Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕфсымӕр Расселлы ӕмбӕлтты ’хсӕн уыдысты зынгзӕрдӕ пилигримтӕ дӕр

Сӕдӕ азы размӕ: 1916 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1916 аз

СТЫР хӕст, фӕстӕдӕр Фыццаг дунеон хӕст кӕй схуыдтой, уый, куы райдыдта, уӕдӕй рацыд афӕдзӕй фылдӕр. Дуне адӕм дзы цагъды кодта.

1916 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Европӕйы хӕст уымӕ ӕркодта, ӕмӕ бирӕтӕ се ’ргом динмӕ раздӕхтой ӕмӕ сӕ фидӕныл хъуыды кӕнын райдыдтой». Уыцы статьяйы ма фыст уыди: «Цӕй уӕдӕ нӕ лӕггадӕн ӕмӕ нын цы фадӕттӕ ис, уыдонӕн аргъ кӕнӕм, цӕмӕй тӕппуд ма уӕм ӕмӕ Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм».

1916 азы стихӕн ӕвзӕрст ӕрцыд Ромӕгтӕм 4:20 стих, ӕмӕ ӕфсымӕрты разӕнгард кодта, цӕмӕй «фидар уыдаиккой уырнындзинады» («Ног Фӕдзӕхст», 1994). Библииртасджытӕй бирӕтӕ ууыл кӕй архайдтой, уый фӕрцы сӕ Йегъовӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.

Пилигримтӕ ӕмбырдтӕ фидар кӕнынц

Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады номӕй чи архайдта, уыцы лӕггадгӕнджытӕ (уӕд сӕ хуыдтой пилигримтӕ) иу горӕтӕй иннӕмӕ цыдысты ӕмӕ-иу Библииртасджыты фидар кодтой ӕмӕ-иу сын разамынд лӕвӕрдтой. 1916 азы ӕппынкъаддӕр 69 пилигримы уыцы куыст кӕнгӕйӕ фӕцыдысты 800 000 километрӕй фылдӕр.

Пилигримтӕй иуӕн, Уолтер Торнӕн, Норфолкы (Вирджини) конгрессы цы раныхас уыд, уым чырыстӕтты тох абарста Стыр хӕстимӕ. Уый загъта: «Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ныр хӕсты хӕцы 20–30 милуан нӕлгоймаджы... Фӕлӕ ма ис, дуне кӕй нӕ зоны, ахӕм ӕфсӕддонтӕ дӕр. Уыдон сты Чырыстийы ӕфсӕддонтӕ, ӕмӕ уыдон дӕр Гедеоны ӕфсадау тох кӕнынц, фӕлӕ ӕнӕуи хӕцӕнгарзӕй нӕ хӕцынц. Уыдон хъӕбатырӕй тох кӕнынц ӕцӕгдзинад, рӕстдзинад ӕмӕ уырнындзинады сӕрыл».

Хӕсты рӕстӕг дӕр хъусын кӕнынц

1916 азы дыккаг ӕмбисы Францийы Соммӕйы цӕугӕдоны раз цы тох уыд, уым уӕззау цӕфтӕ фесты кӕнӕ та фӕмард иу милуан адӕймагӕй фылдӕр. Уыцы рӕстӕг ӕфсымӕртӕ та Францийы алы рӕтты удуӕлдайӕ ӕххуыс кодтой къордтӕн, кӕнӕ ӕмбырдтӕн, кӕд ахӕм уавӕрты уый ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр. 1916 азы 15 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ныммыхуыр кодтой Жозеф Лефевры писмо. Жозеф Лефевр уыди Библииртасӕг ӕмӕ йӕ 1914 азы йӕ райгуырӕн горӕт Дененӕй (Франци) алидзын бахъуыд, уымӕн ӕмӕ немыцаг ӕфсӕддонтӕ уыцы горӕтмӕ бабырстой. Уый ацыд хуссарырдӕм, Парижмӕ, ӕмӕ уым райдыдта, цы Библииртасджыты иунӕг къорд дзы уыд, уырдӕм цӕуын. Кӕд йе ’нӕниздзинад бынтон хорз нӕ уыд, уӕддӕр уыцы къорды райдыдта ӕппӕт фембӕлдтӕ дӕр уадзын.

Фӕстӕдӕр Жозефимӕ иумӕ лӕггад кӕнын райдыдта Теофиль Леким, уый дӕр Дененӕй алыгъди. Фыццаг уал ӕфсымӕр Леким алыгъд Ошелмӕ (Франци) ӕмӕ уым райдыдта тӕлмац кӕнын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статьятӕ ӕмӕ-иу сӕ почтӕйӕ арвыста, ӕфсӕддонтӕ Францийы кӕй нӕма бацахстой, уыцы районты цӕрӕг ӕфсымӕртӕм. Фӕлӕ йыл ӕфсӕддон хицауад гуырысхо кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕ Ошелӕй арвыстой. Ӕмӕ уӕд ӕфсымӕр Леким Парижмӕ ӕрцыд. Ӕфсымӕр Лефевр бамбӕрста, Йегъовӕ йын афтӕмӕй йӕ куывд кӕй фехъуыста.

Ӕфсымӕртӕ Парижы цы куыст кодтой, уымӕн Йегъовӕ арфӕ кодта. Ӕфсымӕр Лефевр ныффыста: «Нӕ къордмӕ цӕуы 45 адӕймаджы бӕрц. Бирӕтӕм сӕ ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ уырнындзинады хъуыддаджы размӕ цӕуынц. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр алы къуыри дӕр ӕрбацӕуынц, уацамынды кӕуыл цы цау ӕрцыд, ууыл кӕм фӕныхас кӕнӕм, уыцы фембӕлдмӕ».

Хӕстмӕ цӕуыныл не сразы сты

Хӕст цыди, ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕты бахъуыд аскъуыддзаг кӕнын, хӕстмӕ ацӕуыныл сразы уыдзысты ӕви нӕ. Великобританийы цы закъон уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ цӕуын кодтой, 18 азӕй 40 азы онг кӕуыл цыд, уыцы нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр. Фӕлӕ Библииртасджытӕй бирӕтӕ фидар фӕлӕууыдысты ӕмӕ хӕстмӕ цӕуыныл не сразы сты.

Зӕгъӕм, 1916 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ныммыхуыр кодтой, Шотландийӕ чи уыд, иу ахӕм ӕфсымӕры, У. Уордены, писмо. Фыст дзы уыд: «Мӕ фырттӕй иуыл сӕххӕст 19 азы. Ӕфсадмӕ цӕуыныл кӕй нӕ разы кӕны, уымӕ гӕсгӕ сын йӕ бон вӕййы нӕ Хицау Чырыстийы тыххӕй радзурын. Ӕмӕ йӕ кӕд уый тыххӕй маргӕ дӕр акӕной, уӕддӕр ӕй фидарӕй зонын, Йегъовӕ йӕ йӕ хорзӕхӕй кӕй схайджын кӕндзӕн ӕмӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕцӕгдзинады ӕмӕ рӕстдзинады уагӕвӕрдтыл фидар хӕца».

Эдинбургӕй (Шотланди) иу ӕрыгон чиныгхӕссӕгӕн, Джеймс Фредерик Скоттӕн, тӕрхон кодтой, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ алцыдӕр бӕстон куы сбӕрӕг кодтой, уӕд ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ, закъон бар цӕмӕн дӕтты, уый ныхмӕ ницы аразы, ӕмӕ йӕ ӕнаххосыл банымадтой.

Ӕфсымӕртӕ хицауадмӕ курдиат балӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ ӕфсадмӕ цӕуынӕй ссӕрибар кӕной. Фӕлӕ сӕ бирӕтӕн сӕ курдиат нӕ сӕххӕст кодтой. 1916 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» куыд фыст уыд, афтӕмӕй сентябрмӕ ахӕм курдиат балӕвӕрдтой 264 ӕфсымӕры. 23 дзы ӕфсадмӕ арвыстой, хӕстмӕ бар чи нӕ дардта, ахӕм куыстытӕ кӕнынмӕ. Иннӕтӕн та уӕззау куыст кӕнын кодтой, зӕгъӕм, фӕндӕгтӕ сын аразын кодтой ӕмӕ сӕ ӕрзӕткъахӕнты кусын кодтой. Уыцы ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ алыхуызон ӕфхӕрд баййӕфтой. Ӕфсадмӕ цӕуынӕй ссӕрибар кодтой ӕрмӕстдӕр фондз ӕфсымӕры.

Чарлз Расселл амард

1916 азы 16 октябры Чарлз Тейз Расселл, Библииртасджыты хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕр, Иугонд Штатты ныгуылӕн хаймӕ ацыд, цӕмӕй уым ӕмбырдты раныхӕстӕ дзырдтаид. Ӕфсымӕр Расселл хӕдзармӕ нал ӕрыздӕхт. 31 октябры дыццӕджы горӕт Пампӕйы (штат Техас) поездыл куы цыд, уӕд амард. Цыди йыл 64 азы.

Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ ӕфсымӕр Расселлы бӕсты разамынд дӕттын йӕ бон никӕмӕн бауыдзӕн. 1916 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди, ӕфсымӕр Расселл, бирӕ азты дӕргъы разамынд цы куыстӕн лӕвӕрдта, уый фӕдыл цы бафӕдзӕхста, уый. Фӕлӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кӕнын хъуыди, Расселлы бӕсты разамонӕг чи уыдзӕн, уый.

Уыцы фарстайыл хъуамӕ аныхас кодтаиккой 1917 азы райдианы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) ӕрвылазон фембӕлды. Уыцы фембӕлды иууылдӕр схъӕлӕс кодтой, ӕмӕ, цы уынаффӕ хаст ӕрцыд, ууыл се ’ппӕт дӕр сразы сты. Фӕлӕ кӕд иу зондыл хӕст уыдысты, уӕддӕр уый бирӕ нӕ ахаста. Ӕфсымӕртӕм разӕй бирӕ фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст.