Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ крестӕн цӕуылнӕ табу кӕнынц?
Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ крест у чырыстон дины сӕйрагдӕр бӕрӕггӕнӕн. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр чырыстӕттӕ сты, уӕддӕр крестӕн нӕ табу кӕнынц. Цӕуылнӕ?
Иу уый, ӕмӕ, Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Чырысти крестыл нӕ амард, фӕлӕ цӕджындзыл. Уымӕй уӕлдай ма Библи чырыстӕтты фӕдзӕхсы, цӕмӕй «мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй дард лидзой», ӕмӕ уый хауы крестӕн табу кӕнынмӕ дӕр (1 Коринфӕгтӕм 10:14; 1 Иоанны 5:21).
Ахсджиаг-ма у, Чырысти цы загъта, уый дӕр: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:34, 35). Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, ӕцӕг чырыстӕтты базонӕн кӕй уыдзӕн, крестӕн кӕнӕ ӕндӕр цӕмӕндӕр кӕй табу кӕнынц, уымӕй нӕ, фӕлӕ сӕ кӕрӕдзийы удуӕлдайӕ кӕй уарзынц, уымӕй.