадмӕ нӕ цӕуынц, кӕд кӕцыдӕр бӕстӕты хицауад ахӕм фадат нӕ дӕтты, ӕмӕ ӕфсадмӕ цӕуыны бӕсты альтернативон службӕ рацӕуой, уӕддӕр.
-
Хуссар Корейы закъонмӕ гӕсгӕ, адӕймагӕн уый бар нӕй, ӕмӕ йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ ма цӕуа. Фӕстаг 60 азы дӕргъы 18 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕры ахӕстоны сбадын кодтой, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй. Уыцы бӕстӕйы, зӕгъӕн ис, алы Ӕвдисӕнӕн дӕр йе ’мбӕлттӕй кӕнӕ йӕ бинонтӕй искӕй ахӕстоны сбадын кодтой. 2004 азы ӕмӕ 2011 азы Хуссар Корейы Конституцион тӕрхондон уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кӕнын закъонмӕ гӕсгӕ раст
кӕй нӕу. Фӕлӕ 2015 азы июлы Конституцион тӕрхондон уыцы хъуыддаджы фӕдыл ногӕй ӕрӕмбырд, цӕмӕй йӕ бӕстондӕр равзӕрстаиккой. Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кувынц, цӕмӕй, уыцы хъуыддаг афтӕ алыг кӕной, ӕмӕ Хуссар Корейы не ’рыгон ӕфсымӕрты сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны мауал бадын кӕной. -
Эритрейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕртӕйӕ, Паулос Ияссу, Негеде Теклемариам ӕмӕ Исаак Могос, ахӕстоны бадынц 22 азы. Сбадын сӕ кодтой, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй. Тӕрхондон сын сӕ хъуыддаг ӕвзаргӕ дӕр нӕ ракодта ӕмӕ сын уый фадат дӕр нӕ радтой, цӕмӕй сӕхи сӕрыл дзырдтаиккой. Уыцы ӕртӕ ӕфсымӕры ӕмӕ ма 50 хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕр кӕд ахӕстоны уӕззау уавӕрты сты ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафынц, уӕддӕр Хуыцауыл сты иузӕрдион. Фидар ныфс нӕ ис, Йегъовӕ, йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыдонӕн сӕ «хъӕрзын» кӕй хъусы ӕмӕ сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн (Пс. 79:11).
-
2014 азы августы Украинӕйы ӕфсымӕр Виталий Шалайкомӕ военкомат ӕфсадмӕ фӕсидт, бӕстӕйы змӕстытӕ кӕй райдыдтой ӕмӕ ӕфсады фылдӕр адӕм кӕй хъуыди, уый тыххӕй. Уый сын загъта, йе ’фсарм ын уый бар кӕй нӕ дӕтты, фӕлӕ разы кӕй у альтернативон службӕ рацӕуыныл. Прокурор ӕфсымӕр Шалайкойы фӕаххосджын кодта, ахӕм рӕстӕг ӕфсадмӕ кӕй нӕ комы цӕуын, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕм фыццаг тӕрхондон дӕр ӕмӕ апелляцион тӕрхондӕттӕ дӕр ницы аххос ссардтой. Апелляцион тӕрхондон сразы, адӕймагӕн закъонмӕ гӕсгӕ цы бартӕ ис, уыдон суанг паддзахады ӕдасдзинады сӕраппонд дӕр ссӕндӕн кӕй нӕй ӕмӕ, адӕймаг йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуы, ууыл бӕстӕйы ӕдасдзинады фарста дӕр хъуамӕ ма ӕндава. Прокурор та ногӕй тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта. 2015 азы 23 июны Украинӕйы уӕлдӕр тӕрхондӕттӕй сӕ иу сразы иннӕ тӕрхондӕтты уынаффӕтимӕ. Ӕмӕ загъта, суанг змӕстыты рӕстӕг дӕр адӕймагӕн уый бар кӕй ис, ӕмӕ йӕ дины тыххӕй ӕфсады бӕсты альтернативон службӕ рацӕуа.
Хъуыддаг афтӕ хорз кӕй рауад, уый тыххӕй ӕфсымӕр Шалайко загъта: «Стыр ныфс мӕ бауагътой Йеремийы 1:19 стихы ныхӕстӕ. Цӕмӕфӕнды дӕр цӕттӕ уыдтӕн. Ӕппӕты сӕйрагдӕр мын уыд, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаин. Фидарӕй йӕ зонын, кӕй никуы мӕ ныууадздзӕн ӕмӕ мын хъару кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уон. Фӕлӕ хабар афтӕ кӕй рауайдзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Ӕртӕ хатты мын тӕрхон кодтой, ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр мӕ сӕрыл рахӕцыдысты. Ӕнкъардтон ӕй, ӕфсымӕртӕ мӕ фарсмӕ кӕй сты. Иу хатт дӕр афтӕ нӕ ахъуыды кодтон, ӕмӕ мын чи баххуыс кӕна, уый нӕй».
Сӕ дины тыххӕй гимн нӕ зарынц ӕмӕ тырысайӕн нӕ табу кӕнынц
Чырыстӕттӕ ма фӕлвӕрд фӕцӕуынц, гимн сын куы фӕзарын кӕнынц ӕмӕ сӕ тырысайӕн куы фӕтабу кӕнын кӕнынц, уӕд дӕр. Уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕн скъолайы фӕаразын кӕнынц ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ фӕхъӕуы равдисын, Йегъовӕйыл иузӕрдион сты ӕви нӕ.
-
Руандӕйы, Каронгийы районы, скъолайы ахуыргӕнджытӕ цалдӕр Ӕвдисӕны фӕаххосджын кодтой, гимн зарын кӕй нӕ куымдтой, уый тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, афтӕмӕй равдыстой, кад ын кӕй нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй сӕ скъолайӕ ратардтой ӕмӕ ма сӕ ахӕстоны дӕр фӕдардтой. 2014 азы 28 ноябры Каронгийы тӕрхондон сӕ сӕрыл рахӕцыд, зӕгъгӕ, гимн кӕй нӕ зарыдысты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын кад нӕ кӕнынц. Африкӕйы иннӕ бӕстӕты дӕр, зӕгъӕм, Камеруны, Демократон Республикӕ Конгойы, Экваториалон Гвинейы ӕмӕ Малавийы, ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ахӕм хъуыддӕгты архайын кӕй нӕ фӕкомынц, уый тыххӕй уыдоны дӕр скъолайӕ ратӕрынц. Уыцы бӕстӕты не ’фсымӕртӕ хицауадӕн дӕр ӕмӕ скъолайы кусджытӕн дӕр фембарын кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайынц, уый.
-
2013 азы декабры Лепаэрӕйы (Гондурас) иу скъолайы дыууӕ ахуырдзауы, Ӕвдисӕнтӕ, гимн зарын ӕмӕ тырысайӕн табу кӕнын кӕй нӕ куымдтой, уый тыххӕй сын дипломтӕ нӕ радтой. Уыцы хъуыддаг алыг кӕныны тыххӕй дыууӕ адвокаты, уыдон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты, фембӕлдысты Ахуырады министрады кусӕгимӕ ӕмӕ йын бамбарын кодтой, иннӕ бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи у, уыцы студенттӕй нӕ домынц, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты архайой. Уыцы кусӕг не ’фсымӕртӕм хорз цӕстӕй ракаст ӕмӕ бар радта, цӕмӕй уыцы дыууӕ чызджы сӕ ныййарджытимӕ Гондурасы Ахуырады министрады кусджытӕй иумӕ писмо ныффыстаиккой ӕмӕ йын хабар бамбарын кодтаиккой. Сӕ хъуыддаг сын куы равзӕрстой, уӕд 2014 азы 29 июлы уынаффӕ рахастой, зӕгъгӕ, ахуыр кӕныны «фадат ӕхсӕнады [алкӕмӕн дӕр] хъуамӕ уа, чифӕнды ма уа ӕмӕ цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уа, уӕддӕр», ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй уыцы дыууӕ Ӕвдисӕнӕн дипломтӕ раттой.
Хицауад сын сӕ бартӕ ссӕнды
Мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм, стӕй не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ ӕмбырд кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн кувӕм ӕмӕ Библи ӕдзухдӕр ахуыр кӕнӕм. Стӕй ма нын Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы закъон амонӕм ӕмӕ нӕхи тугӕй хизӕм, ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕххӕст кӕнӕм (Хъуыд. 15:20; Дык. з. 6:5–7). Ӕмӕ иуӕй-иу хатт хицауад нӕ ныхмӕ рацӕуы, раст нӕ кӕй нӕ бамбары, уый тыххӕй.
-
Штат Флоридӕйы (АИШ) тӕрхондоны ӕвзӕрст цыд, ӕртӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, фӕлӕ, чи ахицӕн, ахӕм лӕг ӕмӕ усы хъуыддаг. Фыд Ӕвдисӕн у, мад та нӕу. Ӕмӕ мадӕн бар радтой, цӕмӕй сывӕллӕттӕн дины тыххӕй уый дзура. Фыдӕн та загътой, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн йӕ дины кой ма кӕна, уымӕн ӕмӕ, дам, дӕ дин католикон ахуырӕдты ныхмӕ у. Фыд Апелляцион тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта, ӕмӕ 2014 азы 18 августы уыцы тӕрхондон фыццаг тӕрхондоны уынаффӕ растыл нӕ банымадта. Ахӕм фарстайы фӕдыл ма уый размӕ дӕр цы уынаффӕ ӕрцыд хаст, уымӕ гӕсгӕ тӕрхондон ахӕм уынаффӕ рахаста: «Сывӕллӕттӕ кӕимӕ нӕ цӕрынц, уыцы ныййарӕгӕн, йӕ сывӕллӕттӕн йӕ дины ахуырӕдтӕ амона, уый бар кӕй нӕ дӕттынц, уый раст нӕу, ӕмӕ уый фӕдыл иу ӕмӕ дыууӕ уынаффӕйы не ’рцыд хаст. Уыцы дин сывӕллонӕн зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй».
Тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый фӕрцы ныр сывӕллӕттӕн сӕ бон сӕрибарӕй у Йегъовӕйы зондамындмӕ хъусын ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Ӕртӕйӕ дӕр ӕмбырдтӕм цӕуынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны. Фыд дзуры: «Уыцы зын уавӕрты бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Ӕрӕджы мӕ уырнындзинад цалдӕр хатты фӕлвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ мын Йегъовӕ баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн! Зонын ӕй, адӕймаг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдайы, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ фӕлварӕнтыл ма ӕмбӕла».
-
Намибийы чи цӕры ӕмӕ ӕртӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм хо, Эфигенийӕ Сементе, фӕлварӕны бахауд. Ӕртыккаг сывӕллон ын куы гуырд, уӕд ын ӕй бахъуыд йӕ хуылфӕй исын, ӕмӕ дохтыртӕ загътой, туг бауадзын, дам, ын хъӕуы. Тӕрхондон бауадзой туг. Хо Сементе уӕддӕр не сразы ӕмӕ уый дӕр тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕхицӕн бар радтаиккой хос кӕныны мадзал равзарынӕн. 2015 азы 24 июны Намибийы Сӕйраг тӕрхондон хо Сементейы хъуыддаг равзӕрста ӕмӕ йӕ сӕрыл рахӕцыд, зӕгъгӕ, «адӕймагӕн уый бар ис, ӕмӕ йӕ буарӕн цы кӕна ӕмӕ цы ма кӕна, уый йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна, ныййарӕг у ӕви нӕ, уӕддӕр». Хо Сементе загъта: «Йегъовӕ немӕ кӕй ис, уый ныр куыд ӕнкъарӕм, афтӕ никуыма. Ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ дын хотӕ уа, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа. Йегъовӕ ныл ӕцӕгдӕр тыхсы».
дохтыртӕн ӕмӕ йе ’нӕуырнӕг бинонтӕн бар радта, цӕмӕй йын тыхӕй -
Швейцарийы стыр горӕтты Ӕвдисӕнтӕ ӕхсызгонӕй хъусын кӕнынц, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Фӕлӕ горӕт Женевӕйы хицауад рахаста уынаффӕ, зӕгъгӕ, бирӕ адӕм кӕм ис, уыцы рӕтты нӕй ӕвӕрӕн стендтӕ цавӕрдӕр дины литературӕимӕ. Ӕвдисӕнтӕ тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтой ӕмӕ бамбарын кодтой, стендимӕ хъусын кӕнын сӕ кӕй нӕ уадзынц, уымӕй сын «сӕ бартӕ кӕй ссӕндынц, уымӕн ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр ис уый бар, цӕмӕй цавӕрфӕнды диныл дӕр хӕст уа ӕмӕ йӕ хъуыды сӕрибарӕй дзура». Тӕрхондон сӕ ныхасыл сразы. Ӕвдисӕнтӕ хицауадимӕ баныхас кодтой, стенд кӕм ӕмӕ кӕд ӕвӕрдзысты, ууыл.
-
Бӕстӕйы ӕдасдзинады министрад ӕдзухдӕр Ӕвдисӕнтӕм допросмӕ фӕдзуры. Стӕй ма сын сӕ хӕдзӕрттӕм бацӕуынц, бӕстӕмӕ ласын кӕй нӕ уадзынц, ахӕм литературӕ агурӕг. 2015 азы февралы дыууӕ хойы, Иринӕ Захарченко ӕмӕ Валидӕ Джабраиловайы, ӕрцахстой, адӕмимӕ Библийыл кӕй ныхас кодтой, уый тыххӕй. Иннӕ бӕстӕтӕ уымӕ тынг ӕвзӕр цӕстӕй ракастысты. Азербайджаны цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ ахӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый нын хъыг у, фӕлӕ уӕддӕр цин кӕнӕм, дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ хъӕбатырӕй «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» кӕй хъусын кӕнынц, ууыл (Матф. 24:14).
Азербайджаны хицауад ноджы тынгдӕр архайын райдыдта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар мауал уа. -
Уӕрӕсейы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ карзӕй цӕуы ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг ӕрлӕууын кӕныныл архайы. Абоны бонмӕ хицауад нӕ публикацитӕй 80 банымадта «экстремистон» публикацитыл. Уымӕ гӕсгӕ, адӕймаг уыцы публикацитӕй кӕцыфӕнды дӕр искӕмӕн куы дӕтта кӕнӕ йӕ йӕхимӕ куы дара, уӕд закъон халы. Стӕй ма 2014 азы декабры Уӕрӕсейы Сӕйраг тӕрхондон нӕ сайт «экстремистон» сайтыл банымадта. Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы интернет-провайдертӕ нӕ сайтмӕ бацӕуыны фадат нал дӕттынц. Иннӕтӕн нӕ сайты кой кӕнын ныр закъоны ныхмӕ у. 2015 азы мартъийӕ фӕстӕмӕ нын таможнӕйы кусджытӕ нӕ литературӕ бӕстӕмӕ ласынӕн бар нӕ дӕттынц, суанг Библи ӕмӕ, Уӕрӕсейы тӕрхондӕттӕ уымӕй размӕ кӕй раиртӕстой ӕмӕ «экстремистон» публикацитыл кӕй нӕ банымадтой, уыдон дӕр.
Горӕт Таганрогы хицауад 16 хъусынгӕнӕджы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, ӕмбырдтӕ кӕй уадзынц ӕмӕ сӕм кӕй цӕуынц, уымӕй закъон халынц. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг ныр дӕр ма ӕвзӕрст цӕуы. Горӕт Самарӕйы та хицауадӕн тӕрхондон бар радта, цӕмӕй нӕ сӕхгӕной, «экстремистон» организацийыл нӕ кӕй нымайынц, уый тыххӕй. Кӕд Уӕрӕсейы хицауад нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр сӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй, «Хуыцауы цы у, уый... Хуыцауӕн» дӕттой (Матф. 22:21).