ГУЫРДЗЫСТОН | 1924–1990
Библи гуырдзиаг ӕвзагыл
ГУЫРДЗИАГ ӕвзаг у, Библи фыццаг цы ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кодтой, уыдонӕй иу. Уыцы ӕвзӕгтӕм ма хауынц коптаг, латинаг, сириаг, сомихаг ӕмӕ ӕндӕртӕ. Евангелитӕ, Павелы фыстӕджытӕ ӕмӕ Псаломты рагон къухфыстытӕ гуырдзиаг ӕвзагыл фыст ӕрцыдысты нӕ эрӕйы фӕндзӕм ӕнусы ӕмбисы кӕнӕ та раздӕр ӕнусты. Фӕстӕдӕр ӕнусты Библи гуырдзиаг ӕвзагмӕ ноджы фылдӕр райдыдтой тӕлмац кӕнын ӕмӕ дзы къопитӕ кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй фӕзынд цалдӕр тӕлмацы *.
Библи тынг фӕзынд гуырдзиӕгты литературӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттыл. Зӕгъӕм, ус-паддзах Шушаникыл цы ӕнамонд хабар ӕрцыд, уый ныффыстой, ӕвӕццӕгӕн, фӕндзӕм ӕнусы кӕрон, ӕмӕ дзы ис скъуыддзӕгтӕ Библийы алы хӕйттӕй. Йӕ зындгонд поэмӕ «Вепхис тхъаосани» («Стайы цармдарӕг») Шота Руставели ныффыста 1220 азмӕ ’ввахс, ӕмӕ дзы ис чырыстон уаг ӕмӕ ӕгъдӕутты кой. Шота Руставели фыста хӕлардзинады ӕмӕ рӕдаудзинады тыххӕй, стӕй ӕрцӕуӕггӕгтӕм удуӕлдай уарзондзинад ӕвдисын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Уыцы миниуджытӕн абон дӕр гуырдзиаг адӕм стыр аргъ кӕнынц.
^ 3 абз. Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс брошюрӕ «Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй нал кӕсдзысты. Кӕд?» (bp135), статья «Ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст чи уыд, уыцы хӕзна».