ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ
Америкӕ
-
БӔСТӔТӔ 57
-
ЦӔРДЖЫТӔ 998 254 087
-
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 4 154 608
-
БИБЛИЙЫ АХУЫРТӔ 4 353 152
«Демӕ йӕ сахуыр кӕндзынӕн»
Мексикӕйы цӕрӕг нӕлгоймаг, Исмаэль, сфӕнд кодта Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын. Иу азмӕ йӕ дыууӕ хатты бакаст, фӕлӕ фӕстӕдӕр бакуырм. Цалдӕр азы фӕстӕ иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Анхель, зӕгъгӕ, Исмаэлыл фембӕлд ӕмӕ йын радзырдта, Хуыцау зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй ӕвӕры, уыдоны тыххӕй. Исмаэлы бафӕндыд фылдӕр базонын, фӕлӕ загъта: «Цӕстӕй нӕ уынын, мӕ бон нӕу Библи кӕсын».
Анхель ын загъта: «Ма тыхс, ӕз дӕ Брайлы шрифтыл кӕсын сахуыр кӕндзынӕн».
– Ӕмӕ Брайлы шрифт зоныс? – бафарста йӕ Исмаэль.
– Нӕ зонын, фӕлӕ йӕ демӕ сахуыр кӕндзынӕн,– загъта йын Анхель. Исмаэлы нӕ уырныдта, Анхель ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй бакӕндзӕн, уый. Фӕлӕ Анхель хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд бацагуырдта ӕрмӕг, Брайлы шрифтыл кӕсын куыд хъӕуы, уый фӕдыл ӕмӕ картон гӕххӕттыл Брайлы шрифтыл дамгъӕтӕ скодта. Уый фӕстӕ райдыдта Исмаэлы Брайлы шрифтыл кӕсын ахуыр кӕнын. Исмаэль цыбыр рӕстӕгмӕ алфавит сахуыр кодта, райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ нӕ публикацитӕ Брайлы шрифтыл кӕсын. Ныр Анхель Библи ахуыр кӕны, цӕстӕй чи нӕ уыны, цыппар ахӕм адӕймагимӕ. Уыдон уарзынц фидӕны дзӕнӕтыл ныхас кӕнын – ногӕй та цӕстӕй куы ракӕсой, уыцы рӕстӕгыл.
Нал ӕй базыдта
Виенейыл цӕуы 14 азы, цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Виене ныффыста: «Иухатт нын нӕ социологийы ахуыргӕнӕджы бӕсты уыди ӕндӕр ахуыргӕнӕг ӕмӕ урочы динтыл ныхас кӕнын райдыдта. Куы нын загъта, цӕмӕй дзы искӕцытӕ ранымадтаиккам, уӕд ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй загътон. Мӕ къласӕгтӕ мыл фӕхудтысты ӕмӕ загътой, сӕ рӕстӕг сын кӕй байсӕм, ӕндӕр хорзӕй кӕй ницы аразӕм, ӕмӕ нын нӕ литературӕ кӕй аппарынц. Суанг ма ахуыргӕнӕг дӕр нӕ ныхмӕ дзырдта.
Ӕз Йегъовӕмӕ скуывтон, цӕмӕй мӕ дины сӕрыл мӕ бон исты зӕгъын суыдаид. Загътон сын, хӕдзармӕ сӕм уый тыххӕй кӕй не ’рбацӕуӕм, ӕмӕ-иу сын сӕ рӕстӕг байсӕм, фӕлӕ нын Йегъовӕ кӕй бахӕс кодта, цӕмӕй сын, Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдоны тыххӕй дзурӕм. Стӕй сын загътон, цӕмӕй-иу нын нӕ публикацитӕ ма аппарой, уымӕн ӕмӕ сын уыдон, гӕнӕн ис, сӕ цард аивой ӕмӕ сӕ аирвӕзын кӕной. Ахуыргӕнӕг мӕ хатыр ракуырдта ӕмӕ загъта, иннӕ хатт Ӕвдисӕнтӕм кӕй байхъусдзӕн ӕмӕ нын нӕ литературӕ кӕй бакӕсдзӕн. Фӕлӕ йын ӕз йӕ ныхӕстыл нӕ баууӕндыдтӕн.
Цыппар мӕйы фӕстӕ йӕ федтон ӕмӕ, Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдта, уый куы базыдтон, уӕд тынг бадис кодтон. Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ мӕ скъолайы ссардта, цӕмӕй мын бузныг загътаид, хорз хабар ын кӕй радзырдтон, уый тыххӕй. Зонгӕ дӕр ӕй нал бакодтон, афтӕ фӕивта – йӕ сӕрыхъуынтӕ алвыдта ӕмӕ йӕ боцъо ныддаста. Ныр у ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг».
Хорз хабар хъусын кӕнынц Амазонийы
Фарон Бразилийы Йегъовӕйы адӕм се ’ргом аздӕхтой Амазонимӕ. Уым бирӕтӕ хорз хабар никуыма фехъуыстой. Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет ахӕм уынаффӕ рахаста, цӕмӕй Амазонийы зиу скодтаиккой. Зиу хъуамӕ ахастаид иу аз, ӕмӕ, Амазонийы иуӕй-иу дард къуымты чи цӕры, уыцы мингай адӕм дӕр хорз хабар фехъуыстаиккой.
Амазонийы бирӕ цӕугӕдӕтты былгӕрӕтты цы горӕттӕ ис, уыдонӕй филиал равзӕрста 53 горӕты, цӕмӕй-иу хъусынгӕнджытӕ уым ӕрлӕууыдаиккой. Ӕрмӕст цыппар мӕймӕ уырдӕм ӕрцыд 6 500 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.
Дард горӕт Анаманы хъусынгӕнджытӕ нӕ уыди, ӕмӕ уырдӕм 11 бонмӕ ӕрцыди 10 хо ӕмӕ ’фсымӕры. Уыдон апарахат кодтой 12 500 публикацийӕ фылдӕр ӕмӕ райдыдтой иу-200 Библийы ахуыры. Ныр семӕ ахуыр кӕнынц телефонӕй. Ӕфсымӕртӕ уым куы уыдысты, уӕд дзы ӕмбырдтӕ дӕр уагътой. Ӕмӕ куыд тынг цин кодтой, куы цыдысты, уый размӕ сын цы ӕмбырд уыд, уырдӕм 90 адӕймаджы куы ӕрбацыд, уӕд! Уыцы зиуы фӕрцы ӕфсымӕртӕн цас бантыст, уый базоныны тыххӕй нырма хъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын.
Нӕ сайты тыххӕй дзурӕм
Хеисель ӕмӕ Марианӕ цӕрынц Венесуэлӕйы ӕмӕ фӕстаг ӕхсӕз азы дӕргъы ахуыр кӕнынц иу къласы. Хеисель Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы Марианӕ ӕдзух хынджылӕг кодта. Марианӕмӕ афтӕ каст, ӕмӕ Хеисель йӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитын нӕ зоны. Иу бон та дзы куы хынджылӕг кодта, уӕд ын Хеисель загъта: «Марианӕ, нӕ сайтмӕ-ма бацу. Бакӕн дзы „Видеотӕ“, стӕй, „Ӕрыгӕттӕ“ фыст кӕм ис, уырдӕм бацу».
Фӕссихор Марианӕ Хеисельмӕ телефонӕй фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ныр ӕй зонын, афтӕ цӕмӕн кӕныс, уый».
Хеисель нӕ бамбӕрста, цы зӕгъынмӕ йын хъавыд уый, ӕмӕ йӕ бафарста: «Хынджылӕг та мӕ кӕныс?»
Марианӕ загъта: «Нӕ, никуыуал дӕ хынджылӕг кӕндзынӕн. Бузныг дын, ныр мӕм бахъардта, „хъӕлдзӕг цард“ кӕй кодтон, бӕллӕхты дӕр-иу уый тыххӕй кӕй бахаудтӕн». Ныр Марианӕ Библи ахуыр кӕны ӕмӕ алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуы.
Фарстатӕ сауджынмӕ
Жероль, Гаитийы цӕрӕг сылгоймаг, куыста секретарӕй аргъуаны. Ӕвдисӕнтӕ йын йӕ алы фарстайӕн дӕр
дзуапп Библийы кӕй ӕвдыстой, уый йӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ йӕ чызгимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Цы базыдтой, уый сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ загътой, цӕмӕй семӕ къуыри дыууӕ хатты ахуыр кодтаиккой.Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ Жероль сӕ аргъуаны сауджынмӕ бацыд ӕмӕ йӕм цыппар фарстайы радта: «Йесо Паддзах кӕцы аз сси? Хорз адӕм куы амӕлынц, уӕд цы фӕвӕййынц? Ӕвзӕр адӕм куы амӕлынц, уӕд цы фӕвӕййынц? Йесойы крестыл байтыгътой ӕви хъӕдыл?» Сауджын загъта, йӕ бон кӕй у ӕрмӕст дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг фарстайӕн дзуапп раттын. «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзӕн 144 000 адӕймаджы,– загъта сауджын.– Фӕлӕ ӕз та зӕгъын, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр ацӕудзысты уӕлӕрвтӕм. Фыдгӕнджытӕ та ӕнустӕм зындоны судздзысты». Жероль ын куы загъта, цӕмӕй йын уыдӕттӕ Библийы равдиса, уӕд ын йӕ бон иу стих равдисын дӕр не сси. Жероль фӕфыдӕнхъӕл, фӕлӕ фидарӕй аскъуыддзаг кодта, дарддӕр дӕр Библи кӕй ахуыр кӕндзӕн. Жероль йӕ аргъуанӕй ацыд. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уырдӕм 30 азӕй фылдӕр фӕцыд, фӕлӕ Библийӕ ӕртӕ мӕймӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕрцы цас цыдӕртӕ базыдта, уыйбӕрц уым уал азмӕ нӕ базыдта. Жероль ӕмӕ йӕ чызг ӕрӕджы донаргъуыд райстой, ӕмӕ сын ис 23 Библийы ахуыры.